2 Kings 2
1Ӕрӕввахс ис, Дунедарӕг Илийайы уаддымгӕйы мидӕг уӕларвмӕ куы систа, уыцы бон. Ӕмӕ иуахӕмы Илийа рацыди Гилгалӕй, Елисей дӕр йемӕ. 2Илийа йын загъта: «Ды ам лӕуу! Мӕн Дунедарӕг Вефилмӕ ӕрвиты». Фӕлӕ йын Елисей расомы кодта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй, нӕ дӕ ныууадздзынӕн!» Ӕмӕ иумӕ араст сты Вефилмӕ. 3Елисейы размӕ Вефилы пехуымпартӕ рацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Абон дын Дунедарӕг дӕ ахуыргӕнӕджы Йӕхимӕ кӕй айсдзӕн, уый зоныс ӕви нӕ?» Уый сын загъта: «Зонын ӕй, ныхъхъус ут!» 4Илийа йын загъта: «Ды ам лӕуу! Дунедарӕг мӕн Йерихонмӕ ӕрвиты». Фӕлӕ та йын Елисей расомы кодта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй, нӕ дӕ ныууадздзынӕн!» Ӕмӕ иумӕ бацыдысты Йерихонмӕ. 5Елисейы размӕ рауадысты сахары пехуымпартӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Абон дын Дунедарӕг дӕ ахуыргӕнӕджы Йӕхимӕ кӕй айсдзӕн, уый зоныс ӕви нӕ?» Уый сын загъта: «Зонын ӕй, ныхъхъус ут!» 6Илийа йын загъта: «Ды ам лӕуу! Дунедарӕг мӕн Иорданмӕ ӕрвиты». Фӕлӕ та йын Елисей расомы кодта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй, ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн!» Ӕмӕ иумӕ ацыдысты. 7Сӕ фӕдыл цыди дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз пехуымпары ӕмӕ адонӕй дӕрддзӕф ран ӕрлӕууыдысты Иорданы былгӕрон. 8Илийа йӕ пӕлӕз раласта, стыхта йӕ, дон дзы ӕрцавта, ӕмӕ дон ӕмдзӕхгӕр дыууӕ сисау фӕйнӕрдӕм куы алӕууыд, уӕд Елисеимӕ, сур зӕххыл цӕуӕгау, фаллаг фарсмӕ бахызтысты. 9Цӕугӕдоны фаллаг фарс Илийа загъта Елисейӕн: «Исты мӕ ракур, цалынмӕ мӕ Дунедарӕг дӕ цурӕй нӕма айста, уӕдмӕ». Елисей йын загъта: «Цы уд дӕм ис, уымӕй мын дыууӕ ахӕмы ратт!» 10Уый йын загъта: «Зын саразӕн у, цы мӕ курыс, уый. Дунедарӕг мӕ дӕ цурӕй куыд айсдзӕн, уый куы фенай, уӕд хорз, науӕд дзы ницы рауайдзӕн». 11Фӕндагыл ныхасгӕнгӕ куыд фӕцӕйцыдысты, афтӕ фӕзынди пиллонкалгӕ уӕрдон артуадзгӕ бӕхтимӕ, сӕ дыууӕйы’хсӕн фестадысты, ӕмӕ Илийа тымыгъы мидӕг уӕларвмӕ ацыд. 12Елисей йӕм, йӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ, ныхъхъӕр кодта: «Мӕ фыд, мӕ фыд! Ды дӕ Израилы уӕрдон ӕмӕ йӕ бӕхтӕрӕг». Илийайы куынӕуал уыдта, уӕд йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ йӕ арӕдывта фӕйнӕрдӕм. 13Илийайӕ цы пӕлӕз ӕрхауди, уый систа, ӕмӕ фӕстӕмӕ Иорданы былмӕ ӕрбаздӕхт. 14Уым уый дӕр, Илийайы хуызӕн, пӕлӕзӕй дон ӕрцавта ӕмӕ загъта: «Кӕм ис Дунедарӕг, Илийайы Хуыцау?» Дон та ӕмдзӕхгӕр дыууӕ сисау фӕйнӕрдӕм алӕууыд, ӕмӕ Елисей сурыл доны иннӕ фарсмӕ бахызти. 15Йерихоны пехуымпартӕ уый куы федтой, уӕд загътой: «Илийайы монӕй схайджын ис Елисей». Йӕ размӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын зӕххы онг ӕркуывтой. 16Загътой йын: «Дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз хъаруджын лӕджы ис дӕ цагъарты’хсӕн. Бар ратт, ӕмӕ дын дӕ ахуыргӕнӕджы агурӕг ацӕуой. Кӕд ӕй, мыййаг, Дунедарӕджы Уд ахаста ӕмӕ йӕ искӕцы хохыл кӕнӕ исты тӕрфы ныппӕрста». Уый сын загъта: «Ма сӕ арвитут». 17Фӕлӕ йын уыдон бирӕ фӕлӕгъстӕ кодтой, ӕмӕ сӕ куы бафӕллад, уӕд сын бар радта: «Арвитут сӕ». Дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз лӕджы Илийайы фӕцагуырдтой ӕртӕ боны, фӕлӕ йӕ не ссардтой. 18Фӕстӕмӕ Елисеймӕ, Йерихоны сахармӕ, куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд сын уый загъта: «Нӕ уын дзырдтон, ма ацӕут, зӕгъгӕ?» 19Сахары цӕрджытӕ Елисейӕн загътой: «Нӕ сахар дзӕбӕх ран лӕууы, уый дӕхӕдӕг дӕр уыныс, не’лдар, фӕлӕ йӕ дон нӕ бӕззы, ӕмӕ адӕм ӕмӕ фосӕн цот нал цӕуы». 20Уый сын загъта: «Ӕриут-ма мын ног къус, цӕххӕй йӕ байдзаг кӕнут, афтӕмӕй!» Радтой йын, 21ӕмӕ Елисей донгуырӕнмӕ ссыд, цӕхх доны ныккалдта ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Ацы дон сӕнӕниз кодтон, ӕмӕ уый аххосӕй уӕ зӕххыл нал мӕлгӕ кӕндзысты, налдӕр ӕнӕзӕнӕг уыдзысты“». 22Ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ дон сӕнӕниз ис Елисейы ныхасӕй. 23Йерихонӕй Елисей араст ис Вефилмӕ. Сахармӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕмӕй уырдыгӕй рацыди сабиты къорд ӕмӕ йыл худтысты, фидистӕ йын кодтой: «Рацу нӕм, цӕгӕрсӕр! Рацу нӕм, цӕгӕрсӕр!» 24Уый сӕм бакаст ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы номӕй ралгъыста. Уыйадыл хъӕдӕй рацыди дыууӕ сыл арсы ӕмӕ сын сӕ къордӕй дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз сабийы аргӕвстой. 25Ардыгӕй Елисей бацыди Кармелы хохмӕ, стӕй уырдыгӕй Самаримӕ ӕрбаздӕхт.
Copyright information for
OssIBT2022