2 Kings 6
1Пехуымпартӕ Елисейӕн загътой: «Нӕ иумӕйаг цӕрӕн агъуыст нын ӕгӕр къуындӕг сси, 2ӕмӕ, цӕй, Иорданы былгӕронмӕ бӕлӕсты бынмӕ ацӕуӕм, ракалӕм дзы, фӕйнӕ хъӕды рацамайӕм ӕмӕ уым нӕхицӕн ног цӕрӕнбынат скӕнӕм». Уый сын дзуапп радта: «Ацӕут». 3Сӕ иу ӕм бахатыд: «Дӕ хорзӕхӕй, ды дӕр немӕ рацу». Уый загъта: «Хорз». 4Ӕмӕ семӕ ацыд. Иорданы былгӕрон бӕлӕстӕ цӕгъдын куы райдыдтой, 5уӕд пехуымпартӕй иуӕн йӕ фӕрӕт доны ныххауд, ӕмӕ лӕг ныффӕдис кодта: «Ӕллӕх, ме’лдар! Кӕйдӕр фӕрӕт мын уыди!» 6Елисей йӕ бафарста: «Кӕцы ран ныххаудта?» Уый йын ӕй бацамыдта, ӕмӕ уӕд Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг суджы лыггаг ракодта, уырдӕм ӕй баппӕрста, ӕмӕ фӕрӕт доны сӕрыл абадтис. 7Пехуымпарӕн загъта: «Райс ӕй». Уый йӕм йӕ къух баивӕзта ӕмӕ йӕ райста. 8Иуахӕмы Сирийы паддзах бабырста Израилмӕ ӕмӕ йе’фсады хицӕуттимӕ уынаффӕ кодта, кӕцы ран ӕрбынат кӕнӕм, зӕгъгӕ. 9Уӕд Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Израилы паддзахмӕ барвыста, уыцы ранмӕ ма барӕди, уымӕн ӕмӕ йӕ сириӕгтӕ бацахстой, зӕгъгӕ. 10Ӕмӕ Израилы паддзах уырдӕм сгарджытӕ арвыста. Иу ӕмӕ йын дыууӕ хатты не сбӕззыди Хуыцауы минӕвары уынаффӕ. 11Сирийы паддзах бакатай кодта ӕмӕ йе’фсады хицӕуттӕм фӕдзырдта. Бафарста сӕ: «Нӕхиуӕттӕй исчи Израилы паддзахмӕ балыгъди?» 12Сӕ иу ын дзуапп радта: «Нӕ, мӕ паддзах! Уый йын Израилы пехуымпар Елисей рахабар кӕны, ды дӕ хуыссӕнуаты цы фӕзӕгъыс, уыдӕттӕ дӕр». 13Паддзах бафӕдзӕхста: «Цӕут ӕмӕ базонут, кӕм ис, уый, ӕмӕ йӕм ӕз барвитон ӕмӕ йӕ ӕрцахсын кӕнон». Паддзахмӕ фӕхабар кодтой, Елисей Дотаны ис, зӕгъгӕ, 14ӕмӕ уырдӕм арвыста стыр бӕхӕфсад, хӕстон уӕрдӕттимӕ. Ӕхсӕвыгон ӕрхъула кодтой сахарыл. 15Райсомӕй Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ федта: сахары алыварс лӕууы стыр ӕфсад, ӕд бӕхтӕ, ӕд хӕстон уӕрдӕттӕ. Елисейы афарста: «Ныр цы фӕуыдзыстӕм?» 16Уый йын загъта: «Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты». 17Елисей скуывта: «О Дунедарӕг! Байгом ын кӕн йӕ цӕстытӕ, ӕмӕ сӕ фена». Дунедарӕг лӕггадгӕнӕджы цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ уый федта: Елисейы алыварс хох бӕхты ӕмӕ пиллӕттӕ уадзгӕ хӕстон уӕрдӕтты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕны. 18Сириӕгтӕ йӕм куы ӕрбаввахс сты, уӕд та Елисей Дунедарӕгмӕ скуывта: «Бакуырм сӕ кӕн!» Ӕмӕ сӕ Уый бакуырм кодта Елисейы дзырдӕй. 19Елисей сын загъта: «Раст фӕндагыл нӕ рацыдыстут. Ай уыцы сахар нӕу. Мӕ фӕдыл цӕут, ӕмӕ кӕй агурут, уымӕ уӕ бахӕццӕ кӕндзынӕн». Ӕмӕ сӕ Самаримӕ акодта кодта. 20Самаримӕ куы бацыдысты, уӕд Елисей скуывта: «О Дунедарӕг, сӕ цӕстытӕ сын байгом кӕн, уадз ӕмӕ уыной!» Дунедарӕг сын сӕ цӕстытӕ байгом кодта ӕмӕ федтой, Самарийы астӕу кӕй сты, уый. 21Уӕд Израилы паддзах Елисейы бафарста: «Уӕд та сӕ ныццӕгъдин, мӕ фыдыхай?» 22Уый йын загъта: «Дӕ къух сӕм ма сис! Ау, дӕ кард ӕмӕ дӕ фаты фӕрцы сӕ райстай уацары, куыд сӕ хъуамӕ ныццӕгъдай? Фӕлтау сын хӕрд ӕмӕ нозт ӕрӕвӕр сӕ разы, ӕмӕ куы бафсӕдой, уӕд сӕ арвит сӕ паддзахмӕ». 23Паддзах сӕ дзаджджын фынгтыл ӕрбадын кодта. Куы фӕминас кодтой, уӕд сӕ ауагъта, ӕмӕ сӕ паддзахмӕ ацыдысты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Сирийы ӕфсӕдтӕ Израилы зӕхмӕ нал бырстой. 24Фӕлӕ иу заман Сирийы паддзах Бен-Хадад ӕрбамбырд кодта йе’фсад, бабырста Израилы зӕхмӕ ӕмӕ Самарийыл ӕрхъула кодта. 25Уӕд Самарийы скодта ӕвирхъау стонг заман. Суанг ма хӕрӕджы сӕр дӕр уӕй кодтой ӕвзисты цыппарыссӕдз шекелӕй, бӕлоны бӕркъайы кавӕн ▼▼Кав — 0,3 литрмӕ ӕввахс.
та йӕ цыппӕрӕм хай — ӕвзисты фондз шекелӕй. 26Иуахӕмы Израилы паддзах фӕцӕйцыди сахары быруйы сӕрыл, ӕмӕ йӕм иу сылгоймаг ныхъхъӕр кодта: «Баххуыс мын кӕн, мӕ паддзах!» 27Уый йын загъта: «Кӕд дын Дунедарӕг не’ххуыс кӕны, уӕд дын ӕз куыд баххуыс кӕнон? Нӕдӕр нӕм тыллӕджы мур куы нал баззад, нӕдӕр — сӕны ӕртах! 28Цы дӕ хъӕуы?» Уый йын загъта: «Мӕнӕ мын ацы ус афтӕ, цӕй ӕмӕ, дам, абон дӕу лӕппуйы бахӕрӕм, райсом та мӕноны. 29Ӕмӕ иу бон мӕ лӕппуйы сфыхтам ӕмӕ йӕ бахордтам, фӕлӕ иннӕ бон ацы ус йӕ лӕппуйы бамбӕхста». 30Паддзах сылгоймагӕй уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, ӕмӕ, дарддӕр куы фӕцӕйцыд, уӕд адӕм федтой, мидӕгӕй йыл сӕхъис кӕй уыди, уый. 31Паддзах расомы кодта: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, Шафаты фырт Елисейы сӕр ма абон йӕ гуырыл куы баззайа, уӕд!» 32Ӕмӕ йӕм марӕджы арвыста. Уыцы заман Елисей та сахары хистӕртимӕ бадтис йӕ хӕдзары, ӕмӕ йӕ марӕг нӕма’рбахӕццӕ, афтӕмӕй сын зӕгъы: «Уый зонут, ӕмӕ мӕм уыцы лӕгмар мӕ марӕджы ӕрбарвыста, мӕ сӕр мын мӕ гуырӕй фӕхицӕн кӕнынмӕ. Кӕсут-иу, ӕмӕ куыддӕр фӕзына, афтӕ-иу дуар рахгӕнут ӕмӕ йӕ ма’рбауадзут. Йӕ рарвитӕджы дӕр ныртӕккӕ ардӕм хъӕуы». 33Дзургӕ ма кодта, афтӕмӕй паддзах йӕхӕдӕг дӕр ӕрбахӕццӕ ис ӕмӕ Елисейӕн загъта: «Ныр ма цавӕр ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсон Дунедарӕгмӕ, фыдбӕллӕхы нӕ Йӕхӕдӕг куы баппӕрста, уӕд?»
Copyright information for
OssIBT2022