‏ 2 Kings 3

Моавы ныхмӕ хӕст

1Иудейаг паддзах Иосафаты паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Ахавы фырт Йорам. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууадӕс азы. 2Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта, ӕцӕг алы хъуыддаджы йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды нӕ фӕзмыдта. Йӕ бынатӕй айста Баалы гуымиры, йӕ фыд кӕй сарӕзта, уый. 3Фӕлӕ Наваты фырт Йоровам израилӕгты цы тӕригъӕдты бацӕуын кодта, уыдоныл фидар хӕцыд, нӕ сӕ ныууагъта.

4Моавы паддзах Меша, бонджын фосдарӕг, Израилы паддзахӕн ӕрвылаз ӕрвыста хъалон: сӕдӕ мины кусӕрттаг фыстӕ, сӕдӕ мины та — ӕнӕлвыд фыртӕ. 5Фӕлӕ Ахавы амӕлӕты фӕстӕ Моавы паддзах нал уисӕн кодта Израилӕн. 6Уӕд Израилы паддзах Йорам рацыди Самарийы сахарӕй, ӕрзылди бӕстӕйыл ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта хӕстхъом адӕмы иууылдӕр. 7Иудейаг паддзах Иосафатмӕ арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Моавы паддзах мӕ ныхмӕ сыстад, ӕмӕ хъуамӕ йемӕ схӕцон. Мӕ фарсмӕ не’рбалӕудзынӕ?»

Иосафат ын дзуапп радта: «Ӕз цӕттӕ дӕн. Дӕ зӕрдӕ дар мӕ адӕм ӕмӕ мӕ бӕхӕфсадыл, раст цыма дӕхи сты, уый хуызӕн».

8Иосафат ӕй бафарста: «Кӕцы фӕндагыл сӕм ацӕуӕм?»

Уый йын загъта: «Едомы ӕдзӕрӕг быдыртыл».

9Ӕмӕ Израилы паддзах иудейаг паддзахимӕ, Едомы паддзах дӕр семӕ, афтӕмӕй уыцы дард фӕндагыл ахӕцыдысты се’фсӕдтимӕ. Авд боны куы фӕцыдысты, уӕд сӕм нуазыны дон нал уыд сӕ адӕмӕн дӕр ӕмӕ сӕ хайуантӕн дӕр. 10Израилы паддзах загъта: «Оххай-гъе! Ӕнхъӕлдӕн, Дунедарӕг не’ртӕйы дӕр моавӕгты къухтӕм раттинаг у ӕмӕ нӕ ацы фӕндагыл уый тыххӕй рарвыста».

11Иосафат бафарста: «Дунедарӕджы пехуымпартӕй ам исчи ис? Дунедарӕджы нын бафӕрсӕд».

Израилы паддзахы дӕлдӕртӕй йын иу дзуапп радта: «Шафаты фырт Елисей ам ис, Илийайӕн ӕдзух кӕстӕриуӕг чи кодта, уый».

12Иосафат загъта: «Елисей нын зӕгъдзӕни, Дунедарӕгмӕ мах тыххӕй цы фӕнд ис, уый».

Израилы паддзах, Йошафат ӕмӕ Едомы паддзах Елисеймӕ ацыдысты.

13Елисей Израилы паддзахӕн загъта: «Мӕнмӕ цы’рбацыдтӕ? Дӕ мад ӕмӕ дӕ фыд цы пехуымпартыл сӕ зӕрдӕ дардтой, уыдонмӕ ацу!»

Израилы паддзах загъта: «Уыдонӕй нын ницы пайда ис, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг мах, ӕртӕ паддзахы, моавӕгты къухтӕм раттинаг у ӕмӕ нӕ ацы фӕндагыл уый тыххӕй рарвыста».

14Уӕд ын Елисей загъта: «Сомы дын кӕнын Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй, Иосафаты сӕр куынӕ нымаин, уӕд дӕм кӕсгӕ дӕр нӕ бакодтаин, куыдзы хъуыды дӕр дӕ не’ркодтаин. 15Ныр мын фӕндырдзӕгъдӕгмӕ фӕдзурут!»

Фӕндырдзӕгъдӕг хъисынӕй куы’рцагъта, уӕд Елисейыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд,
16ӕмӕ Елисей загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: „Ацы ададжы уӕрмытӕ скъахут, 17уымӕн ӕмӕ дзӕвгар рӕстӕг нал дымгӕ радымдзӕни, нал къӕвда ӕрцӕудзӕни, фӕлӕ ацы дӕлвӕз байдзаг уыдзӕн донӕй, ӕмӕ дзы ӕфсаддзыстут уӕхи дӕр, уӕ фосы дӕр ӕмӕ уӕ хайуанты дӕр“. 18Дунедарӕг уын канд уыцы хорз нӕ ракӕндзӕни, фӕлӕ ма уын уӕ къухтӕм ратдзӕни моавӕгты дӕр. 19Сымах сын ныппырх кӕндзыстут сӕ фидӕрттӕ, сӕ сахарты хуыздӕртӕ, рафӕлдахдзыстут сын сӕ дыргъдӕтты бӕлӕстӕ, ныццауаздзыстут сын сӕ дӕттӕ, сӕ бӕзнаг хуымтӕ сын дурты бын фӕкӕндзыстут».

20Райсомӕй, Дунедарӕгӕн хойраджы хуын куы снывонд кӕнынц, уыцы заман, Едомы хӕхтӕй афтӕ бирӕ дон рагуылф кодта, ӕмӕ дзы зӕхх байдзаг ис.

21Ныр моавӕгтӕ дӕр фехъуыстой, ӕртӕ паддзахы ӕд ӕфсӕдтӕ сӕ ныхмӕ рацӕуынц, уый, ӕмӕ сӕ хӕстхъом адӕмы се’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой бӕстӕйы арӕнмӕ. 22Райсомӕй раджы моавӕгтӕ быдырыл куы афӕлгӕсыдысты ӕмӕ сӕуӕхсиды рухсмӕ дон куыд сӕрттывта, уый куы федтой, уӕд дзы туг фенхъӕлдтой 23ӕмӕ загътой: «Бӕлвырд, ӕртӕ паддзахы ӕфсӕдтӕ сӕ кӕрӕдзимӕ фесты, ныццагътой кӕрӕдзи, ӕмӕ уыдоны туг уыдзӕни. Ныр уӕ амӕттаджы хайыл уӕхи цӕвут, моавӕгтӕ!»

24Израилӕгты рӕсӕнуатмӕ куы баввахс сты, уӕд сыл Израилы ӕфсӕдтӕ сӕхи ныццавтой ӕмӕ сӕ цӕгъдынтӕ байдыдтой. Уыдон лидзынмӕ фесты, фӕлӕ сӕ адон сӕ хъӕлӕсы ахастой ӕмӕ цагътой ӕмӕ цагътой моавӕгты. 25Сӕ сахартӕ сын ныппырх кодтой, сӕ бӕзнаг хуымтыл сын фӕйнӕ дуры фехстой, ӕмӕ сын афтӕмӕй дурты бын фесты, сӕ донгуырӕнтӕ сын ныццауӕзтой, сӕ дыргъдӕтты бӕлӕстӕ сын сфӕлдӕхтой. Сӕ сӕйраг сахар Кир-Харесетыл сын ӕрхъула кодтой ӕмӕ йыл дурӕхсӕнтӕй ралӕууыдысты, дур дзы дурыл нал ныууагътой.

26Моавӕгты паддзах уыдта, йӕ бон ницыуал у, уый ӕмӕ, йемӕ авдсӕдӕ ӕрдынджыны, афтӕмӕй бафӕлвӕрдта Едомы ӕфсады рӕнхъытӕ батоныныл ӕмӕ аирвӕзыныл, фӕлӕ йын дзы ницы рауад. 27Уӕд ракодта йӕ фырты, йӕ хистӕр зӕнӕджы, йӕ фӕстӕ паддзах чи суыдаид, уый ӕмӕ йӕ сахары быруйы сӕрыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхаста. Уӕд израилӕгтӕ смӕсты сты, сӕ хӕцын ныууагътой ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты сӕ бӕстӕмӕ.
Copyright information for OssIBT2022