‏ 2 Samuel 24

Адӕмы сфыст ӕмӕ Дунедарӕджы азар

1Дунедарӕджы маст та ссыгъди израилӕгтӕм ӕмӕ сын Давиды сӕ ныхмӕ сардыдта. Загъта йын: «Цу ӕмӕ банымай Израил ӕмӕ Иудӕйы».

2Паддзах бафӕдзӕхста Йоавӕн, йе’фсады хицауӕн: «Данӕй Беер-Шевӕйы онг Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтыл ӕрзилут ӕмӕ адӕмы сфыссут, цӕмӕй мӕ адӕмы нымӕц зонон». 3Йоав паддзахӕн загъта: «Адӕм цас сты, сӕдӕ ахӕмы ма сыл бафтауӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕмӕ уый паддзах, мӕ бардарӕг, йӕхи цӕстӕй фенӕд. Фӕлӕ уӕддӕр паддзахы, мӕ бардарӕджы, афтӕ бакӕнын цӕмӕн бафӕндыд?»

4Паддзах цӕхгӕр ныллӕууыд, ӕмӕ Йоав ӕмӕ иннӕ ӕфсады хицӕуттӕ араст сты Израилы адӕмы сфыссынмӕ. 5Бахызтысты Иорданыл ӕмӕ райдыдтой Ароерӕй, стӕй Арноны тӕрфы тӕккӕ уӕлбыл сахарӕй, ӕмӕ араст сты Гады зӕхмӕ ӕмӕ Йазеры сахармӕ. 6Уый фӕстӕ араст кодтой Галаадмӕ, стӕй та Тахтим-Ходшейы зӕхмӕ, бахӕццӕ сты Дан-Йаанмӕ. Уырдыгӕй баздӕхтысты Сидоны’рдӕм, 7стӕй ацыдысты Тиры фидармӕ, дарддӕр та хиввӕгты ӕмӕ ханаанӕгты ӕппӕт сахартӕм; ӕппынфӕстаг ахӕццӕ сты хуссар Иудеймӕ, Беер-Шевӕйы сахармӕ. 8Афтӕмӕй ӕрзылдысты ӕппӕт бӕстӕйыл ӕмӕ фараст мӕйы ӕмӕ ссӕдз боны фӕстӕ ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ.

9Йоав адӕмы сфысты хыгъд паддзахмӕ радта. Израилӕгтӕм кардӕй хӕцынхъом лӕгтӕ разынди астсӕдӕ мины, иудейӕгтӕм та — фондзсӕдӕ мины.

10Фӕлӕ адӕмы банымайыны фӕстӕ Давидӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудти ӕмӕ Дунедарӕгӕн загъта: «Тынг фӕтӕригъӕдджын дӕн, ахӕм ӕнӕрхъуыды ми кӕй бакодтон, уый тыххӕй ӕмӕ Дӕ курын, ныббар Дӕ цагъарӕн йӕ тӕригъӕд».

11Дыккаг райсом, Давид йӕ уатӕй нӕма сыстад, афтӕ Дунедарӕг раргом ис Гад-пехуымпармӕ, Давиды зонынджынмӕ: 12«Цу ӕмӕ зӕгъ Давидӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз дын ӕртӕ хуызы ӕфхӕрд ӕрцӕттӕ кодтон, ӕмӕ дӕхӕдӕг равзар, кӕцыйы амӕттаг дӕ бакӕнон, уый“».

13Гад бацыди Давидмӕ ӕмӕ йын загъта: «Равзар, цы дӕ фӕнды, уый: дӕ бӕстӕн ӕртӕ стонг азы? Ӕви ӕртӕ мӕйы дӕргъы де знӕгтӕ дӕ фӕдыл зилой ӕмӕ сӕ дӕхи ӕмбӕхсай? Ӕви ӕртӕ боны дӕргъы емынӕ сыста дӕ бӕстӕйыл? Ахъуыды кӕн, Чи мӕ ӕрбарвыста, уымӕн цы дзуапп раттон, ууыл».

14Давид Гадӕн загъта: «Тынг уӕззау уавӕры дӕн, фӕлӕ, адӕмы къухмӕ бахауыны фӕлтау уадз ӕмӕ Дунедарӕджы къухмӕ бахауӕм, — Уый бирӕбараг у».

15Дунедарӕг израилӕгтыл емынӕ бафтыдта — уыцы райсом сыл сыстад ӕмӕ нысангонд афонмӕ не’рсабыр; Данӕй Беер-Шевӕмӕ ӕвдай мин адӕймаджы бабын ис. 16Мӕлӕтхӕссӕг зӕд йӕ къух Йерусалим фесафынмӕ куы систа, уӕд Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кодта сахарӕн, нал Ӕй бафӕндыди бӕллӕх ӕруадзын. Зӕдӕн загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕруадз дӕ къух». Уыцы уысм мӕлӕтхӕссӕг зӕд уыди йевусаг Орнайы мусы сӕрмӕ.

17Давид мӕлӕтхӕссӕг зӕды куы федта, уӕд Дунедарӕгӕн загъта: «Тӕригъӕды ӕз куы бацыдтӕн, фыдракӕнд ӕз куы сарӕзтон, уӕд ацы фыстӕ та цы аххосджын сты? Дӕ азар ныххуырс мӕныл ӕмӕ мӕ бинонтыл».

Давид аразы нывондхӕссӕн йевусаг Орнайы мусы

18Уыцы бон Гад бацыди Давидмӕ ӕмӕ йын загъта: «Цу ӕмӕ йевусаг Орнайы мусы Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сараз». 19Давид, Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ йын Гад куыд загъта, афтӕ бакодта — ссыди мусмӕ.

20Орна паддзах ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд сӕ размӕ рацыд ӕмӕ паддзахы раз зӕххыл ныддӕлгом ис. 21Загъта йын: «Цӕй фӕдыл саккаг кодта мӕ бардарӕг паддзах йӕ цагъармӕ ӕрбацӕуын?» Давид ын дзуапп радта: «Дӕ мус балхӕнынмӕ. Цӕмӕй ам Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн саразон, ӕмӕ адӕм фыд азары амӕттаг мауал кӕной».

22Орнайы дзуапп уыди Давидӕн: «Цыдӕриддӕр ӕй фӕнды, уый айсӕд мӕ бардарӕг паддзах ӕмӕ ӕрхӕссӕд йӕ зӕрдӕйы фӕндиаг нывонд. Иууылсудзинагӕн — мӕнӕ галтӕ, сугӕн та — найгӕнӕн дзоныгътӕ ӕмӕ галты ӕфсондз. 23Иууылдӕр сӕ лӕвар дӕттын мӕ паддзахӕн». Орна ма йын ноджы загъта: «Йӕ арфӕйы аккаг дӕ скӕнӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау!»

24Фӕлӕ паддзах Орнайӕн загъта: «Нӕ, се’ххӕст аргъӕй сӕ хъуамӕ балхӕнон ӕнӕмӕнг. Дунедарӕгӕн, мӕ Хуыцауӕн, иууылсудзинаг нывӕндтӕ, лӕвар цы райсон, уымӕй не’рхӕсдзынӕн». Уыйадыл ӕвзисты дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз шекелӕй балхӕдта Давид мус ӕмӕ галтӕ. 25Дунедарӕгӕн уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кодта бӕстӕйӕн, ӕмӕ израилӕгтӕ Хуыцауы фыд азарӕй фервӕзтысты.
Copyright information for OssIBT2022