‏ 2 Kings 25

1Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн йӕ паддзахиуӕгыл фарӕстӕм аз куы цыд, уӕд, дӕсӕм мӕйы дӕсӕм бон, ӕд ӕфсад ӕрбабырста Йерусалиммӕ, ӕрхъула йыл кодта ӕмӕ йын йӕ алыварс самадта сыджытбыру. 2Сахары ӕрхъула ахаста Цедекиайы паддзахиуӕджы иуӕндӕсӕм азмӕ, 3ӕмӕ сыдӕй мӕлынмӕ ӕрцыдысты йӕ цӕрджытӕ, хойраджы мур сӕм нал баззад. Цыппӕрӕм мӕйы фарӕстӕм бон 4сахар ист ӕрцыд. Иудейаг паддзах Цедекиа ӕхсӕвы тары йӕ хӕстон адӕмимӕ лидзӕг фӕци, ӕмӕ, паддзахы дыргъдоны кӕрон сахары дыууӕ сисы астӕу цы кулдуар уыди, ууылты Иорданы дӕлвӕзмӕ раирвӕзтысты. Ныр халдейӕгты ӕфсад та лӕууыди сахары алыварс. 5Иудейаг паддзахы бафиппайдтой ӕмӕ йӕ фӕсте асырдтой, баййӕфтой йӕ Йерихоны дӕлвӕзы. Йӕ хӕстонтӕ йӕ ныууагътой ӕмӕ фӕйнӕрдӕм фӕлыгъдысты. 6Халдейӕгтӕ паддзахы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Ривлайы сахармӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносоры размӕ, акодтой. Уым ын стӕрхон кодтой. 7Цедекиайӕн йӕ фыртты аргӕвстой йӕ цӕстыты раз, йӕхицӕн та йын йӕ цӕстытӕ скъахтой ӕмӕ йӕ хъадаманты мидӕг Вавилонмӕ акодтой.

8Вавилоны паддзах Навуходоносоры паддзахиуӕджы нудӕсӕм аз, фӕндзӕм мӕйы ӕвдӕм бон, йӕ хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, йӕ бӕрнондӕр лӕггадгӕнӕг, Йерусалиммӕ ӕрбацыд 9ӕмӕ басыгъта Дунедарӕджы Кувӕндон, паддзахы галуан, стӕй стыр хӕдзӕрттӕ иууылдӕр. 10Халдейӕгты ӕфсад, паддзахы хъахъхъӕнджыты хицау йӕ сӕргъы, афтӕмӕй, Йерусалимы алыварс цы систӕ уыди, уыдон дӕр ныппырх кодта. 11Сахары ма цы адӕм баззади, уыдоны, вавилойнаг паддзахы къухмӕ йӕхи чи радта, уыдонимӕ хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан акодта Вавилонмӕ. 12Ӕрмӕст мӕгуыр адӕмӕй иу къорды бӕрц ныууагъта сӕндонгӕстӕ ӕмӕ хуымгӕнджытӕй.

13Халдейӕгтӕ ныцъцъӕл, ныммур кодтой Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕрхуы цӕджындзтӕ ӕмӕ уыдонӕн сӕ бынӕнцайӕнтӕ, стӕй ӕрхуы денджыз. Ӕрхуы иууылдӕр Вавилонмӕ аластой. 14Семӕ ма ноджыдӕр райстой уазлӕггады алы мигӕнӕнтӕ: тастӕ, фыййӕгтӕ, кӕрдтӕ, куыситӕ, 15будсудзӕнтӕ, къустӕ. Сыгъзӕрин ӕмӕ дзы ӕвзист мигӕнӕнӕй цыдӕриддӕр уыд, уыдон иууылдӕр рахаста хъахъхъӕнджыты хицау Невузарадан.

16Дунедарӕджы хӕдзарӕн Соломон цы дыууӕ цӕджындзы, ӕрхуы денджыз ӕмӕ суанцъытӕ саразын кодта, уыдоны уый бӕрц ӕрхуы уыди, ӕмӕ йын сбарӕн дӕр нӕ уыд. 17Цӕджындзтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыди ӕстдӕс ӕлмӕрины. Сӕ цъуппытыл дӕр уыди ӕрхуыйӕ конд ӕфтуантӕ, сӕ бӕрзӕнд — ӕртыгай ӕлмӕринтӕ, ноджы ма — фӕйнӕ рӕхысы ӕмӕ гранат фӕткъуыты згъӕрнывтӕ зылдӕй ӕфтуантыл конд. Иууылдӕр уыдысты ӕрхуыйӕ конд.

18Невузардан ӕрцахсын кодта алчер Серайы, стӕй уымӕн йӕ хӕдивӕг Софониайы ӕмӕ ма ноджы кулдуары цур хъалагъур хӕссӕг ӕртӕ лӕджы. 19Сахары чи уыд, уыдонӕй ма ноджыдӕр ӕрцахсын кодта иудейаг паддзахӕн йе’фсады хицауы, йӕ лӕггадгӕнджытӕй фондзы, ӕфсады сӕйраг нымӕрдары, ӕфсады рӕнхъытӕм адӕмы исын кӕй бӕрны уыд, уый, стӕй ӕртиссӕдз бӕрнон лӕджы, 20хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан сӕ акодта Вавилоны паддзахмӕ, Ривлайы сахармӕ. 21Вавилоны паддзах сӕ уым, Хаматы зӕххыл, Ривлайы сахары амарын кодта. Афтӕмӕй иудейӕгтӕ тард ӕрцыдысты сӕ бӕстӕйӕ.

22Вавилоны паддзах Навуходоносор ма Иудейы цы адӕмы ныууагъта, уыдонӕн сӕ сӕргъы сӕвӕрдта Шафаны фырты фырт, Ахикамы фырт Гедалиайы. 23Иудейаг ӕфсады хицӕуттӕ — Нетаниайы фырт Измаел, Кареахы фырт Йоханан, нетофаг Танхуметы фырт Серай ӕмӕ маахайаг Иазани — фехъуыстой, Вавилоны паддзах Гедалиайы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый. Ӕмӕ ӕд адӕм Гедалиамӕ ӕрбацыдысты Мицпамӕ. 24Гедалиа се’ппӕты раз ард бахордта ӕмӕ сын загъта: «Халдейӕгты дӕлбар ӕрлӕууынӕй ма тӕрсут. Вавилоны паддзахӕн куы лӕггад кӕнат, уӕд уӕ хъуыддӕгтӕ хорз ацӕудзысты».

25Фӕлӕ уыцы азы ӕвдӕм мӕй Елишамайы фырт Нетаниайы фырт Измаел, паддзӕхты мыггагӕй, Гедалиайы уӕлхъус ӕрбалӕууыди дӕс лӕгимӕ ӕмӕ амардта уый дӕр ӕмӕ, уым, Мицпайы, йемӕ иудейӕгтӕ ӕмӕ халдейӕгтӕй чи уыд, уыдоны дӕр. 26Халдейӕгтӕй тӕрсгӕйӕ, адӕм иууылдӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕфсады хицӕуттимӕ иумӕ Мысырмӕ фӕлыгъдысты.

27Евил-Меродах Вавилоны паддзах куы сси, тӕккӕ уыцы аз ахӕстонӕй суӕгъд кодта иудейаг паддзах Йехониайы. Уый ӕрцыд Йехониайы ахасты ӕвддӕс ӕмӕ ссӕдзӕм азӕн йӕ дыууадӕсӕм мӕйы дыууын ӕвдӕм бон. 28Евил-Меродах ӕм ракасти хӕлар цӕстӕй. Вавилоны ма йӕм хасты цы ӕцӕгӕлон паддзӕхтӕ уыд, уыдоны ӕхсӕн ын кодта уӕлдай кад. 29Йехониа аивта йӕ ахӕсты дарӕстӕ дӕр. Уыйхыгъд ын цӕргӕ-цӕрӕнбонты бар уыди Вавилоны паддзахы фынгыл бадынӕн. 30Паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ йын йӕ цард-цӕрӕнбонты ӕрвылбон хойраг лӕвӕрдтой ӕнӕсцухӕй.
Copyright information for OssIBT2022