2 Kings 24
1Йӕ паддзахиуӕджы заман Иудеймӕ ӕд ӕфсад ӕрбацыди Вавилоны паддзах Навуходоносор, ӕмӕ Иоаким йӕ дӕлбар балӕууыд. Ӕртӕ азы йын фӕлӕггад кодта, стӕй йын нал уисӕн кодта. 2Фӕлӕ йын Дунедарӕг йӕ ныхмӕ самидин кодта халдейӕгты, сириӕгты, моавӕгты ӕмӕ аммонӕгты ӕрдонгтӕ. Ӕмӕ уыдон Иудеймӕ ӕрбабырстой, ныггӕныстон ӕй кӕнынмӕ, Дунедарӕг Йӕ пехуымпарты уылты куыд дзырдта, афтӕ. 3Ӕппӕт уыдӕттӕ Дунедарӕг Иудейӕн бавзарын кодта Менассиайы тӕригъӕдты, стӕй йе’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй, 4уыимӕ Йерусалимы сахары ӕназымты туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй. Дунедарӕджы нал бафӕндыд ныххатыр кӕнын. 5Иоакимы иннӕ хабӕрттӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 6Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йехониа. 7Уыцы заман Мысыры паддзах нал уӕндыд йӕ паддзахадӕй йӕ сӕр ӕддӕмӕ радарын, уымӕн ӕмӕ йын Евфраты донӕй Мысыры арӕнты онг цыдӕриддӕр зӕххытӕ уыди, уыдон Вавилоны паддзахы къухмӕ бахаудтой. 8Йехониа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕстдӕс азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ӕдӕппӕтӕй ахаста ӕртӕ мӕйы. Йӕ мад Нехушта уыд йерусалимаг Елнатаны чызг. 9Йехониа дӕр, йӕ фыды хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта. 10Гъемӕ уыцы заман Вавилоны паддзах Навуходоносоры ӕфсӕдтӕ Йерусалимы сахарыл ӕрхъула кодтой, 11ӕмӕ сӕм уырдӕм ӕрбацыди Вавилоны паддзах Навуходоносор дӕр. 12Сахарӕй йӕ размӕ рацыд иудейаг паддзах Йехониа, йӕ мадимӕ, йӕ барджынтимӕ, йе’фсады хицӕуттимӕ ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртимӕ. Вавилоны паддзахы хицаудзинадыл цыди ӕстӕм аз, Йехониайы уацары куы райста, уӕд. 13Дунедарӕг рагацау куыд загъта, афтӕ уый Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнатӕ иууылдӕр раласта, йӕ заманы Израилы паддзах Соломон Дунедарӕджы Кувӕндонӕн цы сыгъзӕрин мигӕнӕнтӕ скодта, уыдон та ныппырх кодта. 14Йерусалимӕн ратардта йе’ппӕт цӕрджыты дӕр, ӕлдарӕй, ӕфсады хицауӕй — иу-дӕс мины бӕрц. Ноджы ма — хъӕддӕснытӕ ӕмӕ куырдты. Ныууагъта ма ӕрмӕстдӕр мӕгуырты. 15Вавилонмӕ Йерусалимӕй хаст ӕрцыдысты Йехониа дӕр, йӕ мад, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр, стӕй бӕстӕйы уӕздӕттӕ дӕр. 16Ноджы ма — авд мин хӕстоны, мин ӕрмдӕсныйы, уыимӕ хъӕддӕснытӕ ӕмӕ куырды дӕсныты, стӕй ма, йӕ бон хӕцӕнгарзӕй хӕцын кӕмӕн уыд, уыдоны се’ппӕты дӕр вавилойнаг паддзах йемӕ уацары акодта Вавилонмӕ. 17Вавилойнаг паддзах Йехониайы бӕсты Иудейы паддзах скодта уымӕн йӕ фыды’фсымӕр Маттаниайы. Ӕрмӕст ын радта ног ном: Цедекиа. 18Цедекиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди иу ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Йӕ мад Хамутал уыди ливнӕйаг Йеремиайы чызг. 19Цедекиа дӕр Иоакимау, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта. 20Дунедарӕг афтӕ смӕсты ис Йерусалим ӕмӕ Иудейы цӕрджытӕм, ӕмӕ сыл хъоды бакодта. Цедекиа нал уисӕн кодта Вавилоны паддзахӕн.
Copyright information for
OssIBT2022