‏ 2 Samuel 18

1Давид, йемӕ чи уыди, уыцы адӕмы банымадта ӕмӕ сын сӕ сӕргъы сӕвӕрдта миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕ. 2Уый фӕстӕ сӕ ӕртӕ къордыл фӕдих кодта ӕмӕ дзы иу къорд радта Йоавы къухмӕ, иннӕ — Церуайы фырт, Йоавы ӕфсымӕр Авишайы къухмӕ, ӕртыккаг та — гатаг Итайы къухмӕ.

Паддзах йӕ адӕмӕн загъта: «Мӕхицӕн дӕр уемӕ ӕнӕ цӕугӕ нӕй».
3Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Ма рацу! Мах куы алидзӕм, уӕд уый нымады дӕр никӕмӕ уыдзӕн, не’мбис куы амӕла, уӕд дӕр афтӕ; ды та, махӕй дӕс мины цы у, дӕхӕдӕг иунӕгӕй уый дӕ, ӕмӕ нын бахъуаджы сахат сахарӕй куы баххуыс кӕнис, уӕд нын уый хуыздӕр уаид». 4Паддзах сын загъта: «Хорз, сымах куыд фӕнды, афтӕ бакӕндзынӕн уӕдӕ».

Сахары кулдуары цур лӕууыди, цалынмӕ йӕ адӕм, сӕдӕгӕйттӕ ӕмӕ мингӕйттӕй ӕрлӕугӕйӕ, рӕнхъытӕй ӕддӕмӕ цыдысты, уӕдмӕ.
5Паддзах ныффӕдзӕхста Йоав, Авишай ӕмӕ Итайӕн: «Уыцы лӕппуйӕн мын, Авессаломӕн, мацы кӕнут». Паддзах хицӕуттӕн Авессаломы тыххӕй куы фӕдзӕхста, уӕд ӕй иннӕ адӕм дӕр фехъуыстой.

6Давиды ӕфсад израилӕгты ныхмӕ фӕссахармӕ рацыди, ӕмӕ Ефремы хъӕды схӕцыдысты. 7Паддзахы хӕстонтӕ израилӕгты ныддӕрӕн кодтой. Бирӕ туг ныккалди уыцы бон — ссӕдз мин лӕджы сӕ мӕлӕт ссардтой. 8Хӕст анхъӕвзта ӕппӕт бӕстыл дӕр, ӕмӕ уыцы бон, цирхъӕй цас адӕм ныццагъды ис, уымӕй фылдӕр адӕм та хъӕды бабын ис.

9Авессаломӕн Давиды адӕм ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ размӕ фесты. Йӕ хӕргӕфсыл егъау теревинфы бынты куыд фӕцӕйуад, афтӕ йын къалиутӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ ацахстой. Хӕргӕфс йӕ бынӕй алыгъд, ӕмӕ Авессалом арв ӕмӕ зӕххы’хсӕн ауыгъдӕй аззади.

10Чидӕр ӕй афтӕмӕй федта ӕмӕ Йоавӕн фехъусын кодта: «Авессаломы федтон, теревинфыл ауыгъдӕй лӕууы». 11Йоав загъта: «Кӕд ӕй федтай, уӕд ӕй уыцы ран цӕуылнӕ амардтай? Ӕз дын ӕвзисты дӕс шекелы ӕмӕ иу рон раттаин».

12Уый дзуапп радта Йоавӕн: «Ӕвзисты мин шекелы тыххӕй дӕр мӕ къух паддзахы фыртмӕ нӕ систаин, уымӕн ӕмӕ дӕуӕн, стӕй Авишайӕн ӕмӕ Итайӕн паддзах нӕхи раз фӕдзӕхста, мӕ лӕппуйы, Авессаломы, мын бахъахъхъӕнут, зӕгъгӕ. 13Ӕз афтӕ куы бакодтаин, уӕд мӕхи фесӕфтаин — уыцы хъуыддаг паддзахӕй нӕ басусӕг уыдаид, ды та дӕхи бабын кодтаис».

14Йоав загъта: «Мӕн демӕ мӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы сафынмӕ не’вдӕлы». Ӕртӕ фаты райста ӕмӕ сӕ Авессаломы зӕрдӕйы ныссагъта, уый нырма удӕгас уыди тулдз бӕласыл. 15Уый фӕстӕ йыл Йоавы хотыхдартӕ дӕсӕй амбырд сты ӕмӕ йӕ абамардтой.

16Йоав сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ йӕ хӕстонтӕ израилӕгты фӕсте сурын ныууагътой: Йоав ауӕрста йӕ адӕмыл. 17Авессаломы мард ӕристой, хъӕды йӕ уыцы ран иу арф дзыхъхъы ныппӕрстой ӕмӕ йыл дуртӕ бӕрзонд сцӕнд кодтой. Израилӕгтӕй та алчи йӕ хӕдзармӕ фӕлыгъди.

18Авессалом йӕ удӕгасӕй Паддзахы дӕлвӕзы йӕхицӕн цырт ныссагъта, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта: «Мӕнӕн фырт нӕй, ӕмӕ мӕ ном уӕлӕуыл нӕ баззайдзӕн». Цырт йӕхи номӕй рахуыдта, ӕмӕ абон дӕр хуыйны Авессаломы цырт.

Давиды хъарӕг Авессаломыл

19Цадокы фырт Ахимаац загъта: «Цӕй ӕмӕ азгъорон ӕмӕ паддзахӕн фехъусын кӕнон, Дунедарӕг ӕй йе знӕгты къухӕй кӕй фервӕзын кодта, уыцы хорз хабар». 20Фӕлӕ йын Йоав загъта: «Абон хорз хабархӕссӕг нӕ уыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ паддзахы фырт фӕмард ис. Ӕндӕр бон-иу ын ӕй фехъусын кӕн». 21Йоав бафӕдзӕхста иу эфиопагӕн: «Ацу ӕмӕ паддзахӕн зӕгъ, цы федтай, уый». Эфиопаг Йоавӕн ныллӕг акуывта ӕмӕ азгъордта.

22Фӕлӕ Цадокы фырт Ахимаац ныллӕууыди Йоавмӕ: «Цыфӕндыйӕ дӕр, цӕй ӕмӕ ӕз дӕр эфиопаджы фӕдыл азгъорон». Йоав ын загъта: «Кӕдӕм згъорыс, мӕ лӕппу? Хӕрзӕггурӕггаг дӕм не’рхаудзӕн». 23Ахимаац ын дзуапп радта: «Цыфӕндыйӕ дӕр азгъорон». Уӕд ын Йоав загъта: «Азгъор». Ахимаац атындзыдта Иорданы дӕлвӕзы фӕндагыл ӕмӕ эфиопагӕй фӕраздӕр ис.

24Уыцы сахат Давид бадти сахармӕ бацӕуӕны, ӕддаг къулӕй мидӕггаг къулы’хсӕн. Хъалагъур кулдуары сисы сӕр уӕлхӕдзармӕ схызти ӕмӕ уым дыууӕрдӕм рацу-бацу кодта. Кӕсы, ӕмӕ дын уӕртӕ иу лӕг иунӕгӕй ӕрбазгъоры. 25Хъалагъур ныхъхъӕр кодта паддзахмӕ, цӕмӕй йын ӕй фехъусын кӕна. Паддзах загъта: «Кӕд иунӕг у, уӕд хорз хабар хӕсдзӕн».

Уый ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр куыд кодта,
26афтӕ, хъалагъур кӕсы, ӕмӕ ма ноджы иу лӕг ӕрбазгъоры. Уӕд та хъалагъур кулдуары сӕрӕй ӕрхъӕр кодта: «Уартӕ ма ноджы иу лӕг ӕрбазгъоры, уый дӕр — иунӕгӕй». Паддзах та загъта: «Уый дӕр хорз хабархӕссӕг уыдзӕн». 27Хъалагъур зӕгъы: «Фыццагмӕ кӕсын, ӕмӕ йын Цадокы фырт Ахимаацы къахайст ис». Паддзах загъта: «Уый хорз лӕг у ӕмӕ ӕнӕмӕнг хорз хабаримӕ цӕудзӕн».

28Ахимаац нӕма ӕрбахӕццӕ ис, афтӕмӕй ныхъхъӕр кодта паддзахмӕ: «Фарны хабӕрттӕ!» Стӕй паддзахы раз зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, мӕ бардарӕгмӕ, паддзахмӕ, йӕ къух чи систа, уыцы адӕмы йын йӕхи къухмӕ Чи радта, Уый!»

29Паддзах ӕй бафарста: «Лӕппу дзӕбӕх у? Авессаломӕй зӕгъын». Ахимаац ын дзуапп радта: «Ӕз федтон стыр змӕлд, дӕ дӕлдӕр Йоав дын дӕ цагъары куы ӕрвыста, уӕд, фӕлӕ ницы бӕрӕг базыдтон». 30Паддзах загъта: «Иуварс уал алӕуу уӕдӕ». Уый иуварс ӕрлӕууыд.

31Уӕдмӕ эфиопаг дӕр ӕрбахӕццӕ ис ӕмӕ загъта: «Цины хабар мӕ бардарӕгӕн, паддзахӕн! Абон дӕ Дунедарӕг фервӕзын кодта, дӕ ныхмӕ чи рацыди, уыдоны къухӕй». 32Паддзах ӕй бафарста: «Авессалом дӕр дзӕбӕх у?» Эфиопаг дзуапп радта: «Мӕ бардарӕджы, паддзахы фыдгултӕй дӕ ныхмӕ чи рацӕуы, уыдонӕй алчидӕр уыцы лӕппуйау фӕуӕд!»

33Паддзах ныккӕрзыдта, кулдуары сӕрмӕ цы уат уыди, уырдӕм ссыди ӕмӕ дзынӕзта: «Мӕ фырт Авессалом! Мӕ фырт, мӕ фырт Авессалом! Ехх, уӕд та дӕ бӕсты мӕхӕдӕг куы амардаин, Авессалом! Мӕ фырт, мӕ фырт!»
Copyright information for OssIBT2022