‏ 2 Samuel 20

1Уыцы рӕстӕг се’хсӕн фӕци иу ӕнаккаг лӕг, Бениамины мыггагӕй, Бихрийы фырт Савей. Сыкъауадындзӕй ныууасыди уый ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Махӕн та ма ныр Давид чи у? Йессейы фыртимӕ мах цы хъуыддаг ис? Гъӕй кӕнут уӕ цатыртӕм, израилӕгтӕ!» 2Израилӕгтӕ дӕр Давиды фӕуагътой ӕмӕ Бихрийы фырт Савейы фӕдыл фӕраст сты. Иудейӕгтӕ та сӕ паддзахимӕ баззадысты ӕмӕ Иорданӕй суанг Йерусалимы онг йемӕ фӕцыдысты.

Амаса ӕмӕ Савейы амард

3Паддзах Давид Йерусалиммӕ йӕ галуанмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд, хӕдзаргӕс кӕй ныууагъта, йӕ уыцы дӕс номылусы ӕрцӕрын кодта, хъахъхъӕнджытӕ сын кӕм уыд, ахӕм хӕдзары. Хъуаг сӕ ницӕмӕй уагъта, фӕлӕ сӕм цӕугӕ нӕ кодта. Ӕмӕ уыдон идӕдз устытау, ӕхгӕд цард кӕнгӕйӕ, цардысты уым сӕ амӕлӕты онг.

4Паддзах Амасайӕн загъта: «Ӕртӕ боны дын ӕмгъуыд дӕттын, ӕмӕ мын фӕдзур ӕппӕт иудейӕгтӕм дӕр, стӕй дӕхӕдӕг дӕр ам куыд уай, афтӕ». 5Амаса ацыд иудейӕгтӕм фӕдзурынмӕ, фӕлӕ ӕмгъуыды бонмӕ уый йӕ къухы нӕ бафтыди.

6Давид загъта Авишайӕн: «Ныр нын Бихрийы фырт Савей, гӕнӕн ис ӕмӕ Авессаломӕй дӕр фыддӕр фыдбылызтӕ сараза. Гъемӕ дӕ паддзахы хӕстонты демӕ акӕн ӕмӕ йӕ фӕсте асур, цалынмӕ йӕхицӕн фидар сахартӕ не ссардта ӕмӕ нӕ йӕхи нӕ фӕтылиф кодта, уӕдмӕ». 7Йоавы адӕм, керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕ, се’ппӕт дӕр — гуыппырсартӕ, Авишай сӕ сӕргъы, афтӕмӕй феггуырстысты Йерусалимӕй ӕмӕ Бихрийы фырт Савейы фӕдыл афӕдис кодтой.

8Гивоны цур цы стыр дур ис, уымӕ куы баввахс сты, уӕд Амаса сӕ размӕ фӕци. Йоав — йӕ хотыхты, йӕ цирхъ — йӕ астӕуыл баст, ӕмӕ йын цӕугӕ-цӕуын кӕрддзӕмӕй ӕрхауд. 9Йоав Амасайы фӕрсы: «Куыд дӕ, ме’фсымӕр?» — ӕмӕ йын рахиз къухӕй йӕ боцъомӕ бавнӕлдта, цыма йын ба кодта, афтӕ. 10Амаса йын йӕ иннӕ къухы кард нӕ фӕхъуыды кодта, ӕмӕ йын ӕй Йоав йӕ гуыбыны ныссагъта. Амасайӕн йӕ хуылфыдзаумӕттӕ зӕхмӕ ӕркалдысты ӕмӕ амарди, дыккаг цӕфы сӕр ӕй нал бахъуыд.

Йоав ӕмӕ йе’фсымӕр Авишай дарддӕр атындзыдтой Бихрийы фырт Савейы фӕдыл.
11Йоавы хӕстонтӕй иу Амасайы марды уӕлхъус ӕрлӕууыд ӕмӕ дзырдта: «Йоавы чи нымайы ӕмӕ Давиды фарс чи хӕцы, уый Йоавы фӕдыл рацӕуӕд!» 12Ныр Амасайы мард та фӕндаджы астӕу йӕ туджы мӕцыд, ӕмӕ уыцы лӕг куы федта, адӕм йӕ уӕлхъус ӕмбырд кӕнынц, уӕд ӕй фӕндагӕй иуварсмӕ раласта ӕмӕ йыл дарӕс баппӕрста. 13Марды фӕсвӕдмӕ айстой фӕндагӕй, ӕмӕ адӕм Йоавы фӕдыл фӕраст сты Бихрийы фырт Савейы агурӕг.

14Савей ахызти Израилы хӕдзарвӕндӕгты зӕххытыл ӕмӕ Авел-Бет-Маахайы сахармӕ бахӕццӕ ис. Бихрийы байзӕддӕгтӕ ӕмткӕй йемӕ бамбал сты ӕмӕ сахармӕ йӕ фӕдыл бацыдысты. 15Йоавы ӕфсад дӕр бахӕццӕ ис Авел-Бет-Маахамӕ ӕмӕ йыл ӕрхъула кодта. Сахары сисрӕбын сыджытбыру скодтой ӕмӕ сахары сис ракалыныл архайын райдыдтой.

16Уӕд иу зонынджын сылгоймаг сисы сӕрӕй ӕрдзырдта: «Байхъусут-ма, байхъусут-ма! Зӕгъут-ма Йоавӕн, ӕмӕ ардӕм ӕввахс ӕрбацӕуа, ӕз ын цыдӕр зӕгъон!» 17Йоав ӕрбацыди, ӕмӕ йӕ сылгоймаг бафарста: «Уый ды дӕ, Йоав?» Уый дзуапп радта: «Ӕз». Сылгоймаг загъта: «Уӕдӕ дӕ цагъары ныхӕстӕм байхъус». Уый йын дзуапп радта: «Хъусын».

18Сылгоймаг дзурын райдыдта: «Раздӕр-иу афтӕ загътой, ӕнӕмӕнг Авелы сахары бафӕрсут, зӕгъгӕ, ӕмӕ-иу алы хъуыддаг дӕр афтӕмӕй сарӕзтой. 19Мах Израилимӕ хъӕрмудӕй цӕрӕм, ӕнувыд ыл стӕм, ды та израилаг сахар ныддӕрӕн кӕнынмӕ хъавыс, уыимӕ — стыр сахар. Цӕмӕн дӕ фӕнды Дунедарӕджы бӕстыхай фехалын?» 20Йоав ын дзуапп радта: «Уый нӕ уыдзӕн! Ӕлгъыст фӕуон, ӕз исты куы бабын кӕнон ӕмӕ куы фехалон! 21Хъуыддаг уый мидӕг нӕй. Ефремы хӕхбӕстаг, йӕ ном — Савей, Бихрийы фырт, йӕ къух систа паддзах Давидмӕ. Ӕрмӕстдӕр мын уый раттут, ӕмӕ уын уӕ сахар ӕнцад ныууадздзынӕн». Сылгоймаг загъта Йоавӕн: «Сисы сӕрӕй дын йӕ сӕр ӕрӕппардзысты».

22Сылгоймаг дзыллӕйы раз ӕрлӕууыди ӕмӕ сын йӕ хъуыды загъта. Уыдон ын йӕ зондмӕ байхъуыстой, Бихрийы фырт Савейӕн йӕ сӕр акъуырдтой ӕмӕ йӕ Йоавмӕ ӕрӕппӕрстой. Уӕд Йоав сыкъауадындзӕй ныууасын кодта, ӕмӕ уыйадыл йӕ адӕм сахары разӕй сӕхи айстой ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты, Йоав йӕхӕдӕг та йӕ паддзахмӕ аздӕхт Йерусалиммӕ.

Давиды ӕххуысгӕнджытӕ

23Йоав уыди ӕгас Израилы ӕфсады хицау, Йеходайы фырт Бенайа — керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгты хицау, 24Адорам — цагъайрӕгты хицау, Ахилуды фырт Йошафат — азфыссӕг, 25Шева — нымӕрдар, Цадок ӕмӕ Авиафар — сауджынтӕ; 26иаираг Ира дӕр уыди Давиды сауджын.
Copyright information for OssIBT2022