‏ 2 Samuel 23

Давиды фӕстаг ныхӕстӕ

1Мӕнӕ Давиды фӕстаг ныхӕстӕ:

«Дзуры Давид, Йессейы фырт,
Хуыцау бӕрзонд кӕй систа, уыцы адӕймаг,
Йаковы Хуыцауы байсӕрст,
Израилы Сӕрхъуызой кӕй уарзы, уый.

2Дунедарӕджы Уд дзуры мӕн уылты,
мӕ былалгъыл — Йӕ дзырд.
3Израилы Хуыцау загъта,
Израилы Къӕдзӕх мын фехъусын кодта:
„Рӕстӕй адӕмыл ӕлдариуӕг чи кӕна,
Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сын разамынд чи дӕтта,
4уый у сӕуӕхсиды, ирд райсомы’нгӕс,
ӕрдзы срухсау, зӕххӕй кӕрдӕг чи сзайын кӕны,
уыцы къӕвдайы фӕстӕ“.

5Хуыцауы раз ахӕм нӕу мӕ хӕдзарвӕндаг?!
Мыггагмӕйы Фидыд Уый сарӕзта мемӕ,
ӕнӕфехалгӕ ӕмӕ ӕнаивгӕ!
Исты нӕ кӕнын ӕдзух ӕз уӕлахиз?
Исты мӕ алы фӕнд къухы нӕ бафты?
6Ӕнаккӕгтӕ та — какон сындзытау,
къухӕй кӕмӕ нӕ бавналынц,
афтӕмӕй кӕй аппарынц,
7фӕлӕ ӕфсӕн цыргъагӕй кӕнӕ арцы хъӕдӕй
кӕй фелвасынц ӕмӕ арты кӕй баппарынц».

Давиды ӕхсарджындӕр хӕстонтӕ

8Мӕнӕ Давиды ӕхсарджынтӕ номхуындӕй: тахкемонаг Иошев-Башевет. Ӕртӕйы хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй астсӕдӕ знаджы ныццагъта.

9Уый дӕле — Елеазар, Додойы фырт, Ахохийы байзӕддаг, Давидимӕ филистимӕгтӕм тохмӕ цы ӕртӕ хӕстоны фӕсидти, уыдонӕй иу. Израилӕгтӕ уӕд фӕтасыдысты, сӕхи фӕфӕстӕмӕ кодтой, 10фӕлӕ Елеазар фидар фӕлӕууыд, филистимӕгты цагъта, цалынмӕ йӕ къух бастад ӕмӕ йын карды фистоныл нындӕгъд, уӕдмӕ. Уыцы бон Дунедарӕг стыр уӕлахиз радта. Ӕфсад фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд ма сӕ ӕрмӕстдӕр хъуыди, мӕрдтӕм исбонӕй цы уыд, уый ӕрӕмбырд кӕнын.

11Уый дӕле — Агейы фырт Шамма, харараг. Филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд сты Лехийы цур, тъӕпӕн хъӕдуры зад хуымы, ӕмӕ израилӕгтӕ лидзӕг фесты, 12фӕлӕ Шамма ӕрлӕууыд хуымы астӕу ӕмӕ хуым дӕр бахъахъхъӕдта, филистимӕгты дӕр ныццагъта — Дунедарӕг стыр уӕлахиз саккаг кодта.

13Дӕс ӕмӕ ссӕдз фӕтӕгӕй ӕртӕ Адулламы лӕгӕтмӕ Давидмӕ ныццыдысты хуымгӕрдӕнафон. Уӕд филистимӕгты рӕсӕнуат Рефаимты дӕлвӕзы уыд. 14Давид фидары уыди, филистимӕгты иу къорд та — Вифлеемы раз. 15Давид дойныйӕ марди ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, Вифлеемы кулдуары цур цы цъай ис, уырдыгӕй мын исчи дон куы ӕрбадавид!» 16Ӕртӕ ӕхсарджыны филистимӕгты рӕсӕнуатмӕ бабырстой, Вифлеемы кулдуары цур цъайӕ дон систой ӕмӕ йӕ Давидӕн ӕрхастой. Фӕлӕ дзы йӕ зӕрдӕ нӕ бакуымдта бануазын, Дунедарӕджы кадӕн ӕй акалдта 17ӕмӕ загъта: «Уымӕй мӕ бахизӕд Дунедарӕг! Нӕ бануаздзынӕн! Сӕ удтӕ сӕ армы даргӕйӕ чи ацыд, уыдоны туг куы у ай!» Ӕмӕ дзы нӕ бакуымдта нуазын. Гъе ахӕм лӕгдзинад равдыстой уыцы ӕртӕ хӕстоны.

18Йоавы ӕфсымӕр Авишай, Церуайы фырт, уыди хӕстон къорды хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй знаджы адӕмӕй ӕртӕсӕдӕ ныццагъта, ӕмӕ йын ӕфсады’хсӕн уыди стыр кад. 19Се’ппӕтӕй номдзыддӕр уыд ӕмӕ сын разамынд лӕвӕрдта, фӕлӕ ӕфсадӕн цы ӕртӕ уӕлдӕр разамонӕджы уыди, уый уыдонмӕ нӕ хаудис.

20Кавцеелы сахайраг Йеходайы фырт бӕгъатыр Бенайа зындгонд у йӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй. Уый амардта моаваг дыууӕ домбай хӕстоны. Иуахӕмы та, мит уарыд, афтӕмӕй къардиумӕ ныххызти дон схӕссынмӕ, домбайыл дзы бамбӕлдис ӕмӕ йӕ уыцы ран ӕрбамардта. 21Мӕрдтӕм барвыста иу уӕйыгӕнгӕс мысыраджы дӕр. Мысыраджы къухы уыди арц, Бенайа та йӕ ныхмӕ лӕдзӕгимӕ рацыди, йӕ арц ын йӕ къухӕй стыдта ӕмӕ йӕ йӕхи арцӕй амардта. 22Ахӕм сгуыхт лӕг уыд Йеходайы фырт Бенайа. Ӕфсады’хсӕн ын стыр кад уыди. 23Хӕстонтӕн сӕ номдзыддӕртӕй уыди, фӕлӕ, ӕфсадӕн цы ӕртӕ уӕлдӕр разамонӕджы уыд, уыдонмӕ нӕ хаудис. Давид ӕй йӕ хъахъхъӕнджыты сӕргъы сӕвӕрдта.

24Бӕгъатыр хӕстонтыл нымад уыдысты: Йоавы ӕфсымӕр Асаел; Додойы фырт Елханан, вифлеемаг; 25хародаг Шамма; хародаг Елика; 26палтиаг Хелец; Икешы фырт Ира, текоайаг; 27анатотаг Авиезер; хушайаг Мевуннай; 28Цалмон, Ахохийы мыггагӕй; нетофаг Махрай; 29Баанайы фырт Хелев, нетофаг; Ривайы фырт Итай — Бениамины Гевӕйӕ; 30пиратонаг Бенайа; Хидай — Нахале-Гаашӕй; 31арватаг Авиалвон; бахуримаг Азмавет; 32шаалвонаг Елйахба; Йашены фырттӕ; Йонатан; 33харараг Шамма; арараг Шарары фырт Ахиам; 34маахайаг Ахасбайы фырт Елифелет; гилойаг Ахитофелы фырт Елиам; 35кармелаг Хецро; арбитаг Паарай; 36цовайаг Натаны фырт Игал; Гады байзӕддаг Бани; 37аммонаг Целек; бееротаг Нахрай, Церуайы фырт Йоавы хотыхдар; 38итриаг Ира; итриаг Гарев; 39хеттаг Уриа. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвддӕс ӕмӕ ссӕдз.
Copyright information for OssIBT2022