‏ 2 Samuel 11

Давид ӕмӕ Вирсави

1Иннӕ уалдзӕг, паддзӕхты хӕстон балцыты афон, Давид йӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтимӕ Йоавы арвыста аммонӕгты сӕйраг сахар Раввамӕ, цӕмӕй йыл ӕртыхсой ӕмӕ аммонӕгты ныддӕрӕн кӕной. Ныр Давид йӕхӕдӕг та Йерусалимы баззад.

2Иуахӕмы изӕрӕрдӕм Давид, ӕрулӕфыны фӕстӕ йӕ уатӕй куы растади, уӕд тезгъо кодта йӕ галуаны уӕлхӕдзар ӕмӕ уырдыгӕй иу сылгоймаджы йӕхи найгӕ федта. Сылгоймаг тынг рӕсугъд уыди, 3ӕмӕ Давид арвыста, чи у, уый сбӕрӕг кӕнынмӕ. Загътой йын: «Уый Вирсави у, Елиамы чызг, хеттаг Уриайы бинойнаг».

4Давид арвыста йӕ дӕлдӕрты, ӕрбакӕнут ӕй, зӕгъгӕ. Уый ӕрбацыди, ӕмӕ Давид йемӕ ӕрӕмуат ис (сылгоймаг йӕ чъизийӕ уый хӕдразмӕ ссыгъдӕг ис), ӕмӕ уый фӕстӕ Вирсави йӕ хӕдзармӕ аздӕхт. 5Сылгоймаг басывӕрджын ис ӕмӕ Давидмӕ фӕхабар кодта, сывӕрджын дӕн, зӕгъгӕ.

6Давид арвыста Йоавмӕ: «Рарвит мӕм хеттаг Уриайы». Йоав ӕм ӕй рарвыста. 7Уриа куы ӕрбахӕццӕ, уӕд ӕй Давид бафарста Йоавы ӕмӕ ӕфсады тыххӕй, стӕй хӕсты хабӕрттӕй. 8Уый фӕстӕ йын загъта: «Дӕ хӕдзармӕ ныццу ӕмӕ дӕ фӕллад суадз». Уриа паддзахы къӕсӕрӕй рахызти, ӕмӕ йын йӕ фӕдыл паддзахы номӕй хуын рахастой.

9Фӕлӕ Уриа йӕ хӕдзармӕ нӕ ацыд. Бахсӕвиуат кодта паддзахы галуаны къӕсӕрмӕ, йӕ паддзахы дӕлдӕртимӕ. 10Давидӕн фехъусын кодтой: «Йӕ хӕдзармӕ нӕ ацыд Уриа». Давид ын загъта: «Фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕ хӕдзармӕ цӕуылнӕ ныццӕуыс?» 11Уриа йын дзуапп радта: «Фидыды Чырын, стӕй Израил ӕмӕ Иудӕйы ӕфсад цатырты куы сты, мӕ хицау Йоав ӕмӕ мӕ паддзахы хӕстонтӕ тыгъд быдыры рӕсӕнуаты куы бадынц, уӕд ӕз мӕ хӕдзармӕ куыд бацӕуон, куыд хӕрон ӕмӕ куыд нуазон ӕмӕ мӕ усы фарсмӕ куыд хуыссон? Сомы кӕнын Хуыцауӕй ӕмӕ дӕуӕй, ӕз уый нӕ бакӕндзынӕн».

12Давид ын загъта: «Уӕдӕ ам баззай абон, райсом дӕ арвитдзынӕн». Ӕмӕ Уриа уыцы бон Йерусалимы баззад. Иннӕ бон ӕй 13Давид йӕ фынгмӕ фӕхуыдта, ӕмӕ Уриа бахордта ӕмӕ бануӕзта йемӕ. Давид ӕй фӕрасыг кодта, фӕлӕ та изӕрӕй Уриа рацыди ӕмӕ йӕ паддзахы дӕлдӕртимӕ бахсӕвиуат кодта, йӕ хӕдзармӕ нӕ ацыд.

14Райсомӕй Давид Йоавмӕ фыстӕг ныффыста ӕмӕ йӕм ӕй Уриайӕн арвыста. 15Фыстӕджы фӕдзӕхста: «Тох карздӕр кӕм уа, уыцы ран сӕвӕрут Уриайы, ӕмӕ дзы уӕхӕдӕг уӕхи дарддӕр айсут, цӕмӕй фӕмард уа».

16Йоав зыдта, фыдгулы ӕхсарджындӕр хӕстонтӕ кӕм сты, уый ӕмӕ, сахарыл куы ӕрхъула кодта, уӕд Уриайы тӕккӕ уыцы ран слӕууын кодта. 17Сахары адӕм Йоавы ныхмӕ хӕцынмӕ куы ралӕууыдысты, уӕд Давиды хӕстонтӕй бирӕ фӕмард, фӕмард ис хеттаг Уриа дӕр.

18Йоав хабаргӕнӕджы арвыста Давидмӕ, цӕмӕй йын хӕсты ӕппӕт цауты тыххӕй фехъусын кӕна. 19Бафӕдзӕхста йын: «Паддзахӕн-иу хӕсты хабӕрттӕ иууылдӕр радзур. 20Чи зоны ӕмӕ паддзах рамӕсты уа ӕмӕ дын зӕгъа: „Сахармӕ бырсын цӕмӕн райдыдтат? Нӕ йӕ зыдтат, сисы сӕрӕй уӕ цӕвдзысты, уый? 21Иеруббаалы фырт Авимелех дӕр Тевецы афтӕмӕй нӕ фӕмард? Цыдӕр сылгоймаг ыл сисы сӕрӕй куыройы фыды къӕртт ӕрӕппӕрста ӕмӕ йӕ амардта! Сисмӕ хӕстӕг цӕмӕн бацыдыстут?“Ды-иу ын дзуапп ратт: „Дӕ цагъар хеттаг Уриа дӕр фӕмард“».

22Ӕрвыст лӕг ацыди Давидмӕ, ӕмӕ йын Йоав цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон ын радзырдта. 23Загъта паддзах Давидӕн: «Уыцы адӕм ныл тых кӕнын райдыдтой, ӕмӕ мах дӕр дӕлвӕзы’рдӕм фӕфӕстӕмӕ кодтам, фӕлӕ сӕ стӕй суанг сахары кулдуары онг батардтам. 24Уӕд нӕ ӕрдынджынтӕ сисы сӕрӕй фатӕй ӕхсын райдыдтой, ӕмӕ паддзахы цагъартӕй бирӕ фӕмард ис. Нал ис дӕ цагъар хеттаг Уриа дӕр». 25Давид ӕрвыст лӕгӕн загъта: «Уӕдӕ зӕгъ Йоавӕн: „Цы’рцыди, уый тыххӕй дӕхимӕ ма ныхъхъус. Цирхъ, кӕй йӕ фӕнды, уый бабын кӕны. Фӕкарздӕр кӕн дӕ тох ӕмӕ уыцы сахар ныффалгӕрон кӕн“. Афтӕ йын фӕфидар кӕн йӕ зӕрдӕ».

26Уриайы ус фехъуыста, йӕ мой кӕй фӕмард, уый ӕмӕ йыл фӕкуыдта. 27Йӕ саударӕн бонтӕ куы фесты, уӕд ӕм Давид арвыста ӕмӕ йӕ ӕрбакодта йӕ хӕдзармӕ. Сылгоймаг сси йӕ бинойнаг ӕмӕ йын ныййардта фырт. Фӕлӕ Давиды ми Дунедарӕджы цӕсты фыдракӕнд уыди.
Copyright information for OssIBT2022