2 Samuel 13
Амнон ӕмӕ Тамар
1Фӕстӕдӕр ӕрцыди ахӕм хабар. Давиды фырт Авессаломӕн уыди хо, тынг рӕсугъд чызг, йӕ ном — Тамар, ӕмӕ йӕ Давиды ӕндӕр фырт, Амнон, бауарзта. 2Цыма рынчын у, афтӕ удхар кодта Амнон йӕ хо Тамары уарзондзинады азарӕй, уымӕн ӕмӕ уый нырма ӕнӕцыд чызг уыди, ӕмӕ йӕм куыдӕй баххӕссыдаид, уымӕн ницы амал ардта. 3Амнонӕн уыд иу хӕлар, йӕ ном — Йехонадав, Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт, тынг хинӕйдзаг ӕмӕ ӕрхъуыдыджын лӕг. 4Иу хатт Амнонӕн афтӕ: «Цы кӕныс, паддзахы фырт, бонӕй-бонмӕ куы тайыс? Нӕ мын ӕй схъӕр кӕндзынӕ?» Амнон ын дзуапп радта: «Ме’фсымӕр Авессаломы хо Тамары бауарзтон». 5Йехонадав ын загъта: «Дӕ сынтӕджы ӕрхуысс ӕмӕ рынчынӕфсон скӕн. Дӕ фыд дӕм бӕрӕггӕнӕг куы ӕрбацӕуа, уӕд-иу ын зӕгъ: „Мӕ хо Тамар мӕм ӕрбацӕуӕд ӕмӕ мӕм фӕкӕсӕд — мӕ разы мын хӕринаг скӕнӕд ӕмӕ мын йӕхи къухӕй бахӕрын кӕнӕд“». 6Амнон йӕ сынтӕджы ӕрхуыссыди ӕмӕ йӕхи рынчынӕфсон скодта. Паддзах ӕм бӕрӕггӕнӕг куы ӕрбацыд, уӕд ын Амнон загъта: «Ӕрбарвит-ма мӕм мӕ хойы, Тамары, ӕмӕ мын ам мӕ цуры иу дыууӕ лауасийы афыцӕд, ӕмӕ йын йӕхи къухӕй саходон». 7Давид Тамармӕ йӕ хӕдзармӕ барвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Де’фсымӕр Амнонмӕ бауай ӕмӕ йын хӕринаг скӕн». 8Тамар бацыди йе’фсымӕр Амноны хӕдзармӕ ӕмӕ йӕ сынтӕджы хуысгӕйӕ баййӕфта. Тамар ын йӕ цӕсты раз хыссӕ скодта ӕмӕ йын дзы гуылтӕ афыхта. 9Тебӕ райста, фынг ӕрӕвӕрдта, фӕлӕ уый хӕрын нӕ куымдта. Амнон загъта: «Иууылдӕр мӕ цурӕй ацӕуӕнт». Ӕмӕ иууылдӕр ацыдысты йӕ цурӕй. 10Ӕмӕ уӕд Амнон Тамарӕн загъта: «Мидӕггаг уатмӕ мын бахӕсс хӕринаг, ӕмӕ уым дӕхи къухӕй бахӕрдзынӕн». Тамар йӕ конд гуылтӕ райста ӕмӕ сӕ йе’фсымӕр Амнонӕн мидӕггаг уатмӕ бахаста. 11Куыддӕр ӕм, бахӕрын ын кӕнон, зӕгъгӕ, хӕстӕг бацыди, афтӕ йӕм Амнон фӕлӕбурдта ӕмӕ загъта: «Рацу-ма, мӕ хо, цӕй, ӕмӕ мемӕ ӕрхуысс». 12Фӕлӕ йын уый загъта: «Нӕ, ме’фсымӕр, ма мӕ фӕхудинаг кӕн, Израилы афтӕ нӕ вӕййы. Уыцы ӕррадзинад ма бакӕн. 13Цы фӕуыдзынӕн мӕ худинагимӕ? Дӕхи дӕр дын фӕндырты фӕцӕгъддзысты Израилы. Уый фӕлтау паддзахимӕ баныхас кӕн, ӕмӕ дын дӕ фӕндоныл сразы уыдзӕн, дӕуӕн мӕ ратдзӕн». 14Амнон ницӕмӕ ӕрдардта Тамары ныхӕстӕ, тыххӕй йыл ныххӕцыд ӕмӕ йӕ фӕхудинаг кодта. 15Уый фӕстӕ йын Тамар афтӕ ӕнӕуынон фестади, ӕмӕ йе’нӕуынондзинад, йӕ уарзт цы уыди, уымӕй фӕтыхджындӕр ис. Загъта йын: «Сыст ӕмӕ ацу ардыгӕй!» 16Тамар ын дзуапп радта: «Нӕ, ме’фсымӕр! Мӕн асурын дын, фыццаг цы фыдми бакодтай, уымӕй ноджы ӕвирхъаудӕр у». Фӕлӕ йӕм Амнон нӕ байхъуыста. 17Йӕ дӕлдӕрмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Федде-ма йӕ кӕн мӕ цурӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдыл дуар ахгӕн». 18Тамары уӕлӕ уыди, паддзахы ӕнӕцыд чызджытӕ-иу кӕй дардтой, ахӕм хуызджын дарӕс. Амноны дӕлдӕр чызджы федде кодта ӕмӕ йын йӕ фӕдыл дуар рахгӕдта. 19Тамар йӕ сӕрыл фӕнык байзӕрста, йӕ хуызджын дарӕс ӕрыскъуыдтӕ кодта ӕмӕ, йӕ къухтӕй йӕ сӕрыл хӕцгӕ, хъӕрӕй дзынӕзта, афтӕмӕй цыди. 20Йе’фсымӕр Авессалом загъта: «Де’фсымӕр Амнон дын бакодта уыцы ми, ӕмӕ фӕлтау дӕ дзыхыл хӕц, мӕ хо. Уый тыххӕй маст ма кӕн». Ӕмӕ Тамар, йӕхи ӕмбӕхсгӕ, царди йе’фсымӕр Авессаломы хӕдзары. 21Хабар фехъусгӕйӕ, паддзах Давид тынг смӕсты ис, фӕлӕ йӕ фырт Амноны зӕрдӕхудты нӕ бацыди, уымӕн ӕмӕ йӕ фыццаг зӕнӕг уыд ӕмӕ йӕ уарзта. 22Авессалом та Амнонӕн хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницы загъта, уымӕн ӕмӕ йын ӕнӕуынон сси, йӕ хо Тамары йын кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй.Авессалом йӕ хойы маст исы
23Дыууӕ азы фӕстӕ Ефремы сахармӕ хӕстӕг, Баал-Хацоры, Авессаломы фыстӕ куы ӕлвыдтой, уӕд Авессалом паддзахы фырттӕм се’ппӕтмӕ дӕр фӕдзырдта. 24Паддзахмӕ дӕр бацыди ӕмӕ йын загъта: «Дӕ цагъары фыстӕ ӕлвынынц, ӕмӕ мӕ паддзахӕй курын, цӕмӕй йӕ дӕлдӕртимӕ саккаг кӕна йӕ цагъары бӕрӕгбонмӕ». 25Паддзах ын дзуапп радта: «Нӕ, мӕ фырт, не’ппӕтӕн цӕуӕн нӕй, ӕгӕр дӕ батыхсын кӕндзыстӕм». Авессалом ӕм ныххатыди, фӕлӕ уый уӕддӕр не сразы ис, фӕлӕ йын арфӕ ракодта. 26Авессалом ма йын загъта: «Уӕд та ме’фсымӕр Амнон рацӕуӕд немӕ». Паддзах ӕй фӕрсы: «Цӕй тыххӕй хъуамӕ ацӕуа демӕ?» 27Фӕлӕ йӕм Авессалом ныххатыди, ӕмӕ уӕд паддзах йӕ иннӕ фырттимӕ Амноны дӕр ауагъта. 28Авессалом йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Уӕ хъус ӕм дарут, ӕмӕ Амнон куыддӕр сӕнӕй бахъӕлдзӕг уа, афтӕ уын зӕгъдзынӕн: „Цӕвут Амноны“, ӕмӕ-иу ӕй амарут. Ма тӕрсут, ӕз уын зӕгъын афтӕ. Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ фӕстӕмӕ ма фӕлӕуут». 29Авессаломы дӕлдӕртӕ йын йӕ ныхас куы сӕххӕст кодтой, уӕд паддзахы фырттӕ ӕмхуызонӕй сӕ хӕргӕфсытыл абадтысты ӕмӕ лидзынмӕ фесты. 30Фӕндагыл ма уыдысты, афтӕ Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд, Авессалом паддзахы фыртты иууылдӕр амардта, иу дӕр дзы удӕгасӕй нал баззади, зӕгъгӕ. 31Паддзах фестади, йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ ныддӕлгом ис зӕххыл. Йӕ алыварс уыдысты йӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ уыдон дӕр арӕдывтой сӕ дарӕс. 32Фӕлӕ Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт Йехонадав загъта: «Мӕ паддзах афтӕ ма банхъӕлӕд, ӕмӕ йын йе’ппӕт фыртты амардӕуыд. Ӕрмӕстдӕр Амнон амард. Авессаломмӕ йӕ амарыны фӕнд, йӕ хо Тамары йын куы фӕхудинаг кодта, уӕд фӕзынди. 33Уӕдӕ мӕ бардарӕг, мӕ паддзах йӕхи ма хӕрӕд ӕмӕ афтӕ ма ӕнхъӕлӕд, цыма йӕ фырттӕ се’ппӕт дӕр амардысты. Амнон амард ӕрмӕст». 34Авессалом алыгъди. Хъалагъур лӕппу йӕ цӕст дардта ӕмӕ, хохы фахсыл цы фӕндаг уыди, уым дзӕвгар адӕм ӕрбацӕйцӕугӕ федта. Лӕппу паддзахмӕ бацыди ӕмӕ йын ӕй фехъусын кодта. 35Йехонадав паддзахӕн загъта: «Уый паддзахы фырттӕ ӕрбацӕуынц. Дӕ цагъар дын куыд дзырдта, афтӕ у хъуыддаг». 36Уый йӕ ныхас куыд фӕци, афтӕ паддзахы фырттӕ, хъӕлӕсыдзагӕй богъ-богъгӕнгӕ, къӕсӕрыл ӕрбалӕууыдысты. Паддзах йӕхӕдӕг дӕр, стӕй йӕ дӕлдӕртӕ дӕр ныккуыдтой. 37Авессалом та алыгъд ӕмӕ бацыди Аммиуды фырт Талмаймӕ, Гешуры паддзахмӕ. Давид ма бирӕ фӕхъыг кодта йӕ фыртыл. 38Авессалом Гешурмӕ куы алыгъд, уӕдӕй ӕртӕ азы куы рацыд, 39уӕд паддзах Давид нал хъынцъым кодта Амноны мардыл, йӕ маст ӕрсабыр ис ӕмӕ йӕм Авессаломы бафхӕрыны фӕнд нал уыд.
Copyright information for
OssIBT2022