‏ 2 Kings 20

1Уыцы бонты Езекиа фӕци мӕлӕтдзаг рынчын. Ӕрбацыди йӕм пехуымпар Исайа, Амоцы фырт, ӕмӕ йын загъта: «Дунедарӕг дын фӕдзӕхсы, дӕ хӕдзаронтӕн, дам, ныууадз ныстуан, уымӕн ӕмӕ дӕ мӕлӕтдзаг низӕй нал сдзӕбӕх уыдзынӕ». 2Езекиа къулы’рдӕм базылдта йе’ргом ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта: 3«О Дунедарӕг! Рох Дӕ ма уӕд, иузӕрдион Дыл кӕй уыдтӕн, уый. Зӕрдиагӕй Дӕм куы хъуыстон, ӕдзух Дын Дӕ фӕндон куы ӕххӕст кодтон». Ӕмӕ Езекиа судзаг цӕссыг ӕруагъта.

4 5Исайа ма сахары уыд, афтӕ йӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, Езекиамӕ бацу ӕмӕ йын Мӕ номӕй, Давиды Хуыцауы номӕй, зӕгъ: «Дӕ куывд дын фехъуыстон, федтон дын дӕ цӕстысыг дӕр ӕмӕ дӕ Ӕз сдзӕбӕх кӕндзынӕн. Абонӕй ранымайгӕйӕ ӕртыккаг бон бацӕудзынӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ. 6Дӕттын ма дын фынддӕс азы цӕрӕнбон. Ассирийы паддзахы фыдӕхӕй фервӕзын кӕндзынӕн дӕу дӕр ӕмӕ ацы сахар дӕр. Мӕхи ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды сӕраппонд бахъахъхъӕндзынӕн Йерусалим».

7Исайа загъта: «Ӕрбахӕссӕнт легъуийы хус цъар, йӕ хӕфдзастыл ын ӕй ӕрӕвӕрӕнт, ӕмӕ уӕд сдзӕбӕх уыдзӕн». 8Фӕлӕ Езекиа Исайайы бафарста: «Цӕмӕй базондзынӕн, сдзӕбӕх уыдзынӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацӕуын мӕ бон суыдзӕн, уый?»

9Исайа йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дын Дунедарӕджы нысан — Дунедарӕг Йӕ зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн: зӕгъ-ма, аууон дӕс къӕпхӕны бӕрц дӕлӕмӕ ӕрцӕудзӕн кӕнӕ дӕс къӕпхӕны бӕрц уӕлӕмӕ?». 10Езекиа загъта: «Аууон дӕс къӕпхӕны йас дӕлӕмӕ ӕрцӕуа, уым диссагӕй ницы ис, фӕлӕ дӕс къӕпхӕны уӕлдӕр не ссӕудзӕн?»

11Пехуымпар Исайа Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ Ахазы конд асиныл дӕс къӕпхӕны бӕрц цы аууон ӕрцыд, уый сыл Дунедарӕг фӕстӕмӕ ссӕуын кодта.

12Уыцы заман Баладаны фырт Меродах-Баладан, Вавилоны паддзах, фехъуыста Езекиайы рынчыны хабар, ӕмӕ йын ӕрбарвыста фыстӕг ӕмӕ лӕвӕрттӕ. 13Езекиа байхъуыста минӕвӕртты арфӕйы ныхӕстӕм ӕмӕ сын равдыста йӕ хӕзнадӕтты диссӕгтӕ: ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, зынаргъ сой, ноджы ма йӕ хотыхты ӕфтауцуат ӕмӕ йе’ппӕт ӕвӕрӕнтӕ, йӕ хӕлц. Цы нӕ сын равдыста, ахӕмӕй йӕм ницыуал баззади йӕ галуаны дӕр ӕмӕ йӕ паддзахады дӕр.

14Уӕд паддзах Езекиамӕ ӕрбацыд пехуымпар Исайа ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Цы дын дзырдтой уыцы адӕм? Кӕцӕй дӕм ӕрбацыдысты?»

Езекиа загъта: «Дард бӕстӕй ӕрбацыдысты. Вавилонӕй».

15Исайа та йӕ ноджыдӕр фӕрсы: «Дӕ галуаны дын цы федтой?»

Езекиа йын дзуапп радта: «Ницы сӕ басусӕг кодтон. Мӕ галуаны ӕмӕ ме’вӕрӕнты цыдӕриддӕр уыд, уый сын равдыстон».

16Уӕд Исайа загъта Езекиайӕн: «Байхъус уӕдӕ, Дунедарӕг цы зӕгъы, уымӕ! 17Ралӕудзӕн ахӕм заман, ӕмӕ, дӕ галуаны цыдӕриддӕр ис, дӕ фыдӕлтӕ ныронг цыдӕриддӕр исбон самал кодтой, уый Вавилонмӕ ласт ӕрцӕудзӕн, иу мисхалы бӕрц дӕр дын дзы нал ныууадздзысты. 18Цы фырттӕ ма дын рантыса, уыдоны дӕр дын ахӕсдзысты Вавилонмӕ ӕмӕ сӕ уым паддзахы галуаны бафтаудзысты лӕггад кӕныныл».

19Езекиа дзуапп радта Исайайӕн: «Дунедарӕджы ныхас, — ныртӕккӕ кӕй фехъусын кодтай, уый, — фарны уац».

Йӕ ныхасыл ма бафтыдта: «Фӕлӕ ма уӕддӕр, цалынмӕ ӕз цӕрон, уӕдмӕ ӕдас уӕд нӕ бӕстӕ, йӕ фарн ма фесӕфӕд!»

20Езекиайӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе сгуыхтытӕ, цад ӕмӕ донвӕд куыд скодта ӕмӕ сахармӕ дон куыд бауагъта, уыдӕттӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 21Езекиа куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Менассиа.
Copyright information for OssIBT2022