2 Kings 4
Пехуымпар Елисейы диссаджы хабӕрттӕ дарддӕр
1Пехуымпарты устытӕй иу ӕрбацыди Елисеймӕ, уый куыдта ӕмӕ хъӕр кодта: «Мӕ мой, дӕ цагъар, амарди. Хуыцауӕн кад кӕй кодта, уый дӕхӕдӕг дӕр зоныс. Ныр нӕм, ӕфстау кӕмӕй райста, уый ӕрбацыд ӕмӕ мын хъуамӕ мӕ дыууӕ фырты дӕр байса, йӕхицӕн сӕ цагъартӕ скӕна». 2Елисей йӕ бафарста: «Ӕмӕ дын цы хуызы баххуыс кӕнон? Зӕгъ-ма мын, хӕдзары ма дӕм цы ис?» Дзуапп ын радта: «Оливӕйы сойы иу дурын мӕм ис, ӕндӕр ницы, дӕ нывонд фӕуон!» 3Уый йын загъта: «Цу ӕмӕ бирӕ афтид дурынтӕ ракур дӕ сыхӕгтӕй, се’ппӕтӕй дӕр. 4Хӕдзармӕ сӕ бахӕсс ӕмӕ дӕ лӕппутимӕ уӕхиуыл дуар рахгӕнут. Уый фӕстӕ дурынтӕ сойӕ дзаг кӕнын байдай, дзагӕй сӕ хицӕн ран ӕвӕргӕйӕ». 5Идӕдз ус ацыди хӕдзармӕ. Йӕ лӕппутимӕ сӕхиуыл дуар сӕхгӕдтой, ӕмӕ йӕм уыдон дурынтӕ дӕтгӕ, ай ӕвгӕнгӕ, 6афтӕмӕй, куы байдзаг сты, уӕд мад йӕ лӕппутӕй иумӕ дзуры: «Ӕрбадӕтт-ма иу дурын!» Уый йын дзуапп радта: «Нал дзы ис». Ӕмӕ сой нал калди. 7Уӕд идӕдз ус фӕстӕмӕ Хуыцауы минӕвармӕ аздӕхт ӕмӕ йын, хъуыддаг куыд рауад, уый радзырдта. Уый йын загъта: «Цу, сой ауӕй кӕн ӕмӕ дӕ хӕстӕ бафид. Ӕхцайӕ ма цы баззайа, уымӕй та уӕхӕдӕг цӕрут». 8Иуахӕмы Елисей бацыди Шунемы сахармӕ. Уым ӕй иу бонджын сылгоймаг йӕ хӕдзармӕ бахуыдта ӕмӕ йын фынг ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Елисей ууылты куы рацӕйцыд, уӕд-иу ӕм алы хатт дӕр бауад исты акомдзаг кӕнынмӕ. 9Ӕмӕ иу хатт уыцы сылгоймаг загъта йӕ мойӕн: «Ӕдзухдӕр нӕм цы фӕндаггон ӕрбацӕуы, уый у Хуыцауы ӕвзӕрст адӕймаг — уаз лӕг. 10Цӕй ӕмӕ йын нӕ хӕдзары уӕллаг хайы иу гыццыл уат сцӕттӕ кӕнӕм, ӕрӕвӕрӕм ын дзы хуыссӕн, фынг, бандон ӕмӕ цырагъ, ӕмӕ-иу нӕм куы’рбацӕуа, уӕд-иу уырдӕм бацӕуӕд ӕмӕ дзы цӕрӕд». Скодтой йын агъуыст, 11ӕмӕ та иуахӕмы Елисей Шунемы сахары куы уыд, уӕд уыцы агъуыстмӕ бацыд ӕмӕ йӕхи хуыссӕныл ӕруагъта. 12Йӕ лӕггадгӕнӕг Гиезийӕн загъта: «Уыцы шунемаг сылгоймагмӕ-ма мын фӕдзур!» Уый йӕм фӕдзырдта, ӕмӕ йӕм ӕрбацыд. 13Елисей Гиезимӕ дзуры: «Зӕгъ-ма йын, ӕдзух ныл, зӕгъ, афтӕ зӕрдиагӕй аудыс, ӕмӕ мӕ фӕнды, исты хорз дын куы ракӕнин. Паддзахмӕ кӕнӕ дын ӕфсады хицаумӕ бацӕудзынӕн цыфӕнды курдиаты тыххӕй дӕр». Сылгоймаг загъта: «Бузныг! Фӕлӕ цы мыггаджы’хсӕн цӕрын, уым ницы хъуаг дӕн». 14Елисей Гиезийы бафарста: «Уӕдӕ йын цы хорз ракӕнӕм?» Уый йын дзуапп радта: «Ӕнхъӕлдӕн, ӕнӕзӕнӕг у, йӕ мой дӕр — зӕронд». 15Елиша та йӕ фервыста: «Фӕдзур-ма сылгоймагмӕ!» Уый йӕм фӕдзырдта, ӕмӕ сылгоймаг ӕрбацыд ӕмӕ дуармӕ ӕрлӕууыд. 16Елисей йын загъта: «Иннӕ ацафон дӕ хъӕбысы уыдзӕни лӕппу». Уый йын дзуапп радта: «Нӕ, дӕ нывонд фӕуон, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг! Уымӕн уӕвӕн нӕй ӕмӕ мын дзӕгъӕл ныфсытӕ ма ӕвӕр!» 17Фӕлӕ сылгоймаг банхъӕлцау ӕмӕ йын Елисей куыд загъта, афтӕ афӕдзы фӕстӕ ныййардта лӕппу. 18Саби байрӕзт ӕмӕ иуахӕмы хуымгӕрдӕг адӕмы цурмӕ йӕ фыды уынынмӕ ацыд. 19Уӕд дын ӕвиппайды куы ныцъцъӕхахст кӕнид: «Мӕ сӕр! Мӕ сӕр риссы!» Лӕппуйы фыд йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ баздӕхт: «Цу, йӕ мадмӕ йӕ ахӕсс!» 20Уый сабийы ахаста йӕ мадмӕ, ӕмӕ сихормӕ йӕ мады хъӕбысы уыди, стӕй сихорӕй амард. 21Йӕ мад ӕй Хуыцауы ӕвзӕрст лӕджы хуыссӕныл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йыл дуар бахгӕдта, йӕхӕдӕг рацыд, 22йӕ моймӕ фӕдзурын кодта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ лӕггадгӕнджытӕй мӕм иуы ӕрбарвит, стӕй — иу сыл хӕрӕг. Хуыцауы минӕвары бабӕрӕг кӕнон, стӕй уыцы фӕдыл фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзынӕн». 23Уый йын загъта: «Ацы бон ӕм цӕмӕн цӕуыс? Мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат куы нӕу!» Уый йын дзуапп радта: «Хорз у алцыдӕр!» 24Йӕхӕдӕг уӕддӕр сыл хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Хӕрӕджы размӕ тӕр, ӕмӕ дын цалынмӕ зӕгъон, уӕдмӕ ма ӕрлӕуу!» 25Афтӕмӕй араст ис ӕмӕ бахӕццӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгмӕ, Кармелы хохмӕ. Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ӕй дардмӕ базыдта ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Гиезийӕн загъта: «Уый уыцы шунемаг сылгоймаг у. 26Рӕвдз йӕ размӕ ауай ӕмӕ йӕ бафӕрс, йӕхӕдӕг дӕр, йӕ мой дӕр ӕмӕ йӕ саби дӕр куыд сты, уымӕй!» Сылгоймаг Гиезийӕн загъта: «Дзӕбӕх стӕм». 27Фӕлӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгмӕ куы схӕццӕ ис Кармелы хохмӕ, уӕд йӕ разы ныддӕлгом ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕн ныхъхъӕбыс кодта. Гиези йӕ иуварс акӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг баурӕдта: «Ныууадз ӕй, йӕ зӕрдӕ рыст у, фӕлӕ йӕ Дунедарӕг мӕнӕй басусӕг кодта, нӕ мын ӕй схъӕр кодта». 28Сылгоймаг загъта: «Куы нӕ дӕ куырдтон лӕппу, дӕ нывонд фӕуон! Куы дын дзырдтон, дзӕгъӕл ныфсытӕ мын ма’вӕр, зӕгъгӕ!» 29Елисей Гиезийӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ рон ӕрбабӕтт, мӕнӕ дын мӕ лӕдзӕг дӕр, ӕмӕ, фӕстӕмӕ дӕр ма фӕкӕс, афтӕмӕй тагъд цӕугӕ Шунемы сахармӕ. Дӕ фӕндагыл мадӕр салам искӕмӕн ратт, мадӕр, салам дын чи зӕгъа, уымӕн исты дзуапп ратт! Ӕмӕ куыддӕр бахӕццӕ уай, афтӕ-иу мын мӕ лӕдзӕг лӕппуйы цӕсгомыл ӕрӕвӕр!» 30Сабийы мад загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй, нӕ дӕ ныууадздзынӕн иу ран!» Ӕмӕ Елисей сылгоймаджы фӕдыл ацыд. 31Гиези Шунеммӕ бахӕццӕ ис сӕ разӕй ӕмӕ пехуымпары лӕдзӕг сабийы цӕсгомыл ӕрӕвӕрдта, фӕлӕ уый иу сым дӕр не скодта, нӕдӕр дзы иу нуар базмӕлыд. Уӕд Гиези фӕстӕмӕ Елисейы размӕ аздӕхт ӕмӕ йын загъта: «Нӕ хъал кӕны лӕппу». 32– 33Елисей хӕдзармӕ куы ӕрбахӕццӕ ис, уӕд йӕхи агъуыстмӕ схызти ӕмӕ, йӕ хуыссӕны лӕппуйы мардӕй куы федта, уӕд дуар рахгӕдта ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта. 34Уый фӕстӕ сабийыл ныффӕлдӕхт, йӕ дзых уый дзыхыл куыд ӕндзӕва, йӕ цӕстытӕ — уый цӕстытыл, йе’рмттӕ дӕр — уый ӕрмттыл. Исдуг ыл афтӕ фӕлдӕхтӕй куы алӕууыди, уӕд сабийы буар бахъарм ис. 35Пехуымпар сыстад, агъуысты мидӕг арацу-бацу кодта ӕмӕ та ногӕй сабийыл ныффӕлдӕхт. Уӕд дын саби ӕхснырсын куы байдаид. Авд хатты ӕрӕхснырста ӕмӕ йӕ цӕстытӕ байгом кодта. 36Елисей Гиезимӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Йӕ мады йын ӕрбакӕн!» Уый йӕ ӕрбакодта, ӕмӕ йын Елисей загъта: «Мӕнӕ дӕ лӕппу, райс ӕй». 37Шунемаг сылгоймаг ын йӕ къӕхтӕм ӕрхауд, зӕххы онг ын акуывта, стӕй лӕппуйы йӕ хъӕбысмӕ систа ӕмӕ уатӕй ӕддӕмӕ рахызт. 38Елисей дӕр аздӕхти Гилгалмӕ. Уӕд уыцы зӕххыл скодта ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ уырдыгон пехуымпартӕ Елисеймӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд уый йӕ лӕггадгӕнӕгӕн бафӕдзӕхста: «Стыр аг бауӕларт кӕн ӕмӕ пехуымпартӕн хъӕрмхуыпп афыц!» 39Сӕ иу рацыди быдырмӕ, исты цъӕх кӕрдӕджытӕ ратонынмӕ, ӕмӕ бамбӕлди цавӕрдӕр зайӕгойыл, насы’нгӕс дыргътӕ йын. Уыцы дыргътӕй йӕ пӕлӕзы дзаг ӕрбахаста, ныллыгтӕ сӕ кодта ӕмӕ сӕ аджы ныккалдта хъӕрмхуыппыл. Хӕрынӕн нӕ бӕззынц, уый сӕ ничи зыдта. 40Хъӕрмхуыппӕй куыддӕр сахуыстой, афтӕ хъӕрахст самадтой: «Хуыцауы минӕвар, марг ис аджы!» Хӕрӕн ын нӕ уыди хъӕрмхуыппӕн. 41Елисей загъта: «Ӕриут-ма мын ссад!» Аджы йӕ ныккодта ӕмӕ Гиезийӕн загъта: «Адӕмӕн хъӕрмхуыпп ӕркӕн ӕмӕ бахӕрой!» Афтӕ схорз ис сӕ хӕринаг. 42Иу чидӕр ӕрбацыди Баал-Шалишайӕ, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн ӕрбахаста хъӕбӕрхоры кӕрдзынтӕ, хоры сӕрӕй конд, стӕй хоры цӕттӕ ӕфсиртӕ. Елисей та йӕ лӕггадгӕнӕгӕн зӕгъы: «Адӕмӕн ратт, ӕмӕ хӕрой!» 43Уый бадис кодта: «Сӕдӕ лӕджы бафсадынӕн уый цы у?» Елисей та йын зӕгъы: «Адӕмӕн ратт, ӕмӕ хӕрой! Дунедарӕг загъта, зӕгъгӕ, бафсӕддзысты, сӕ уӕлдай дӕр ма ныууадздзысты». 44Уый сын радта, ӕмӕ бафсӕстысты, сӕ уӕлдай дӕр ма ныууагътой, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.
Copyright information for
OssIBT2022