2 Kings 9
1Пехуымпар Елисей пехуымпарты ахуыргӕнинӕгтӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ ацы оливӕйы сойы дурын ӕвӕстиатӕй Галаадаг Рамотмӕ ахӕсс. 2Уым бацагур Нимшийы фырт Йосафаты фырт Йегуйы. Йе’мбӕлттимӕ уыдзӕн, ӕмӕ йӕ сӕ цурӕй рахон ӕмӕ йӕ ӕндӕр уатмӕ хибар ранмӕ бакӕн. 3Уым ын дӕ дурыны сой йӕ сӕрыл ӕруадз ӕмӕ йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: сӕрдын дӕ ӕмӕ дӕ Израилӕн сидын паддзахӕй“. Уый фӕстӕ-иу дуар фегом кӕн ӕмӕ лидз, фӕстӕмӕ дӕр ма фӕкӕс, афтӕмӕй». 4Ӕвзонг пехуымпар, Елисейы ӕрвыст, араст ис Галаадаг Рамотмӕ. 5Куы бахӕццӕ, уӕд цӕлхӕмбырдӕй бадгӕ баййӕфта хӕстон разамонджыты. Сӕ иумӕ дзы бауырдыг: «Ахсджиаг ныхасаг мӕ ис уемӕ, ӕфсады хицау». Йегу йӕ афарста: «Махӕй кӕимӕ?» Уый йын загъта: «Дӕуимӕ, ӕфсады хицау». 6Йегу сыстад йӕ бынатӕй ӕмӕ пехуымпаримӕ хӕдзармӕ бацыд. Уый йын йӕ сӕрыл сой ӕруагъта ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Сӕрдын дӕ ӕмӕ дӕ Израилӕн ӕвӕрын паддзахӕй. 7Ды ныццӕгъддзынӕ дӕ паддзах Ахавы байзӕддӕгты ӕмӕ Мын афтӕмӕй райсдзынӕ Мӕ маст. Райсдзынӕ, Иезавел кӕй амарын кодта, Мӕ уыцы цагъарты туг: Мӕ пехуымпарты ӕмӕ Ме’ппӕт лӕггадгӕнджыты туг. 8Ахавы хӕдзарвӕндаг бабын уыдзӕн, стырӕй, чысылӕй дзы иу нӕлгоймаг дӕр нал ныууадздзынӕн Израилы адӕмы’хсӕн. 9Бафхӕрдзынӕн Ахавы мыггаджы, Наваты фырт Йоровамы ӕмӕ Ахийайы фырт Баасайы мыггӕгты куыд бафхӕрдтон, афтӕ. 10Иезавелы дӕр куыйтӕ бахӕрдзысты Изреелы быдыры, ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй баззайдзӕн“». Пехуымпар куыддӕр йӕ ныхас фӕци, афтӕ дуар йӕ сӕрыл ахаста ӕмӕ алыгъди. 11Йегу йӕ хицауы лӕггадгӕнджытӕм куы рацыд, уӕд ӕй уыдон бафарстой: «Цы хабар у? Уыцы нӕрӕмон дӕм цӕй тыххӕй ӕрбацыд?» Дзуапп сын радта: «Цы лӕг у ӕмӕ цы ӕнӕхъола ныхӕстӕ фӕкӕны, уый уӕхӕдӕг дӕр куы зонут». 12Йе’мбӕлттӕ йӕ баййардтой: «Фӕдфӕливӕн ныхӕстӕ ма кӕн! Радзур нын, цы дын дзырдта, уый». Йегу сын дзуапп радта: «Уый загъта: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ацы байсӕрстӕй дӕ Ӕз Израилӕн паддзахӕй расидтӕн“». 13Уыдон ын уайтагъд йӕ къӕхты бын къӕпхӕнтыл сӕ пӕлӕзтӕ ӕрытыдтой, сыкъауадындзтӕй ныууасыдысты ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Йегу сси паддзах!» 14Йосафаты фырт Йегу, Нимшийы мыггагӕй, тӕккӕ уыцы сахат Йорамы ныхмӕ скодта сусӕгвӕнд. Уыцы заман Йорам та Израилы’фсадимӕ лӕууыд Галаадаг Рамоты раз ӕмӕ хӕцыд Арамы паддзах Хазаелы ныхмӕ. 15Фӕлӕ арамейӕгтӕ Йорамы фӕцӕфтӕ кодтой, Арамы паддзах Хазаелы ныхмӕ куы хӕцыди, уӕд, ӕмӕ аздӕхти Изреелмӕ, йӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ. Йегу йе’мбӕлттӕн загъта: «Кӕд мемӕ разы стут, уӕд уӕ ацы сахарӕй Изреелмӕ мачи алидзӕд, ам цы’рцыд, уый фехъусын кӕнынмӕ». 16Йегу йӕхӕдӕг йӕ бӕхыл абадт ӕмӕ араст Изреелмӕ, Йорам кӕм сади ӕмӕ йӕм Иудейаг паддзах Ахазиа бӕрӕггӕнӕг кӕдӕм ацыд, уырдӕм. 17Хъалагъур Изреелы мӕсыджы сӕрӕй ауыдта, Йегуйы ӕфсӕдтӕ куыд ӕрбабырсынц, уый, ӕмӕ паддзахӕн фехъусын кодта: «Бирӕ ӕфсад ӕрбацӕуы». Йорам ын загъта: «Иу бӕхджыны сӕм арвит ӕмӕ, цы хабар ӕрбахастой, уымӕй сӕ бафӕрсӕд». 18Бӕхджын сӕ размӕ рацыд ӕмӕ сын загъта: «Паддзах фӕрсы, хабӕрттӕ, дам, куыд сты». Йегу йын афтӕ: «Цы дӕ хъуыддаг ис хабӕрттӕм? Цӕугӕ мӕ фӕдыл!» Хъалагъур паддзахӕн фехъусын кодта: «Бӕхджын сӕм бахӕццӕ, фӕлӕ фӕстӕмӕ нал раздӕхт». 19Арвыстой ӕндӕр бӕхджыны, ӕмӕ та уый дӕр сӕ размӕ куы бахӕццӕ, уӕд загъта: «Паддзах фӕрсы, хабӕрттӕ, дам, куыд сты». Йегу та уымӕн дӕр афтӕ: «Цы дӕ хъуыддаг ис хабӕрттӕм? Цӕугӕ мӕ фӕдыл!» 20Хъалагъур та паддзахӕн фехъусын кодта: «Ацы бӕхджын дӕр сӕ размӕ бахӕццӕ ӕмӕ нал раздӕхт. Ӕфсӕдты раздзогӕн йӕ бӕх Нимшийы фырт Йегуйы бӕхы цыд кӕны, уыцы знӕтӕй ӕрбалӕгӕрды». 21Йорам зӕгъы: «Мӕ уӕрдон мын сифтындз!» Сифтыгътой уӕрдон. Израилы паддзах Йорам ӕмӕ Иудейы паддзах Ахазиа сӕ уӕрдӕтты Йегуйы размӕ ахӕцыдысты. Баиу сты изреелаг Навоты зӕххы хайыл. 22Йорам Йегуйы куы ауыдта, уӕд ӕй бафарста: «Куыд сты хабӕрттӕ?» Йегу йын афтӕ: «Куыд хъуамӕ уой, дӕ мад Иезавел кӕйдӕр хуыцӕуттӕм куы кува ӕмӕ йӕхи ӕдзух дӕсныфӕрсӕнтыл куы ирхӕфса, уӕд?» 23Уый фехъусгӕйӕ, Йорам йӕ уӕрдон фӕстӕмӕ фездӕхта ӕмӕ лидзгӕ-лидзын ныхъхъӕр кодта: «Гадзрахатӕй ныл рацыдысты, Ахазиа!» 24Йегу йӕ фат суагъта, ӕмӕ Йорамӕн йӕ дыууӕ уӕны’хсӕн бацыд ӕмӕ йын разӕй йӕ зӕрдӕ ратыдта. Йорам йӕ уӕрдоны куы’рхаудта, 25уӕд Йегу йӕ фӕсдзӕуин Бидкарӕн загъта: «Цу ӕмӕ йӕ изреелаг Навоты зӕхмӕ баппар. Ӕрхъуыды-ма кӕн, йӕ фыд Ахавы фӕдыл дыууӕйӕ куы цыдыстӕм, уӕд Дунедарӕг уыцы Ахавы тыххӕй рагагъоммӕ цы загъта, уый: 26„Ӕз федтон, знон Навоты ӕмӕ йӕ фыртты куыд амардтой, уый ӕмӕ сын сӕ туг райсдзынӕн ацы зӕххы хайыл“. Гъемӕ йӕ рахӕсс ӕмӕ йӕ баппар уыцы зӕххы хайыл, ӕмӕ Дунедарӕджы дзырд сӕххӕст уыдзӕн». 27Ныр иудейаг паддзах Ахазиа та фӕцӕйлыгъди Бет-Ганы’рдӕм. Фӕлӕ йӕ Йегу фӕсте асырдта ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн бардзырд радта: «Уый дӕр амарут йӕ уӕрдоны!» Хабар ӕрцыди Гуры бӕрзӕндыл, Ивлеамы сахармӕ ӕввахс. Ахазиа ма Мегиддойы сахармӕ баирвӕзт ӕмӕ уым амард. 28Йӕ фӕсдзӕуинтӕ йӕ аластой Йерусалиммӕ, Давиды сахармӕ, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы. 29Ахазиа Иудейы паддзах сси Ахавы фырт Йорамы паддзахиуӕджы иуӕндӕсӕм аз. 30Йегу Изреелмӕ ӕрбаздӕхт, ӕмӕ Иезавел уый куы базыдта, уӕд йӕ цӕстытӕ сахуырста, йӕ сӕрмӕ дӕр базылди, ӕмӕ афтӕмӕй рудзынгӕй ӕддӕмӕ кӕсӕг йӕхи скодта. 31Йегу сахары кулдуарыл куыддӕр бахызт, афтӕ йӕм радзырдта: «Йӕ паддзахы чи амардта, уыцы Зимрийы хабар хорз рауади?» 32Йегу рудзынгмӕ скасти ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Мӕ чапартӕ, кӕм стут?» Дыууӕ ӕви йӕм ӕртӕ евнухы ракасти рудзынгӕй. 33Йегу сын загъта: «Раппарут уыцы сылгоймаджы!» Раппӕрстой йӕ, ӕмӕ куы’рхауди, уӕд йӕ туг бакалди галуаны къулыл ӕмӕ бӕхтыл. Йӕ бӕхы къӕхты бын ӕй фӕкодта Йегу. 34Уый фӕстӕ Йегу галуанмӕ мидӕмӕ бацыд, уым бахордта ӕмӕ бануӕзта, стӕй загъта: «Уыцы ӕлгъыстаджы кой бакӕнут, баныгӕнут ӕй, уӕддӕр та паддзахы чызг у!» 35Рацыдысты йӕм, фӕлӕ дзы сӕрыкъуыдыр ӕмӕ къухтӕ ӕмӕ къӕхты стджытӕй уӕлдай ницыуал ссардтой. 36Уӕд фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ хабар паддзахӕн радзырдтой. Уый сын загъта: «Дунедарӕг тишбийаг Илийайы уылты цы загъта, уый йыл ӕрцыд: Изреелы зӕххыл Иезавелӕн йӕ мард куыйтӕ бахӕрдзысты. 37Хуымы фаджысау суыдзӕн йӕ мард Изреелы быдыры, ӕмӕ ничиуал зӕгъдзӕн, уый Иезавел у, зӕгъгӕ».
Copyright information for
OssIBT2022