‏ 2 Kings 7

1Ууыл Елисей загъта: «Дунедарӕджы уынаффӕмӕ байхъусут! Райсом ацафон Самарийы кулдуары цур ӕвзаргӕ ссады мӕрт уӕй кӕндзысты иу шекелыл, хъӕбӕрхоры дыууӕ мӕрты дӕр афтӕ».

2Паддзахы фӕсдзӕуин афтӕ бакодта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ дӕр куы бакӕнид, уӕд уырдыгӕй исты ахӕм ӕрхауид!»

Елисей йын загъта: «Дӕхи цӕстӕй сӕ фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ».

3Уыцы заман сахары кулдуары ӕдде лӕууыди цыппар хъотырджыны ӕмӕ сӕхимидӕг дзырдтой: «Ам цы боны хорзмӕ кӕсӕм нӕ мӕлӕтмӕ? 4Сахармӕ куы бацӕуӕм, уӕд уым адӕм сыдӕй мӕлынц, ӕмӕ мах дӕр амӕлдзыстӕм. Ам куы баззайӕм, уӕд дӕр — афтӕ. Фӕлтау сириӕгты рӕсӕнуатмӕ ацӕуӕм, ӕмӕ нӕ сӕрӕгасӕй куы ныууадзой, уӕд цӕрдзыстӕм, куы нӕ амарой, уӕд та амӕлдзыстӕм».

5Изӕрмилты араст сты сириӕгты асадӕны’рдӕм. Йӕ дӕлбазырмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд дын кӕсынц, ӕмӕ дзы цъиуызмӕлӕг дӕр нӕ. 6Уый Дунедарӕг сириӕгты хъустыл ауайын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсады уынӕр, тохуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ бӕхты мыр-мыр. Бакатай кодтой сириӕгтӕ: «Израилы паддзах нын хеттаг ӕмӕ мысыраг паддзӕхты ӕфсӕдтӕ нӕ ныхмӕ баххуырста, ӕндӕр ницы». 7Ӕмӕ, нӕ сӕртӕ бафснайӕм, зӕгъгӕ, изӕрдалынгты лидзынмӕ фесты. Ныууагътой сӕ цатыртӕ, сӕ бӕхтӕ, сӕ хӕрджытӕ ӕмӕ сӕ рӕсӕнуат дӕр, куыд уыди, афтӕмӕй.

8Ныр ацы хъотырджынтӕ та асадӕны кӕрон иу цатырмӕ бацыдысты, бахордтой, бануӕзтой ӕмӕ дзы ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ уӕлӕдарӕсӕй цы уыди, уыдон рахастой ӕмӕ сӕ бамбӕхстой. Бацыдысты ӕндӕр цатырмӕ дӕр ӕмӕ, уырдыгӕй дӕр цы рахастой, уый бамбӕхстой. 9Уый фӕстӕ загътой: «Раст нӕ кӕнӕм. Ацы бон цины бон у, ӕмӕ цины уац ӕвӕстиатӕй фехъусын кӕнӕм нӕ паддзахӕн. Науӕд боны срухсмӕ ам куы баззайӕм, уӕд фӕазымджын уыдзыстӕм».

10Сахары кӕронмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кулдуаргӕстӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сын рахабар кодтой, зӕгъгӕ, сириаг рӕсӕнуатмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы иу адӕймаг дӕр нӕ зыны, иу хъыпп-сыпп дзы никуыцӕй хъуысы, ӕрмӕстдӕр дзы ис баст бӕхтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, стӕй ӕд ис-бис цатыртӕ. 11Кулдуаргӕстӕ дарддӕр алӕвӕрдтой уыцы хабар ӕмӕ йӕ бахӕццӕ кодтой суанг паддзахы галуанмӕ. 12Паддзах ӕхсӕвы сыстад ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Сириӕгтӕ нын цы бакӕнинаг сты, уый уын зӕгъон. Сыдӕй мӕлынмӕ ӕрцыдыстӕм, уый зонынц ӕмӕ сӕ асадӕны ӕдде быдыры ӕрӕмбӕхстысты. Хъуыды кӕнынц, сахарӕй куы рацӕуой, уӕд сӕ уадидӕгӕн уацары райсдзыстӕм ӕмӕ сахармӕ бабырсдзыстӕм, зӕгъгӕ».

13Ууыл ын йӕ дӕлдӕртӕй иу зӕгъы: «Ам ма нӕм фондз бӕхы баззад, ӕмӕ сӕ райсӕнт. Уыдон дӕр мӕлынц, ӕппӕт израилӕгтау. Сгарджытӕ арвитӕм ӕмӕ хъуыддаг базонӕм».

14Паддзах сифтындзын кодта дыууӕ хӕстон уӕрдоны ӕмӕ сириаг ӕфсады фӕдыл арвыста сгарджытӕ. 15Фӕдагур фӕцыдысты суанг Иорданы онг. Ныр сириӕгтӕ та сӕ фыртагъдӕй фӕндагыл фӕкалдтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ сӕ алы дзаумӕттӕ, ӕмӕ сын сӕ адон куы федтой, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхтысты ӕмӕ паддзахӕн хабар радзырдтой. 16Уӕд адӕм сахарӕй рацыдысты ӕмӕ сириаг асадӕны ис-бис иууылдӕр рассывтой. Ӕмӕ уыцы бон ӕвзаргӕ ссады мӕрт уӕй кодтой иу шекелыл, хъӕбӕрхоры дыууӕ мӕрты дӕр — шекелыл, Дунедарӕг Елисейы уылты куыд загъта, афтӕ. 17Паддзах сахары кулдуары раз цӕстдарӕгӕй баурӕдта йӕ фӕсдзӕуины, фӕлӕ йӕ адӕм сӕ къӕхты бын банай кодтой, ӕмӕ амард. Афтӕмӕй, ацы ран дӕр сӕххӕст ис Хуыцауы ӕвзӕрст лӕджы ныхас. 18Уый паддзахӕн афтӕ куы загъта, райсом ацафон Самарийы кулдуары цур ӕвзаргӕ ссады мӕрт дӕр ӕмӕ хъӕбӕрхоры дыууӕ мӕрты дӕр иу шекелыл уӕй кӕндзысты, зӕгъгӕ, 19уӕд ын ацы фӕсдзӕуин ахӕм дзуапп радта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ куы бакӕнид, уӕд дӕр уымӕн уӕвӕн куыд ис?» Ӕмӕ йын Елисей загъта: «Уый дӕхи цӕстӕй фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ». 20Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауади хъуыддаг. Паддзахы фӕсдзӕуин адӕмы къӕхты бын фӕци ӕмӕ амард.
Copyright information for OssIBT2022