‏ 2 Peter 1

1Симон Петрӕй, Йесо Чырыстийы цагъар ӕмӕ апостолӕй, — нӕ Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы рӕстады руаджы нӕ зынаргъ уырнындзинадӕй чи схайджын, уыдонмӕ.

2Хуыцауы ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойы зоныны руаджы уӕм фылдӕр кӕнӕнт хорзӕх ӕмӕ фарн.

Хуыцауы Паддзахадмӕ куыд бацӕуӕн ис

3Хуыцауы хъаруйӕ нын ис, Хуыцаумӕ кувӕджы цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый, уымӕн ӕмӕ мах базыдтам Йӕ кад ӕмӕ нӕм Йӕ хорзӕхӕй Ӕрхонӕджы. a 4Афтӕмӕй махӕн, аргъ дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм хорзӕхтӕй зӕрдӕ бавӕрдӕуыд, цӕмӕй уый фӕрцы сымах Хуыцауы ӕрдзыхъӕдӕй схайджын уат ӕмӕ ацы дунейы тӕригъӕдджын монцты аххосӕй ма фесӕфат. 5Уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй архайут уӕ уырнындзинадмӕ хорз хъуыддӕгтӕ бафтауыныл, уӕ хорз хъуыддӕгтӕм та — зонынад; 6зондджынӕй уӕлдай ут хиуылхӕцгӕ, хиуылхӕцонӕй уӕлдай — фӕразон, фӕразонӕй уӕлдай ӕнувыд ут Хуыцауыл.

7Хуыцауыл ӕнувыдӕй уӕлдай узӕлут ӕфсымӕртыл, ӕфсымӕртыл узӕлынӕй уӕлдай уарзут алкӕй дӕр. b 8Кӕд сымах уыцы миниуджытӕй хайджын стут ӕмӕ уӕм фылдӕр кӕнынц, уӕд уыдоны фӕрцы уыдзыстут ӕнтыстджын ӕмӕ базондзыстут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы. c 9Уыцы миниуджытӕ кӕмӕ не сты, уый та у куырм ӕмӕ ницы уыны, йӕ раздӕры тӕригъӕдтӕй кӕй ссыгъдӕг, уый дзы ферох. d 10Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, зӕрдиагдӕрӕй архайут, Хуыцау уӕ кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ ӕрхуыдта, ууыл фидарӕй хӕцыныл. Афтӕмӕй никуы фӕкӕлдзыстут. 11Уымӕн ӕмӕ уын афтӕмӕй уыдзӕн нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы мыггагмӕйы Паддзахадмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ бацӕуыны фадат.

12Уымӕ гӕсгӕ сымахӕн уыдӕтты тыххӕй дзурдзынӕн ӕдзух, кӕд сӕ зонут ӕмӕ уӕм цы ӕцӕгад фӕхӕццӕ, ууыл фидар хӕцут, уӕддӕр. 13Уӕдӕ растыл нымайын, цалынмӕ ма мӕ ацы буары цӕрын, уӕдмӕ уын уыдӕттӕ ногӕй уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын. 14Уымӕн ӕмӕ мын нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти раргом кодта ӕмӕ зонын, рӕхджы мын ацы буар ныууадзгӕ кӕй уыдзӕн, уый. e 15Уӕдӕ архайдзынӕн, ацы дунейӕ куы ацӕуон, уӕд мӕ ныхӕстӕ кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдыл куыд лӕууой.

Чырыстийы Кады ӕвдисӕн

16Мах уын нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйы ӕмӕ Йе’рцыды кой куы кодтам, уӕд кӕйдӕр ӕрымысгӕ рӕсугъд аргъӕуттӕ нӕ фӕзмыдтам — нӕхи цӕстӕй Йын федтам Йе стыр кад. f 17Тӕккӕ уӕлдӕр Кадджынӕй Йӕм куы ӕрыхъуыст: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у», уӕд райста Фыд Хуыцауӕй кад ӕмӕ намыс. g 18Уыцы уӕларвон хъӕлӕс мах фехъуыстам нӕхӕдӕг, сыгъдӕг хохыл Йемӕ куы уыдыстӕм, уӕд. 19Пехуымпар ныхас раст кӕй у, уый нын афтӕмӕй раргом ноджы тынгдӕр. Ӕмӕ, цалынмӕ бон фӕцъӕх уа ӕмӕ сӕууон стъалы уӕ зӕрдӕты ссудза, уӕдмӕ уыцы пехуымпар ныхасмӕ, талынджы рухстауӕг цырагъмӕ здахӕгау, уе’ргом кӕй здахут, уымӕй раст кӕнут. 20Фыццаджыдӕр зонут уый, ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты рагуацтай иуӕн дӕр адӕймаджы хъаруйӕ райхалӕн нӕй, 21уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый. h
Copyright information for OssIBT2022