‏ 2 Samuel 1

Давид базыдта Саул ӕмӕ Ионатаны амарды хабар

1Саул фӕмард ис. Давид амалекӕгты ныддӕрӕн кодта ӕмӕ дыууӕ боны Циклагы баззади. 2Ӕртыккаг бон Саулы рӕсӕнуатӕй уырдӕм иу лӕг ӕрбацыди, йӕ дарӕс пырх, йӕ сӕр та рыгӕй нал зынд, афтӕмӕй. Давидмӕ бацыди ӕмӕ йын ныллӕг акуывта.

3Давид ӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдтӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Израилы рӕсӕнуатӕй ралыгътӕн». 4Давид ын загъта: «Цы’рцыди? Хабар мын бӕлвырд радзур». Ӕмӕ уый радзырдта: «Адӕм лидзӕг фесты тохы быдырӕй, цӕфтӕ ӕмӕ дзы мӕрдтӕ бирӕ уыд; фӕмард сты Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатан дӕр».

5Уӕд Давид хабархӕссӕг лӕппуйы бафарста: «Цӕмӕй зоныс ды Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаны амӕлӕты хабар?» 6Лӕппу загъта: «Ӕнӕнхъӕлӕджы бафтыдтӕн Гилбоайы хохмӕ ӕмӕ федтон, Саул йӕ арцыл куыд ӕрӕнцой кодта ӕмӕ йӕм тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ куыд баввахс сты, уый. 7Саул фӕстӕмӕ фӕкасти ӕмӕ мӕ куы ауыдта, уӕд мӕм фӕдзырдта. Ӕз ын загътон: „Хъусын дӕм“. 8Уый мӕ бафарста: „Чи дӕ?“Дзуапп ын радтон: „Амалекаг“. 9Уӕд мын афтӕ зӕгъы: „Рауай-ма, амар мӕ, науӕд саутухӕны бафтыдтӕн, мӕ уд та нырма мӕ мидӕг ис“. 10Ӕз ӕм бацыдтӕн ӕмӕ йӕ амардтон — уыдтон, нал фервӕздзӕни, уый. Йӕ сӕрӕй йын паддзахы худ систон, йӕ цонгдарӕн ын йӕ цонгӕй рафтыдтон ӕмӕ сӕ мӕнӕ ме’лдармӕ ӕрбахастон».

11Уӕд Давид йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ фӕйнӕрдӕм арӕдывта; афтӕ бакодтой, йемӕ чи уыди, уыдон дӕр. 12Ӕмӕ хъарджытӕ кодтой, дзынӕзтой ӕмӕ ком дардтой изӕрмӕ, карды амӕттаг чи баци, уыдоныл: Саулыл, Саулы фырт Ионатаныл ӕмӕ Дунедарӕджы ӕфсадыл, Израилы адӕмыл.

13Давид хабархӕссӕджы бафарста: «Кӕцӕй дӕ?» Лӕппу йын дзуапп радта: «Ӕрцӕуӕггаджы фырт дӕн, амалекаджы». 14Уӕд ын Давид зӕгъы: «Цы ныфсӕй систай дӕ къух, Дунедарӕг кӕй байсӕрста, уымӕ?» 15Ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕй иуӕн бардзырд радта: «Рацу, амар ӕй». Ӕмӕ йӕ уый амардта. 16Давид загъта: «Дӕхи аххосӕй ӕрцыди дӕ мӕлӕт, уымӕн ӕмӕ дӕхӕдӕг загътай, Дунедарӕджы байсӕрсты амардтон, зӕгъгӕ».

Давиды хъарӕг Саул ӕмӕ Ионатаныл

17Давид Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаныл скодта ацы хъарӕг, 18ныффӕдзӕхста иудейӕгтӕн, цӕмӕй йӕ сахуыр кӕной. Рӕстӕвзары Чиныджы дӕр фыст ис:

19«Дӕ фидауц, Израил,
дӕ бӕрзӕндтыл байсӕфт.
Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ.
20Ма йӕ ской кӕнут Гаты,
ма йӕ ахъӕр кӕнут Ашкелоны уынгты,
цӕмӕй филистимаг чызджытӕ
ма бацин кӕной —
ӕнӕсунӕтты чызджытӕ ма ферайой.
21О Гилбоайы хӕхтӕ!
Ӕртӕх дӕр уыл мауал ӕрбада,
къӕвда дӕр уыл мауал ӕрцӕуа,
уӕ хуымтӕ тыллӕг мауал феной —
уым баззад дзӕгъӕлӕй ӕхсарджынты уарт —
Саулы ӕнӕсӕрст уарт уым ис!
22Ионатаны фат никуы фездӕхти,
Саулы кард никуы баззади,
знаджы тугӕй нӕ сахуырсгӕйӕ,
йӕ фиуӕй йын нӕ ацаходгӕйӕ
Ацы стихы Израилы знӕгтӕ барст цӕуынц нывондаг фосимӕ. Дзуттаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нывондӕн хастӕуыди фосӕн сӕ туг ӕмӕ сӕ фиу дӕр.
.
23Уарзон ӕмӕ цытджын Саул!
Уарзон ӕмӕ цытджын Ионатан!
Сӕ удӕгасӕй дӕр
кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кодтой,
ӕмӕ сӕ мӕлӕт дӕр нӕ ахицӕн кодта.
Уыдон цӕргӕсӕй цӕрдӕгдӕр уыдысты,
уыдон домбайӕ домбайдӕр уыдысты!
24Кӕут Саулыл, Израилы чызджытӕ! —
зынаргъ даритӕй уӕ уый фӕлыста,
зӕрин фӕлындӕнтӕ уын уый хаста!
25Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ.
Фӕмард ис хъӕбатырӕй Ионатан.
26Куыд зын у ӕнӕ дӕу,
ме’фсымӕр Ионатан!
Ды мӕ ахсджиаг уыдтӕ мӕнӕн;
дӕ уарзт мын сылгоймаджы уарзтӕй
зынаргъдӕр уыд.

Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ,
бабын сты хӕстон хотыхтӕ!»
27

Copyright information for OssIBT2022