2 Samuel 17
1Ахитофел загъта Авессаломӕн: «Цӕй ӕмӕ дыууадӕс мин лӕджы равзарон ӕмӕ ахсӕв Давиды фӕдыл афӕдис кӕнон. 2Ныр фӕллад, зӕрдӕсаст уыдзӕн, ӕмӕ йыл ӕз мӕхи ныццӕвдзынӕн. Фӕтӕрсын ӕй кӕндзынӕн, йӕ адӕм лидзӕг фӕуыдзысты, паддзах иунӕгӕй аззайдзӕн ӕмӕ йӕ амардзынӕн. 3Ӕппӕт адӕм та раздӕхдзысты дӕумӕ, ӕрыгон чындз йӕ моймӕ куыд ӕрбаздӕхы, уыйау. Дӕу ӕрмӕстдӕр, кӕй фӕдыл зилыс, уыцы иунӕг лӕджы амарын хъӕуы, ӕппӕт адӕм та сӕрӕгасӕй баззайдзысты». 4Уыцы ныхас сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд Авессаломӕн ӕмӕ Израилы хистӕртӕн. 5Фӕлӕ Авессалом загъта: «Фӕдзурут-ма аркаг Хушаймӕ дӕр. Байхъусӕм, кӕддӕра уый та цы зӕгъдзӕн». 6Хушай ӕрбацыд Авессаломмӕ, ӕмӕ йӕ Авессалом бафарста: «Афтӕ ӕмӕ афтӕ загъта Ахитофел. Йӕ уынаффӕмӕ йын байхъусӕм? Ды та цы зӕгъдзынӕ?» 7Хушай йын дзуапп радта: «Ацы хатт хорз нӕу Ахитофелы уынаффӕ». 8Загъта ма: «Ды зоныс дӕ фыд ӕмӕ йӕ адӕмӕн се’хсар, зоныс, йӕ лӕппынтӕ кӕмӕн байстой, уыцы мадӕл арсау ныр агъуыд кӕй уыдзысты, уый дӕр. Уыимӕ дӕ фыд, фӕлтӕрдджын хӕстон, дзыллӕимӕ иу ран нӕ бахсӕвиуат кӕндзӕн. 9Ныридӕгӕн дӕр йӕхи ӕмбӕхсдзӕн исты цъассы кӕнӕ та ӕндӕр ран. Ӕмӕ тӕккӕ райдианы иу къорд лӕджы фӕмард ис, зӕгъгӕ, уый чи фехъуса, уыдон дзурдзысты: „Авессаломы фӕдыл цы адӕм рацыд, уыдон фӕцагъды сты“. 10Уӕд суанг фидарзӕрдӕ хъӕбатыртӕ дӕр фӕудаист уыдзысты, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт Израилӕн дӕр зындгонд сты дӕ фыды ӕхсар ӕмӕ йӕ адӕмы хъӕбатырдзинад. 11Гъемӕ дын мӕнӕ мӕ уынаффӕ: ӕрбамбырд дӕм уӕнт ӕппӕт Израил, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр ис, уыдон, денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц куыд уой, афтӕ, ӕмӕ-иу дӕхӕдӕг дӕр семӕ рацу. 12Уӕд баййафдзыстӕм Давиды, кӕмфӕнды куы уа, уӕд дӕр, зӕххыл ӕртӕх ӕрхауӕгау ыл ныххуырсдзыстӕм нӕхи, ӕмӕ нын йӕхӕдӕг дӕр, йӕ адӕм дӕр нал аирвӕздзысты. 13Исты сахармӕ куы баздӕха Давид, уӕд та ӕппӕт Израил бӕндӕнтимӕ бацӕудзысты, ӕмӕ уыцы сахар дӕлвӕзмӕ хӕр-хӕрӕй ӕрласдзыстӕм, уирагдур дӕр дзы куыннӕуал баззайа, афтӕ». 14Уӕд Авессалом ӕмӕ израилӕгтӕ ӕмхуызонӕй загътой: «Аркаг Хушайы уынаффӕ Ахитофелы уынаффӕйӕ хуыздӕр у». Дунедарӕг афтӕ бакодта, цӕмӕй Ахитофелы хорз уынаффӕйы фӕдыл ма ацӕуой, ӕмӕ Авессалом бӕллӕхы бахауа. 15Хушай загъта сауджынтӕ Цадок ӕмӕ Авиафарӕн: «Ахитофел афтӕ ӕмӕ афтӕ уынаффӕ кодта Авессаломӕн ӕмӕ Израилы хистӕртӕн, ӕз та сын афтӕ ӕмӕ афтӕ бауынаффӕ кодтон. 16Ныр ӕвӕстиатӕй Давидӕн фехъусын кӕнут: „Ахсӕв ӕдзӕрӕг быдыры, Иорданы тӕрфы, ма баззай, фӕлӕ ӕнӕмӕнг доны фаллаг фарсмӕ ахиз, науӕд паддзах ӕмӕ йӕ адӕм бабын уыдзысты“». 17Йонатан ӕмӕ Ахимаац лӕууыдысты Ен-Рогелы доны цур. (Сахары сын сӕхи равдисӕн нӕ уыд.) Ӕнхъӕлмӕ кастысты сӕ хабархӕссӕг унӕутмӕ, цӕмӕй йын йӕ ныхӕстӕ Давидыл сӕмбӕлын кӕной. 18Ныр сӕ иу лӕппу бафиппайдта ӕмӕ хабар Авессаломӕн радзырдта. Уӕдмӕ уыдон уырдыгӕй атындзыдтой ӕмӕ Бахуримы сахары иу лӕджы хӕдзармӕ бахӕццӕ сты. Кӕрты уыди цъай, ӕмӕ уым бамбӕхстысты. 19Фысымты ус цъайы сӕрыл ӕмбӕрзӕн айтыгъта ӕмӕ йыл хуртуан ныккодта, цӕмӕй мацы фӕбӕрӕг уыдаид. 20Авессаломы дӕлдӕртӕ сылгоймагмӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ фарстой: «Кӕм сты Ахимаац ӕмӕ Йонатан?» Уый сын загъта: «Доны сӕрты ахызтысты». Авессаломы дӕлдӕртӕ рацагур-бацагур фӕкодтой, фӕлӕ ницы ссардтой ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты Йерусалиммӕ. 21Авессаломы дӕлдӕртӕ куыддӕр ацыдысты, афтӕ Йонатан ӕмӕ Ахимаац цъайӕ схызтысты ӕмӕ паддзах Давидмӕ фӕхабар кодтой: «Ӕвӕстиатӕй бахизут доны фаллаг фарсмӕ, уымӕн ӕмӕ сымах тыххӕй афтӕ ӕмӕ афтӕ уынаффӕ кодта Ахитофел». 22Давид йӕ адӕмимӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызти. Боныцъӕхтӕм сӕ иу дӕр ацырдыгӕй нал аззад. 23Ахитофел куы федта, йӕ уынаффӕйыл ын нӕ баввӕрсыдысты, уый, уӕд хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ сӕхимӕ, йӕ райгуырӕн сахармӕ, фӕраст ис. Йӕ хӕдзаронтӕн ныстуан ныууагъта ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта. Йӕ мард ын йӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕрдтой.Авессаломы басаст ӕмӕ йӕ мӕлӕт
24Давид бахӕццӕ ис Маханаиммӕ. Авессалом дӕр, израилӕгтӕй йемӕ чи уыд, уыдонимӕ бахызт Иорданы фаллаг фарсмӕ. 25Ӕфсады сӕргъы Авессалом Йоавы бӕсты Амасайы сӕвӕрдта. Амаса уыдис Измаелы байзӕддаг Итрайы фырт, йӕ мад — Нахашы чызг Авигеа, Йоавы мад Церуайы хо. 26Авессалом ӕмӕ израилӕгтӕ асадӕны ӕрлӕууыдысты Галаады зӕххыл. 27Давид Маханаиммӕ куы бацыд, уӕд Нахашы фырт Шови, аммонаг Раввайы сахайраг, Аммиелы фырт Махир, Ло-Девары сахайраг, ӕмӕ галаадаг Барзиллай, Рогелимы сахайраг, 28Давид ӕмӕ йӕ адӕмӕн ӕрбаластой хуыссӕнгӕрзтӕ, къустӕ, дурын мигӕнӕнтӕ, стӕй мӕнӕу, хъӕбӕрхор, ссад, цӕкуытӕ, хъӕдур, тъӕпӕн хъӕдур, 29мыд, нӕлхӕ, цыхт. Афтӕ дзырдтой: «Адӕм ӕдзӕрӕг быдыры стонг, дойны ӕмӕ фӕллад уыдзысты».
Copyright information for
OssIBT2022