‏ 2 Samuel 2

Давид паддзах сси Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн

1Уый фӕстӕ Давид фарста Дунедарӕджы: «Цы кӕнон? Иудӕйы сахартӕй искӕцымӕ ацӕуон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу». Давид бафарста: «Кӕдӕм ацӕуон?» Уый йын загъта: «Хевронмӕ». 2Давид рахӕцыди йӕ дыууӕ усыл — изреелаг Ахиноам ӕмӕ кармелаг Навалы идӕдз Авигеайыл — ӕмӕ араст ис уырдӕм. 3Йемӕ акодта йӕ адӕмы дӕр сӕ бинонтимӕ. Хеврон ӕмӕ йӕ алфамбылай сахарты ӕрцардысты. 4Иудейӕгтӕ Хевронмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Давиды Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн паддзахӕй байсӕрстой.

Давидӕн рахабар чындӕуыди, галаадаг Иавешы цӕрджытӕ Саулы мард бавӕрдтой, зӕгъгӕ.

5Давид галаадаг Иавешы цӕрджытӕм лӕгтӕ арвыста, цӕмӕй сын зӕгъой: «Дунедарӕг уын арфӕ ракӕнӕд, уӕ паддзах Саулыл афтӕ иузӕрдион кӕй разындыстут ӕмӕ йын йӕ мард кӕй бавӕрдтат, уый тыххӕй. 6Ныр уӕ Дунедарӕджы хорзӕх уыдзӕн, ӕмӕ уыл Йӕ зӕрдӕ не сивдзӕн. Ӕз дӕр уын уӕ хорз хорзӕй бафиддзынӕн. 7Ныр уӕхиуыл фӕхӕцут ӕмӕ фидар лӕуут, уымӕн ӕмӕ уӕ паддзах Саул фӕмард ис, мӕн та Иудӕйы хӕдзарвӕндаг йӕхицӕн паддзахӕй байсӕрста».

Йевосфет сси Израилы паддзах

8Уӕдмӕ Неры фырт Авнер, Саулы ӕфсады разамонӕг, Саулы фырт Йевосфеты
Йевосфет — ацы лӕджы ном 1 Азф 8:33; 9:39 у Еш-Баал, 1 Пад 14:49 та — Ишви.
ӕрбакодта Маханаиммӕ
9ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрдта ӕппӕт Израилӕн — Галаад, Ашур, Изреел, Ефрем ӕмӕ Бениаминӕн. 10Дыууиссӕдз азы цыди Саулы фырт Йевосфетыл, Израилы паддзах куы сси, уӕд ӕмӕ паддзахиуӕг кодта дыууӕ азы. Давиды фарс та ӕрмӕст Иудӕйы хӕдзарвӕндаг уыди. 11Давид Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн Хевроны паддзахиуӕг кодта авд азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы.

Давид ӕмӕ Йевосфеты’хсӕн хӕст

12Неры фырт Авнер Саулы фырт Йевосфеты хӕстонтимӕ Маханаимӕй рацыди ӕмӕ Гивонмӕ йӕ ных сарӕзта. 13Церуайы фырт Йоав та рацыди Давиды хӕстонтимӕ. Гивоны цады цур фембӕлдысты, ӕмӕ иудейӕгтӕ цадӕн йӕ иу фарс ӕрлӕууыдысты, израилӕгтӕ та — йӕ иннӕ. 14Уӕд Авнер Йоавмӕ дзуры: «Рахизӕнт-ма фӕсивӕд ӕмӕ сӕ тыхтӕ бавзарӕнт нӕ цуры». Йоав загъта: «Рахизӕнт».

15Бениамины байзӕддӕгтӕй дӕр, Саулы фырт Йевосфеты ӕфсадӕй, дыууадӕс лӕппуйы рахызти, ӕмӕ Давиды хӕстонтӕй дӕр — дыууадӕс. 16Кӕрӕдзийы сӕртӕм фӕлӕбурдтой, кӕрӕдзийы фӕрсты сӕ кӕрдтӕ ныссагътой ӕмӕ иумӕ ӕрхаудысты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы бынат хонынц Хелкат-Цурим
Ома «Кӕрдты быдыр».
, ис Гивоны цур.

17Ӕвирхъау уыди уыцы боны тох, ӕмӕ Авнер ӕмӕ израилӕгтыл Давиды хӕстонтӕ фӕуӕлахиз сты. 18Хӕцӕны уыдысты Церуайы ӕртӕ фырты дӕр: Йоав, Авишай ӕмӕ Асаел. Сычъийау рӕувад уыди Асаел. 19Йӕ разӕй айста Авнеры ӕмӕ йӕ фӕсте сурын райдыдта, йӕ фӕндагӕй нӕдӕр галиуӕрдӕм здӕхт, нӕдӕр рахизӕрдӕм. 20Авнер фӕстӕмӕ фӕкасти ӕмӕ дзуры: «Уый ды дӕ, Асаел?» — «Ӕз дӕн», — дзуапп радта уый. 21«Исчердӕм фӕзил, — загъта йын Авнер, — лӕппутӕй искӕй ӕрцахс ӕмӕ йын йӕ хотыхтӕ дӕхицӕн байс». Фӕлӕ Асаелы нӕ бафӕндыд Авнеры ауадзын. 22Уӕд та йӕм Авнер ногӕй радзырдта: «Иуварс дӕхи айс, науӕд дӕ зӕххыл цӕвын, ӕмӕ ма дын уӕд де’фсымӕр Йоавмӕ цы цӕсгом равдисдзынӕн?» 23Фӕлӕ уый нӕ састи. Уӕд Авнер йӕ арц фӕстӕрдӕм фӕзылдта ӕмӕ йын дзы йӕ гуыбын барӕхуыста. Арц иннӕрдӕм ахызт, Асаел уыцы ран ахауди ӕмӕ йӕ уд систа. Асаел кӕм фӕмард, уырдӕм-иу чи бахӕццӕ, уыдон-иу дзыхълӕуд фӕкодтой. 24Йоав ӕмӕ Авишай фӕсте асырдтой Авнеры ӕмӕ хурныгуылдмӕ схӕццӕ сты, Гивоны ӕдзӕрӕг быдырмӕ фӕндагыл Гиахы акомкоммӕ цы къуылдым ис, Амма, зӕгъгӕ, уырдӕм. 25Бениамины байзӕддӕгтӕ та Авнеры алыварс цӕлхӕмбырдӕй ӕрлӕууыдысты иннӕ къуылдымыл.

26Авнер ныхъхъӕр кодта Йоавмӕ: «Нӕ кӕрдтӕ туджы кӕдмӕ ӕвдулдзыстӕм? Хорз ӕй куы зоныс, хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, уый? Кӕд ӕрдомдзынӕ дӕ адӕмӕй, цӕмӕй се’фсымӕрты фӕдыл мауал зилой?» 27Йоав ын дзуапп радта: «Хуыцауӕй ард хӕрын, уыцы ныхӕстӕ раздӕр куы загътаис, уӕд мӕ адӕм абон сӕумӕйӕ ныууагътаиккой се’фсымӕрты цӕгъдын».

28Йоав сыкъауадындзӕй ныууасын кодта, ӕмӕ йӕ адӕм ӕрлӕууыдысты, сӕ хӕцын ныууагътой, израилӕгты фӕсте нал сырдтой. 29Авнер ӕмӕ йӕ адӕм ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыдысты Иорданы дӕлвӕзы, ахызтысты Иорданыл, ӕгас Битроныл сӕ фӕндаг акодтой ӕмӕ бахӕццӕ сты Маханаиммӕ. 30Йоав Авнеры сурын куы ныууагъта, уӕд ӕрбамбырд кодта йӕ адӕмы. Давиды хӕстонтӕй, Асаелы нӕ нымайгӕйӕ, фӕхъуыди нудӕс лӕджы, 31Бениамины байзӕддӕгтӕй та, Авнеры адӕмӕй, Давиды хӕстонтӕ ныццагътой ӕртӕсӕдӕ ӕртиссӕдз лӕджы. 32Асаелы мард систой ӕмӕ йӕ Вифлеемы йӕ фыды зӕппадзы бавӕрдтой. Йоав йӕ адӕмимӕ ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыди, ӕмӕ сыл Хевроны ӕрбабон ис.
Copyright information for OssIBT2022