2 Samuel 21
Саулы байзӕддӕгтӕй авды амардтой гивонӕгтӕ
1Давиды заман фӕд-фӕдыл ӕртӕ стонг азы скодта, ӕмӕ паддзах Дунедарӕджы бафарста. Дунедарӕг загъта: «Аххос Саул ӕмӕ йӕ байзӕддагыл ис, уымӕн ӕмӕ Саул ӕназым гивонӕгты туг ныккалдта». 2Паддзах фӕдзырдта гивонӕгтӕм. Гивонӕгтӕ израилӕгтӕй нӕ, фӕлӕ, аморӕгтӕй ма чи аирвӕзти, уыдонӕй уыдысты. Израилӕгтӕ сын кӕддӕр ард бахордтой, удӕгасӕй сӕ кӕй ныууадздзысты, уый тыххӕй, фӕлӕ Саул, израилӕгтӕ ӕмӕ иудейӕгтыл тыхсгӕйӕ, сӕ цӕгъдыныл нӕ ауӕрста. 3Давид гивонӕгты бафарста: «Цы хорзы уын бацӕуон, цӕмӕй уыцы азым ферох кӕнат ӕмӕ Хуыцауы арфӕ уӕ цӕст бауарза Дунедарӕджы адӕмӕн?» 4Гивонӕгтӕ йын загътой: «Саул ӕмӕ нӕ йӕ байзӕддӕгтӕй нӕдӕр ӕвзист хъӕуы, нӕдӕр сыгъзӕрин. Израилы адӕмӕй искӕй амарӕм, уыцы бар та нын нӕй». — «Цыдӕриддӕр мын зӕгъат, ӕз уый бакӕндзынӕн!» — зӕрдӕ сын бавӕрдта Давид. 5Уӕд уыдон загътой: «Кӕй нӕ цагъта ӕмӕ нын Израилы зӕххыл нӕ мыггаг сыскъуынынмӕ кӕй тырныдта, 6уый тыххӕй нын йӕ байзӕддӕгтӕй авд нӕ къухмӕ ратт, ӕмӕ сӕ мах, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уыцы Саулы Дунедарӕджы раз Гевӕйы ӕрцауындзӕм». Паддзах сын загъта: «Ратдзынӕн». 7Давид, Саулы фырт Ионатанимӕ Дунедарӕджы раз цы ард бахордтой, уый йӕ зӕрдыл дардта ӕмӕ Ионатаны фырт Мефивошетыл бацауӕрста. 8Паддзах равзӕрста, Айайы чызг Рицпайӕ Саулӕн цы дыууӕ фырты баззади, уыдоны — Армони ӕмӕ Мефивошеты, стӕй Саулы чызг Мелхолӕйӕн Барзиллайы фырт мехолайаг Адриелӕй цы фондз лӕппуйы уыди, уыдоны. 9Гивонӕгты къухмӕ сӕ радта, ӕмӕ сӕ уыдон Дунедарӕджы раз, кувӕн къуыбырыл, ӕрцауыгътой. Авдӕй дӕр амардысты иумӕ, хуымгӕрдӕнты фыццаг бонты, хъӕбӕрхорӕфснайӕнтӕ куы райдыдтой, уӕд. 10Айайы чызг Рицпа сӕхъисы гӕппӕл райста ӕмӕ йӕ къӕдзӕхыл йӕхицӕн ӕрытыдта. Хуымгӕрдӕнты райдианӕй суанг, цалынмӕ сын сӕ мӕрдтыл арвӕй къӕвда уарын райдыдта, уӕдмӕ уырдыгӕй нӕ рацыди. Боныгон сӕм ӕввахс нӕ уагъта уӕларвон мӕргъты, ӕхсӕвыгон — хъӕддаг сырдты. 11Давидӕн радзырдтой, Саулы номылус Рицпа, Айайы чызг, цы бакодта, уый. 12Давид ацыди ӕмӕ галаадаг Иавешы цӕрджытӕй райста Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаны стджытӕ. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ филистимӕгтӕ Гилбоайы цур Саулы ӕфсадыл куы фӕуӕлахиз сты, уӕд Саул ӕмӕ Ионатаны мӕрдтӕ Бет-Шеаны сахары фӕзы ӕрцауыгътой, ӕмӕ сӕ Иавешы цӕрджытӕ уырдыгӕй радавтой. 13Давид Иавешӕй Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаны стджытӕ куы ӕрбахаста, уӕд, ныр кӕй ӕрцауыгътой, уыцы авды стджытӕ дӕр сӕмбырд кодтой 14ӕмӕ сӕ Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаны стджытимӕ иумӕ Целайы, Бениамины зӕххыл, Саулы фыд Кишы зӕппадзы бавӕрдтой. Бакодтой, паддзах куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ Хуыцау айста адӕмы куывд ӕмӕ батӕригъӕд кодта бӕстӕйӕн.Израилӕгты уӕлахизтӕ гатаг уӕйгуытыл
15Филистимӕгтӕ ӕмӕ израилӕгтӕ та ногӕй схӕцыдысты, ӕмӕ Давид йӕ адӕмимӕ филистимӕгты ныхмӕ тохмӕ ралӕууыди. Давид бастад, 16ӕмӕ йӕ Рафайы байзӕддӕгтӕй иу, Ишби, зӕгъгӕ, йӕ арцы ӕрхуы бырынчъы уӕз — ӕртӕсӕдӕ шекелы, йӕ астӕуыл — ног цирхъ, ныццӕвынмӕ хъавыд — хъуамӕ йӕ амардтаид. 17Фӕлӕ Церуайы фырт Авишай Давиды фарсмӕ ӕрбалӕууыди — филистимагыл йӕхи ныццавта ӕмӕ йӕ амардта. Уӕд Давидӕн йӕ адӕм расомы кодтой: «Ды немӕ хӕстмӕ нал ацӕудзынӕ, цӕмӕй Израилы цырагъ ма ахуысса». 18Фӕстӕдӕр ма Говы дӕр филистимӕгтимӕ ногӕй схӕцыдысты. Хушайаг Сибехай амардта Сафы, Рафайы байзӕддӕгтӕй иуы. 19Говы ма филистимӕгтимӕ ноджыдӕр иу хӕст уыди, ӕмӕ уым вифлеемаг Елханан, Иаир-Оргимы фырт, гатаг Голиафы амардта — йӕ арцы хъӕд тынуафӕн хъилы йас кӕмӕн уыди, уыцы Голиафы. 20Иу ахӕм хӕст ма уыди Гаты дӕр. Уым иу уӕйыгӕнгӕс лӕг, уый дӕр Рафайы байзӕддӕгтӕй, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтыл — ӕхсӕзгай ӕнгуылдзтӕ, ӕдӕппӕтӕй — цыппар ӕмӕ ссӕдз ӕнгуылдзы, 21фидистӕ кодта израилӕгтӕн, ӕмӕ йӕ Йонатан, Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт, амардта. 22Ацы уӕйыгӕнгӕс лӕгтӕ цыппарӕй дӕр уыдысты Рафайы байзӕддӕгтӕ, гатӕгтӕ, ӕмӕ Давид ӕмӕ йӕ хӕстонты къухӕй мӕрдтӕм бацыдысты.
Copyright information for
OssIBT2022