‏ 2 Kings 8

1Елисей, йӕ лӕппуйы кӕмӕн райгас кодта, уыцы шунемаг сылгоймагӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ бинонтимӕ уал ӕндӕр искуыдӕм ацу цӕрынмӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ацы зӕххыл авд азы дӕргъы уыдзӕн ӕххормаг заман».

2Сылгоймаг байхъуыста Хуыцауы минӕвары дзырдмӕ ӕмӕ ӕд бинонтӕ ӕрцарди филистимӕгты зӕххыл. 3Авд азы куы аивгъуыдта, уӕд уыцы сылгоймаг филистимаг зӕххӕй ӕрбаздӕхт йӕ фыдыуӕзӕгмӕ ӕмӕ паддзахмӕ хатӕг бацыди, цӕмӕй йын фӕстӕмӕ ратта йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ зӕххы хай. 4Тӕккӕ уыцы рӕстӕг паддзах ныхас кодта Хуыцауы ӕвзӕрст лӕджы лӕггадгӕнӕг Гиезиимӕ, куырдта дзы, цӕмӕй йын радзура Елисейы диссӕгтӕ. 5Ӕмӕ йын уый мард лӕппуйы райгасы хабар куыд дзырдта, афтӕ уыцы лӕппуйы мад та паддзахмӕ лӕгъстӕгӕнӕг ӕрбацыд, цӕмӕй йын йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ зӕххы хай фӕстӕмӕ ратта. Гиези паддзахӕн загъта: «Мӕ паддзах, мӕнӕ ацы усӕн райгас кодта йӕ лӕппуйы Елисей».

6Паддзах сылгоймаджы бафарста йӕ хъуыддагӕй, ӕмӕ йын ӕй уый бӕстон куы радзырдта, уӕд йӕ фӕсдзӕуинтӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ исбон иууылдӕр фӕстӕмӕ раттой, уыимӕ — йӕ ацыдӕй нырмӕ йӕ хуымӕй цы тыллӕг ист ӕрцыд, уый дӕр.

7Ныр Елисей та фӕцыди Дамаскмӕ. Уӕд Сирийы паддзах Бен-Хадад рынчын уыд, ӕмӕ йӕм фӕхабар кодтой, Хуыцауы минӕвар сахары ис, зӕгъгӕ. 8Паддзах Хазаелӕн загъта: «Хуынимӕ ацу Хуыцауы минӕвары размӕ, ӕмӕ мын Хуыцауы бафӕрсӕд, сдзӕбӕх уыдзынӕн ӕви нӕ».

9Хазаел ын Дамаскы хуыздӕр хӕрзтӕй ӕрцӕттӕ кодта дыууиссӕдз теуауаргъы ӕмӕ уыдонимӕ йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Дӕумӕ мӕ рарвыста дӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг, Арамы паддзах Бен-Хадад, йӕ низӕй сдзӕбӕх уыдзӕн, ӕви нӕ, уымӕй бафӕрсынмӕ».

10Елисей йын загъта: «Цу ӕмӕ йын афтӕ зӕгъ: „Сдзӕбӕх уыдзынӕ“. Фӕлӕ мын Дунедарӕг раргом кодта, кӕй амӕлдзӕн, уый».

11Елисей ӕдзынӕг ныккасти Хазаелмӕ, ӕмӕ йӕм бирӕ кӕй каст, уымӕ гӕсгӕ уый фефсӕрмы ис. Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ӕвиппайды ныккуыдта, 12ӕмӕ йӕ Хазаел афарста: «Дӕ зӕрдӕ цӕмӕй суынгӕг ис, ме’лдар?»

Уый йын дзуапп радта: «Израилы адӕмӕн фыдбылыз кӕй скӕндзынӕ, уымӕй. Сӕ фидӕрттӕ сын басудздзынӕ, сӕ лӕппуты сын карды амӕттаг бакӕндзынӕ, сӕ дзидзидайты сын ныммардзынӕ, се’нхъӕлцау сылгоймӕгты сын афаддзынӕ».

13Хазаел бадис кодта: «Ау, ӕмӕ ӕз чи дӕн, цӕмӕй ахӕм хъуыддаг бакӕнон?»

Елисей йын загъта: «Дунедарӕг мын раргом кодта, Арамы паддзах ды уыдзынӕ, уый».

14Уыйадыл Хазаел аздӕхти йӕ паддзахмӕ. Уый йӕ бафарста: «Цы дын загъта Елисей?»

Хазаел ын дзуапп радта: «Сдзӕбӕх, дам, уыдзынӕ».

15Дыккаг бон Хазаел хъӕццул райста, ныххуылыдз ӕй кодта, паддзахы цӕсгомыл ӕй ӕрытыдта, ӕмӕ паддзах амарди. Йӕ амӕлӕты фӕстӕ Арамы паддзах сси Хазаел.

16Израилы паддзах Йорамы, Ахавы фырты, паддзахиуӕджы фӕндзӕм аз Иудейӕн паддзах сси Иосафаты фырт Иорам. 17Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕртын дыууӕ азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта аст азы. 18Йе’наккаг хъуыддӕгтӕй фӕзмыдта Израилы паддзӕхты, уыимӕ Ахавы бинонты, уымӕн ӕмӕ йӕ бинойнаг Ахавы чызг уыд. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта. 19Фӕлӕ Дунедарӕджы нӕ фӕндыд Иудейы адӕмы фесафын, Йӕ цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ Давидӕн ныфс бавӕрдта, йӕ байзӕддаг мыггагмӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты, уымӕй.

20Уыцы заман Едомы адӕм нал уисӕн кодтой Иудейӕн ӕмӕ сӕхицӕн скодтой паддзах. 21Иуахӕмы Иорам ӕд бӕхӕфсад, ӕд тохуӕрдӕттӕ Цаирмӕ бабырста. Едомӕгтӕ йыл ӕрхъула кодтой, фӕлӕ сӕ уый ӕхсӕвы ныццагъта, ӕмӕ адӕм сӕ цатыртӕм фӕлыгъдысты. 22Уӕдӕй абонмӕ едомӕгтӕ Иудейы дӕлбар нал сты. Уыцы заман йӕ ныхмӕ растади Ливнӕйы сахар дӕр.

23Иорамы иннӕ хабӕрттӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 24Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахазиа.

25Иудейаг паддзах Иорамы фырт Ахазиа Иудейӕн паддзах сси Израилы паддзах Йорамы, Ахавы фырты, паддзахиуӕджы дыууадӕсӕм аз. 26 27Паддзах куы сси Йерусалимы, уӕд ыл цыди дыууӕ ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ йӕ паддзахиуӕг ӕдӕппӕтӕй ахаста иу аз. Йӕ мад Атали уыд израилаг паддзах Амрийы чызг, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Ахазиа хион ӕййӕфта Ахавы мыггагӕн. Ахавӕн йе’наккаг митӕ фӕзмыдта, Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ кодта. 28Ахавы фырт Йорамимӕ Ахазиа бабырста Галаадаг Рамотмӕ ӕмӕ схӕцыди Арамы паддзах Хазаелимӕ. Арамейӕгтӕ фӕцӕфтӕ кодтой Йорамы, 29ӕмӕ ӕрбаздӕхт Изреелмӕ — Рамоты сахары Хазаелимӕ куы хӕцыд, уӕд ын арамейӕгтӕ цы цӕфтӕ ныккодтой, уыдонӕй йӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ. Уым ӕй йӕ рынчыны заман бабӕрӕг кодта иудейаг паддзах Ахазиа, Иорамы фырт.
Copyright information for OssIBT2022