‏ 2 Peter 2

Мӕнгахуыргӕнджытӕ ӕмӕ мӕнг пехуымпарты фӕзынды тыххӕй рагагъоммӕ ныхас

1Израилаг адӕмы’хсӕн мӕнгпехуымпартӕ куыд уыдис, афтӕ сымахӕн дӕр уыдзӕн мӕнгахуыргӕнджытӕ; уыдон семӕ ӕрхӕсдзысты мӕлӕтмӕ кӕнӕг мӕнгахуырӕдтӕ, сӕхи атигъ кӕндзысты, сӕрибар сын Чи ӕрхаста, уыцы Бардарӕгыл ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕты амӕттаг сӕхи бакӕндзысты. a 2Бирӕтӕ сын бафӕзмдзысты сӕ чъизи митӕ; уыдоны аххосӕй ӕгад уыдзӕни раст фӕндаг. b 3Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы. c

4Тӕригъӕды чи бацыди, суанг уыцы зӕдтыл дӕр нӕ бацауӕрста Хуыцау, ныппӕрста сӕ зындонмӕ ӕмӕ сӕ Тӕрхоны бонмӕ талынджы дары рӕхыстӕй бастӕй; d 5рагон дунейыл нӕ бацауӕрста, бахызта ӕрмӕстдӕр рӕстдзинады фидиуӕг Нойы йӕ бинонтимӕ — аст адӕймаджы, ӕнӕхуыцӕутты дуне та доны хъаймӕтӕй фесӕфта; 6Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахартӕ фестын кодта ӕртхутӕг, рахаста сын сыскъуыныны тӕрхон, фидӕны ӕнӕхуыцӕуттӕн уый зонды хос куыд уа, афтӕ; 7хӕлд адӕмы ӕлгъаг цардӕй чи сфӕлмӕцыд, уыцы рӕстгӕнӕг Лоты та фервӕзын кодта, 8уымӕн ӕмӕ уый царди се’хсӕн, алы бон дӕр се’нӕуаг хъуыддӕгтӕ уыдта ӕмӕ хъуыста, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ рысти. 9Бардарӕг зоны, рӕстгӕнджыты фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзын кӕнын хъӕуы, уый. Ӕнӕхуыцӕуттӕн та Тӕрхоны бонмӕ аиргъӕвы се’фхӕрд, e 10уӕлдайдӕр та, чъизи монцты фӕдыл чи цӕуы, Хуыцауы бартӕ чи ницӕмӕ дары, уыдонӕн.

Сӕрхызт ӕмӕ ӕнаккаг, ахӕм адӕм, уӕларвон тыхтыл цъыфкалӕн кӕнгӕйӕ, уыдонӕн сӕ азарӕй дӕр нӕ тӕрсынц. f
11Афтӕмӕй сӕ, бирӕ тыхджындӕр ӕмӕ хъомысджындӕр чи у, уыцы зӕдтӕ та Бардарӕджы раз азымы нӕ дарынц ӕмӕ нӕ фауынц. g 12Уыдон та фауынц, цы не’мбарынц, уый. Ӕрцахсынӕн ӕмӕ ӕргӕвдынӕн чи райгуырд, ахӕм ӕнӕзонд цӕрӕгойтӕй уӕлдай не сты, кӕсынц се’рдзыхъӕды коммӕ, ӕмӕ, кӕй фехӕлдысты, уый сӕ ӕркӕндзӕни сӕфтмӕ. 13Уыдонӕн сӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ бафыстӕуыдзӕн хӕрамӕй. Ӕхсызгон сын сты се’рвылбоны хиирхӕфсӕнтӕ; ӕлгъӕгтӕ ӕмӕ ӕгадгӕнджытӕ, райгонд вӕййынц сӕ фӕливӕн митӕй, уемӕ куы фӕцӕл кӕнынц, уӕд. h 14Сӕ цӕстытӕ агурынц хӕтаг сылгоймӕгты, тӕригъӕдӕй ӕфсис нӕ зонынц; сӕ къӕппӕджы бахауынц, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, ахӕмтӕ. Сӕ зӕрдӕтӕ систы кӕрӕф, уыдон ӕлгъыст сты, i 15ныууагътой раст фӕндаг, фӕдзӕгъӕл сты ӕмӕ ацыдысты Восоры фырт Балаамы фӕндагыл — уый бабӕллыд тӕригъӕд хъуыддаджы фӕрцы пайда скӕнынмӕ. j 16Фӕлӕ йын йӕ азым комкоммӕ загъдӕуыди: ӕгомыг хӕрӕг сдзырдта адӕймаджы ӕвзагӕй ӕмӕ пехуымпары бахызта ӕнӕсӕрфат мийӕ.

17Ахӕмтӕ сты хуыскъ суадӕттӕ, уад кӕй ахӕссы, ахӕм мигътӕ. Уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны саудалынг. k 18Уыдон кӕнынц схъӕл ӕмӕ ницӕйаг ныхӕстӕ, чъизи монцты къӕппӕгӕй ахсынц, галиу фӕндагыл цӕуджытӕй нырма ӕрӕджы чи фӕхицӕн, ахӕмты. 19Зӕрдӕ сын ӕвӕрынц сӕрибарӕй, афтӕмӕй сӕхӕдӕг та мӕлӕты цагъартӕ сты, уымӕн ӕмӕ, чи кӕмӕн басасти, уый уымӕн цагъар у. l 20Кӕд нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы базоныны фӕрцы фервӕзтысты дунейы чъизитӕй, фӕлӕ та дзы ногӕй аныгъуылдысты ӕмӕ сӕ амӕттаг баисты, уӕд сӕ фӕстаг уавӕр фыццагӕй фыддӕр уыдзӕн. m 21Уыдон базыдтой раст фӕндаг, фӕлӕ ныууагътой, цы сыгъдӕг фӕдзӕхст сын лӕвӕрд ӕрцыд, уый. Уыцы раст фӕндаг куы нӕ базыдтаиккой, уӕд сын хуыздӕр уыдаид. n

22Фӕлӕ уыдоныл ӕрцыди ахӕм ӕмбисонд: «Куыдз раздӕхы йӕ омдзӕгмӕ»

ӕмӕ: «Хуы ӕхсад куы’рцӕуа,
уӕд фӕстӕмӕ йӕхи цъыфы стулдзӕн».
Copyright information for OssIBT2022