2 Kings 23
1Паддзах арвыста Иудей ӕмӕ Йерусалимы хистӕртӕм ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кодтой. 2Уӕд Иудейы адӕм ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытимӕ, сауджынтимӕ ӕмӕ пехуымпартимӕ, ӕппӕт дзыллӕимӕ дӕр, стырӕй, чысылӕй, паддзах фӕраст ис Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ. Уым сын райдианӕй кӕронмӕ хъӕрӕй бакасти, Кувӕндоны кӕй ссардтой, уыцы Фидыды чиныджы фыст. 3Уый фӕстӕ паддзах уым уӕлӕуӕз йӕ сӕрмагонд бынаты слӕууыд ӕмӕ Дунедарӕджы цӕсгомы раз сфидар кодта Фидыд — Дунедарӕджы коммӕ кӕй кӕсдзӕн, Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ уынаффӕтӕ ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ зӕрдиагӕй кӕй ӕххӕст кӕндзӕн, кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ацы Фидыды чиныджы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон дӕр. Ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр ууыл бафидыдтой. 4Уӕд паддзах бафӕдзӕхста алчер Хилкиайӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕсӕры раз хъалагъур хӕссӕг сауджынтӕн, цӕмӕй Кувӕндонӕй ӕддӕмӕ рахӕссой, Баалӕн, Ашерӕйӕн ӕмӕ стъалытӕн цы дзауматӕ арӕзт ӕрцыд, уыдон. Йерусалимӕй сӕ фӕссахармӕ рахӕссын кодта ӕмӕ сӕ уым Кедроны тӕрфы басудзын кодта. Уый фӕстӕ сын се’ртхутӕг Вефилмӕ ахӕссын кодта. 5Атардта, Баалӕн, хурӕн, мӕйӕн, стъалыгуппартӕн ӕмӕ ӕппӕт арвы стъалытӕн чи табу кодта, Иудейы сахарты ӕмӕ сын Йерусалимы алфамбылӕйтты кувӕн къуыбыртыл нывӕндтӕ чи хаста, уыцы сауджынты, Иосиайы размӕйы паддзӕхты ӕвзӕрстыты. 6Ашерӕйы цӕджындз Дунедарӕджы Кувӕндонӕй Йерусалимы фӕссахармӕ Кедроны тӕрфмӕ рахӕссын кодта ӕмӕ йӕ уым басудзын кодта. Йе’взалытӕ йын бассын кодта, ӕмӕ ӕртхутӕг хуымӕтӕг адӕмы уӕлмӕрдты акалдтой. 7Хъахбайтӕ кӕм цардысты ӕмӕ сылгоймӕгтӕ Ашерӕйӕн дарӕстӕ кӕм уӕфтой — Кувӕндоны кӕрты цы агъуыстытӕ уыд, уыдоны дӕр фехалын кодта. 8Иудейы сахартӕй акодта ӕппӕт сауджынты ӕмӕ, нывӕндтӕ цы кувӕн къуыбыртыл хастой — Гевӕйӕ Беер-Шевӕйы онг — уыдон иууылдӕр фӕчъизи кодта. Сахары хицау Йешуайы хӕдзары мидкулдуар ӕмӕ сахары мидкулдуар, галиуӕрдыгӕй, мӕнгхуыцӕуттӕн цы кувӕн къуыбыртӕ уыд, уыдон дӕр фехалын кодта. 9Ӕмӕ уым цы сауджынтӕ лӕггад кодтой, уыдонӕн сӕ бон уыди Йерусалимы сауджынтимӕ иумӕ донгонд дзултӕ хӕрын. Ӕцӕг, Дунедарӕгӕн Йерусалимы цы нывондхӕссӕн уыд, ууыл сын нывӕндтӕ хӕссыны бар нӕ уыди. 10Паддзах Иосиа фӕчъизи кодта, Хинномы байзӕддӕгты дӕлвӕзы цы кувӕн къуыбыр уыди, Тофет, зӕгъгӕ, уый дӕр, цӕмӕй уым Молохӕн арты нывондӕн мачи хӕсса йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы. 11Ноджы ма фӕчъизи кодта, иудейаг паддзӕхтӕ хуры кадӕн Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацӕуӕны раз цы бӕхты цыртсурӕттӕ ныссагътой, уыдон дӕр. Лӕууыдысты Парвары фӕзы, паддзахы галуаны уагдар Нетан-Мелехы бӕрны цы агъуыстытӕ уыд, уыдоны цур. Уыимӕ басудзын кодта, хуры кадӕн цы уӕрдӕттӕ конд ӕрцыд, уыдон. 12Иудейаг паддзӕхтӕ Ахазы галуаны уӕлхӕдзар цы нывондхӕссӕнтӕ скодтой, Менассиа та — Дунедарӕджы Кувӕндоны дыууӕ кӕрты, уыдон дӕр ныппырх кӕнын кодта ӕмӕ сын сӕ бырон Кедроны тӕрфы ныккалын кодта. 13Йерусалимы бакомкоммӕ, Елеоны хохӕн йӕ хуссарварс, сидойнаг мӕнгхуыцау Астартӕйӕн, моаваг мӕнгхуыцау Кемошӕн ӕмӕ аммонаг мӕнгхуыцау Милкомӕн Израилы паддзах Соломон йӕ заманы цы кувӕн къуыбыртӕ сарӕзта, уыдон дӕр фӕчъизи кодта. 14Табуйаг дуртӕ тӕгӕлтӕ фӕхауын кодта ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалдта. Кӕм уыдысты, уыцы бынӕттӕ мӕрдты стджыты бын фӕкодта. 15Фехӕлдта Вефилы нывондхӕссӕн, стӕй, Израилы адӕмы тӕригъӕды амӕттаг чи бакодта, уыцы Йоровам, Наваты фырт, уым цы кувӕн къуыбыр скодта, уый. Арты йӕ басыгъта ӕмӕ йӕ бассадта. Басыгъта табуйаг цӕджындз. 16Иосиа уым афӕлгӕсыди хохыл ӕмӕ, зӕппӕдзтыл йӕ цӕст куы’рхӕцыд, уӕд сын сӕ хуылфӕй мӕрдты стджытӕ рахӕссын кодта ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басыгъта. Афтӕмӕй ӕгады гакк сӕвӕрдта Вефилы нывондхӕссӕныл, раздӕр Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг куыд фехъусын кодта, афтӕ. 17Иосиа сахары цӕрджыты бафарста: «Мӕнӕ ацы цырт та цы у?» Дзуапп ын радтой: «Уый у Хуыцауы ӕвзӕрст лӕджы цырт, кӕддӕр Иудейӕ ссыди, ныр ды Вефилы нывондхӕссӕнӕн цы ми кӕныс, уый тыххӕй рагацау фехъусын кӕнынмӕ». 18Паддзах загъта: «Ма йӕ бахъыгдарут, йе стджытӕм ын ма бавналут!» Ӕмӕ йын нӕ бавнӕлдтой йе стджытӕм, стӕй ма уым Самарийӕ ӕрбацӕуӕг пехуымпары стджытӕ дӕр разынд, ӕмӕ уыдонмӕ дӕр. 19Иосиа Вефилы кувӕн къуыбыртау фехӕлдта Самарийы сахарты кувӕн къуыбырты ӕппӕт куывддон агъуыстытӕ дӕр. Сӕ заманы сӕ Израилы паддзӕхтӕ фӕцарӕзтой ӕмӕ уымӕй дӕр маст бауагътой Дунедарӕджы зӕрдӕйы. 20Стӕй уыцы куывддонты нывондхӕссӕнтыл аргӕвдын кодта кувӕн къуыбырты ӕппӕт сауджынты. Нывондхӕссӕнтыл басыгъта мӕрдты стджытӕ дӕр ӕмӕ фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ раздӕхти. 21Уым бардзырд радта ӕппӕт адӕмӕн дӕр: «Ацы Фидыды чиныджы фыстмӕ гӕсгӕ, Куадзӕн скӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн». 22Афтӕ уый тыххӕй бакодта, ӕмӕ израилаг ӕмӕ иудейаг паддзӕхты рӕстӕджыты Израилы адӕмӕн чи тӕрхон кодта, уыцы тӕрхоны лӕгты заманӕй фӕстӕмӕ Куадзӕн бӕрӕггонд никуыуал ӕрцыд. 23Ӕмӕ ныр, Иосиайы паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз, Дунедарӕджы Куадзӕн сбӕрӕг кодтой Йерусалимы. 24Иосиа ныццӕгъдын кодта мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты, ныппырх кӕнын кодта, Иудейы зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы хӕдзарон хуыцаугондӕй, гуымирыйӕ, стӕй ӕлгъагӕй цыдӕриддӕр разынди, уыдон. Ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кодта, сауджын Хилкиа Дунедарӕджы Кувӕндоны цы Ӕгъдауы чиныг ссардта, уым цы фыст уыди, уый. 25Йӕ размӕ уый хуызӕн паддзах никуыма уыди, йӕ уд, йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йе’ппӕт хъарутӕ Дунедарӕгӕн чи снывонд кодта ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кодта, стӕй йӕ фӕстӕ дӕр ахӕм паддзах никуыуал уыд. 26Фӕлӕ уӕддӕр Дунедарӕджы маст нӕ фӕкъаддӕр иудейӕгтӕм, уымӕн ӕмӕ Йӕ Менассиа тынг бафхӕрдта йе’наккаг митӕй. 27Дунедарӕг загъта: «Израилы адӕмау Мӕхи атигъ кӕндзынӕн Иудейы адӕмыл дӕр, Ме’ргом аздахдзынӕн Ме’взӕрст сахар Йерусалимӕй ӕмӕ, Мӕ ном дзы цӕрдзӕни, зӕгъгӕ, кӕмӕй загътон, уыцы Кувӕндонӕй». 28Иосиайы иннӕ хабӕрттӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 29Иосиа-паддзахы заман Мысыры паддзах, фараон Нехо, ӕд ӕфсад араст ис Евфраты доны’рдӕм, Ассирийы паддзахы ныхмӕ. Мегиддойы цур ӕй Иосиа бауроминаг уыд, фӕлӕ йӕ Нехо куы федта, уӕд ӕй амардта. 30Ӕмӕ Иосиайӕн йӕ фӕсдзӕуинтӕ йӕ мард Мегиддойӕ Йерусалиммӕ аластой ӕмӕ йын ӕй уым йӕ зӕппадзы бавӕрдтой. Уый фӕстӕ йын иудейӕгтӕ йӕ фырт Иоахазы байсӕрстой ӕмӕ йын ӕй паддзахӕй расидтысты йӕ бӕсты. 31Иоахаз паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ӕдӕппӕтӕй ахаста ӕртӕ мӕйы. Йӕ мад Хамутал уыди ливнӕйаг Йеремиайы чызг. 32Ӕмӕ Иоахаз дӕр йӕ фыдӕлтау, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта. 33Фараон Нехо йӕ Ривлайы сахары, Хаматы зӕххыл, уацары райста, ӕмӕ ууыл йӕ паддзахиуӕг ахицӕн Йерусалимы. Нехо Иудейӕ ӕрдомдта ивар: ӕвзисты сӕдӕ таланты ӕмӕ сыгъзӕрины иу талант. 34Фараон Иудейӕн Иосиайы бӕсты паддзахӕй расидт йӕ иннӕ фырт Елиакимы. Ӕцӕг ын радта ног ном: Иоаким. Ныр Иоахазы та атардта Мысырмӕ, ӕмӕ уый уым амардис. 35Иоаким йӕ бӕстӕйы адӕмӕй алкӕмӕй дӕр, йӕ исбон кӕмӕн куыд амыдта, уымӕ гӕсгӕ фараонӕн ӕмбырд кодта хъалон, уый йӕхӕдӕг цас домдта, уый бӕрц ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй. 36Иоаким паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Йӕ мад Зевудда уыди Румайаг Педаиайы чызг. 37Иоаким дӕр йӕ фыдӕлтау, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта.
Copyright information for
OssIBT2022