2 Kings 21
1Менассиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууадӕс азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста фӕндзай фондз азы. Йӕ мады ном уыди Хефцива. 2Менассиа, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыд, уыдӕттӕ кодта, кӕддӕр Дунедарӕг Израилы адӕмы цурӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕлгъаг митӕ фӕзмыдта. 3Ногӕй сарӕзта, кӕддӕр йӕ фыд Езекиа кӕй ныппырх кодта, уыцы кувӕн къуыбыртӕ. Израилы паддзах Ахавау нывондхӕссӕн скодта Баалӕн, сарӕзта Ашерӕйы цӕджындз. Стъалытӕм дӕр куывта ӕмӕ сын хаста нывӕндтӕ. 4Дунедарӕг Йерусалимы Йӕхи номыл цы Кувӕндон саразын кодта, уым Менассиа ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн скодта нывондхӕссӕнтӕ. 5Кувӕндонӕн йӕ дыууӕ кӕрты мидӕг нывондхӕссӕнтӕ скодта арвы стъалытӕн дӕр. 6Арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты, дӕсны фарста ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, суанг ма мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты дӕр баххуырста. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон чи уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ бирӕ сарӕзта, ӕмӕ Йӕ мӕсты кодта. 7Ашерӕйы цӕджындз Дунедарӕджы Кувӕндоны сӕвӕрдта, Дунедарӕг Давид ӕмӕ Соломонӕн афтӕ кӕмӕй загъта: «Мӕхицӕн Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕй цы сахар равзӕрстон, уыцы Кувӕндоны, Йерусалимы, Мӕ ном цӕрдзӕни мыггагмӕ. 8Израилӕгтӕ Мӕм куы хъусой, Мӕ цагъар Моисей сын Мӕ номӕй цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ куы ӕххӕст кӕной, уӕд сӕ иу дӕр нӕ фӕхауӕццаг уыдзӕни, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх радтон, уымӕй». 9Фӕлӕ Израилы адӕм нӕ хъуыстой Хуыцаумӕ. Менассиа сын сӕ зонд сзыгъуыммӕ кодта, ӕмӕ сын Дунедарӕг сӕ цурӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдонӕй дӕр фыддӕр фесты. 10Уӕд Дунедарӕг Йӕ цагъартӕн, пехуымпартӕн, бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн фехъусын кӕной: 11иудейаг паддзах Менассиа суанг аморӕгтӕй дӕр, ацы бӕстӕйы раздӕры цӕрджытӕй, фӕфыддӕр ис ӕлгъаг митӕ нывӕндынмӕ. Иудейы адӕмы тӕригъӕдты азымы баппӕрста йӕ гуымирытӕм кувынӕй. 12Ӕмӕ уый тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы: «Йерусалимыл ӕмӕ ӕгас Иудейы зӕххыл ахӕм фыдбылыз ныххуырсдзынӕн, ӕмӕ йын йӕ кой чидӕриддӕр фехъуса, уымӕн фыр адӕргӕй йӕ дыууӕ хъусы дӕр ныззардзысты. 13Йерусалим абардзынӕн, Самари цы ӕмвӕзбарӕн синагӕй барст ӕрцыд ӕмӕ Ахавы галуан цы уырдыгбарӕнӕй барст ӕрцыд, уыдонӕй. Къус куыд ныссӕрфынц ӕмӕ йӕ фӕдӕлгом кӕнынц, афтӕ Ӕз дӕр равдӕлон кӕндзынӕн ӕмӕ сфӕлдахдзынӕн Йерусалимы сахар. 14Мӕ исбонӕй ма цы адӕм баззад, уыдонӕй Ӕз’Ме ргом аздахдзынӕн, сӕ фыдгулты къухтӕм сӕ ратдзынӕн, стигъджытӕ ӕмӕ абырджыты амӕттаг бауыдзысты. 15Уый уымӕн, ӕмӕ, сӕ фыдӕлтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕдӕй нырмӕ Мӕ цӕсты раз ӕнаккаг митӕ кӕнынц». 16Менассиа, иуӕй, иудейӕгты баппӕрста тӕригъӕдты азымы, цӕмӕй кӕной, Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ, иннӕмӕй та ныккалдта бирӕ ӕназым туг ӕмӕ туджы бын фӕкодта ӕгас Йерусалимы сахар дӕр. 17Менассиайы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, уыимӕ йӕ тӕригъӕдтӕ, фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 18Йӕ фыдӕлтимӕ куы баиу, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ галуаны дыргъдоны, уый кӕддӕр Уззайы дыргъдон уыди. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амон. 19Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууӕ ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы. Йӕ мад Мешулемет уыди иотвайаг Харуцы чызг. 20Амон дӕр, йӕ фыд Менассиайы хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта. 21Алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыды. Уый хуызӕн табу кодта гуымирытӕн ӕмӕ-иу сын бакуывта. 22Ныууагъта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕлты Хуыцауы, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын не’ххӕст кодта. 23Паддзах Амоны ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой йӕ галуаны. 24Фӕлӕ бӕстӕйы адӕм, Амоны ныхмӕ сусӕгвӕнды чи архайдта, уыдоны се’ппӕты дӕр ныццагътой ӕмӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй расидтысты йӕ фырт Иосиайы. 25Амоны иннӕ хабӕрттӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 26Йӕ мард ын бавӕрдтой йӕхи зӕппадзы, Уззайы дыргъдоны. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иосиа.
Copyright information for
OssIBT2022