2 Samuel 3
1Саулы хӕдзар ӕмӕ Давиды хӕдзары’хсӕн хӕст ныддӕргъвӕтин. Давид тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта, Саулы хӕдзар та заууатмӕ цыди.Давиды фырттӕ
2Давидӕн Хевроны райгуырди фырттӕ: хистӕр — Амнон, йӕ мад изреелаг Ахиноам, 3уый кӕстӕр — Килав, йӕ мад — кармелаг Навалы идӕдз Авигеа, ӕртыккаг — Авессалом, йӕ мад — Гешуры паддзах Талмайы чызг Мааха, 4цыппӕрӕм — Адониа, йӕ мад — Хагит, фӕндзӕм — Шефати, йӕ мад — Авитал, 5ӕхсӕзӕм — Итреам, йӕ мад Егла. Давидӕн уыдон сӕнтыстысты Хевроны.Йевосфеты ӕфсады хицау Авнер Давиды фарс фӕцис
6Цалынмӕ Саулы хӕдзар ӕмӕ Давиды хӕдзар кӕрӕдзиимӕ хӕцыдысты, уӕдмӕ Авнерӕн Саулы хӕдзарыл йӕ бар тынгӕй-тынгдӕр цыди. 7Саулӕн уыди номылус, йӕ ном — Рицпа, Айайы чызг. Иуахӕмы Йевосфет Авнерӕн загъта: «Мӕ фыды номылусмӕ цӕмӕн бацыдтӕ?» 8Уыцы ныхӕстӕм Авнер цӕхӕртӕ скалдта: «Ӕз дын куыдз дӕн, иудейӕгтимӕ ӕмдзӕхдон куыд хъуамӕ кӕнон? Кад ӕмӕ радӕй куы лӕггад кӕнын Саулы хӕдзарӕн дӕр, Саулы ӕфсымӕртӕн дӕр ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн дӕр! Дӕу дӕр Давиды къухмӕ куы нӕ радтон! Уӕд мыл ныр ды сылгоймаджы тыххӕй тӕригъӕд мысыс? 9Хуыцау Авнерӕн афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд, Дунедарӕг Давидӕн сомы цӕмӕй кодта, ӕз ын уый куынӕ саразон! 10Цӕмӕй Саулы хӕдзары паддзахдзинадӕн кӕрон ӕрцӕуа, ӕмӕ Давид паддзахиуӕг кӕна Израил ӕмӕ Иудӕйы, Данӕй суанг Беер-Шевӕйы онг». 11Йевосфет ницыуал сфӕрӕзта Авнеры ныхмӕ сдзурын, уымӕн ӕмӕ дзы тӕрсгӕ кодта. 12Ныр Авнер та Давидмӕ лӕгтӕ арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Ацы зӕхх кӕй хъуамӕ уа, дӕу йеддӕмӕ? Фидыд сараз мемӕ, ӕмӕ дын баххуыс кӕндзынӕн, цӕмӕй ӕппӕт Израилы адӕм дӕ фарс фӕуой». — 13«Хорз, — дзуапп ын радта Давид, — сараздзынӕн. Ӕрмӕст дӕ иу хъуыддаг курын: дӕхи мын ма фенын кӕн, Саулы чызг Мелхолӕйы мын демӕ куынӕ ӕрбахонай, уӕд». 14Давид Саулы фырт Йевосфетмӕ лӕгтӕ арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Ратт мын мӕ ус Мелхолӕйы. Ӕз ууыл филистимӕгты сунӕты сӕдӕ лыггаджы бафыстон». 15Йевосфет Мелхолӕмӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй йӕ ракӕной йӕ мойӕ, Лаишы фырт Палтиелӕй. 16Йӕ мой йӕ фӕдыл Бахуримы онг дзыназгӕ фӕцыди. Авнер ын загъта: «Аздӕх фӕстӕмӕ». Ӕмӕ аздӕхти. 17Авнер Израилы хистӕрты раз раныхас кодта: «Сымах Давиды уӕхицӕн паддзахӕн рагӕй агуырдтат. 18Гъеныр уӕ фӕнд сӕххӕст кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ загъта Давиды тыххӕй: „Мӕ цагъар Давиды фӕрцы Мӕ адӕмы, Израилы, филистимӕгтӕ ӕмӕ се’ппӕт иннӕ знӕгтӕй фервӕзын кӕндзынӕн“». 19Афтӕ загъта Авнер Бениамины байзӕддӕгтӕн дӕр. Уый фӕстӕ араст ис Хевронмӕ, Израил ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы фӕндон Давидӕн радзурынмӕ. 20Ссӕдз лӕджы йемӕ, афтӕмӕй схӕццӕ ис Давидмӕ, Хевронмӕ, ӕмӕ сын Давид куывд скодта. 21Авнер Давидӕн загъта: «Цӕй, ӕз ныр ацӕуон ӕмӕ мӕ бардарӕгмӕ, мӕ паддзахмӕ, ӕппӕт Израилы адӕмы дӕр ӕрхонон, цӕмӕй демӕ фидыд саразой, ӕмӕ ды паддзах уай, кӕмӕн дӕ фӕнды, уыдонӕн се’ппӕтӕн дӕр». Давид сразы ис Авнеры ныхасыл, ӕмӕ уый фарнимӕ араст ис.Йоав хивастӕй мары Авнеры
22Уыцы рӕстӕг Давиды хӕстонтӕ, Йоав сӕ сӕргъы, афтӕмӕй дзӕвгар ӕфтиагимӕ хӕстон балцӕй ӕрбаздӕхтысты. Авнеры Давидмӕ нал баййӕфтой Хевроны, уымӕн ӕмӕ йӕ уый уӕдмӕ ауагъта, ӕмӕ фарнимӕ ацыди. 23Йоав куыддӕр Давиды хӕстонтимӕ ӕрхӕццӕ ис, афтӕ йӕм хабаргӕнӕг фӕци, Неры фырт Авнер паддзахмӕ уыди ӕмӕ йӕ уый фарнимӕ ауагъта, зӕгъгӕ. 24Йоав паддзахмӕ бацыди ӕмӕ йын загъта: «Уый цы бакодтай? Авнер дӕм йӕхи къахӕй куы ӕрбацыди, уӕд ма йӕ цӕмӕн ауагътай? 25Зонгӕ йӕ куы кӕныс, Неры фырт Авнер дӕ афӕливынмӕ хъавы, хъуамӕ дын дӕ ацыд ӕмӕ ӕрбацыд сбӕлвырд кӕна, дӕ фӕндтӕ дын базона». 26Йоав Давиды разӕй куы рацыди, уӕд йе’вастӕй Авнеры фӕстӕ йӕ адӕмы арвыста, ӕмӕ йӕ уыдон Сирайы донуаты цурӕй фӕстӕмӕ раздӕхтой. 27Авнер Хевронмӕ фӕстӕмӕ куы баздӕхти, уӕд ӕй Йоав кулдуарӕй фӕмидӕг кодта, цыма йын аивӕй цыдӕр зӕгъынмӕ хъавыд, уый хуызӕн ӕмӕ йын уым йӕ гуыбын барӕхуыста, йе’фсымӕр Асаелы туг дзы райста.Давид ӕмӕ израилӕгтӕ хъыг кӕнынц Авнерыл
28Хабар фехъусгӕйӕ, Давид загъта: «Дунедарӕджы раз ӕнустӕм сыгъдӕг дӕн ӕз, ӕмӕ мӕ паддзахад дӕр сыгъдӕг у: мӕ азым нӕй Неры фырт Авнеры тугныккалды. 29Уыцы туджы азар Йоавы сӕрыл ӕмӕ йӕ мыггаджы фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд! Йоавы хӕдзар макуы схицӕн уӕд нӕлгоймаджы низтӕ ӕмӕ хъотырӕй, йӕ байзӕддӕгтӕ лӕдзӕджы ӕнцӕйтты цӕуӕнт, кардылӕфтыд фӕуӕнт ӕмӕ къӕбӕрӕй хъуаг ӕййафӕнт!». 30Йоав ӕмӕ йе’фсымӕр Авишай та Авнеры, се’фсымӕр Асаелы сын кӕй амардта Гивоны хӕсты, уый тыххӕй амардтой. 31Йоав ӕмӕ, йемӕ чи уыди, ӕппӕт уыцы адӕмӕн Давид загъта: «Уӕ дарӕс арӕдувут фӕйнӕрдӕм, сӕхъистӕ скӕнут уӕ уӕлӕ ӕмӕ Авнерыл уӕ цӕссыг калут». Паддзах Давид йӕхӕдӕг дӕр Авнеры сынты фӕдыл цыди. 32Хевроны йӕ бавӕрдтой, ӕмӕ йыл паддзах йӕ зӕппадзы цур хъӕлӕсы дзагӕй куыдта. Йемӕ куыдтой ӕппӕт дзыллӕ дӕр. 33Авнерыл паддзах ахӕм хъарӕг скодта: «Ӕнаккаджы адзал цӕмӕн каст уӕддӕр Авнермӕ?34Дӕ къухтӕ баст дӕр куы нӕ уыдысты,
дӕ къӕхтыл хъадамантӕ дӕр куы нӕ уыд;
фыдгӕнджыты къухӕй чи амӕлы,
уыйау куыд бабын дӕ!»
Ӕмӕ йыл дзыллӕ ноджы тынгдӕр ныккуыдтой. 35Фӕстӕдӕр, рухс ма уыди, афтӕмӕй адӕм иууылдӕр Давидмӕ хатыдысты, цӕмӕй исты скомдзаг кӕна. Фӕлӕ Давид ард бахордта: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, ӕз хуры аныгуылдмӕ мӕ дзыхмӕ исты куы схӕссон, уӕд!» 36Адӕм уый куы федтой, уӕд сын ӕхсызгон уыди, паддзахы алы хъуыддаг дӕр-иу сын куыд ӕхсызгон уыд, афтӕ. 37Уыцы бон ӕппӕт ӕфсад, стӕй Израилы адӕм иууылдӕр, базыдтой, Неры фырт Авнеры мӕлӕтмӕ паддзах кӕй ницы бар дары, уый. 38Паддзах йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Абон Израилы стыр ӕфсады хицау кӕй амарди, уый зонут. 39Кӕд мӕ паддзахӕй байсӕрстой, уӕддӕр мӕнмӕ нырма уый бӕрц тых нӕй, ацы Церуайы фырттӕ та ӕгӕр ӕгъатыр сты. Фӕлӕ сын Дунедарӕг схос кӕнӕд сӕ фыдракӕнды тыххӕй!»
Copyright information for
OssIBT2022