2 Samuel 4
Йевосфеты амард
1Саулы фырт Йевосфет, Авнер Хевроны фӕмард ис, зӕгъгӕ, уый куы фехъуыста, уӕд йе уӕнгтӕ ӕруагъта. Бакатай кодтой Израилы адӕм дӕр. 2Саулы фырты хӕстонтӕн уыди дыууӕ ӕфсады хицауы, сӕ иуӕн йӕ ном — Баана, иннӕмӕн та — Рехав, бееротаг Риммоны фырттӕ, Бениамины байзӕддӕгтӕ (Беерот дӕр нымад ӕрцыди Бениамины сахарыл; 3йӕ раздӕры цӕрджытӕ Гитаиммӕ ралыгъдысты, ӕмӕ ма ныронг дӕр уым ӕрцӕуӕггӕгтыл нымад сты). 4Саулы фырт Ионатанӕн уыдис иу къуылых фырт. Саул ӕмӕ Ионатаны амарды хабар куы ӕрбайхъуысти Изреелӕй, уӕд ыл цыди фондз азы. Йӕ дыджызӕ йӕ фелвӕста ӕмӕ лидзынмӕ фӕци. Фыр тагъдӕй саби йӕ къухтӕй ӕрхауди ӕмӕ фӕкъуылых ис. Йӕ ном хуынди Мефивошет. 5Бееротаг Риммоны фырттӕ Рехав ӕмӕ Баана, бон йӕ тӕккӕ тӕвдыл уыд, афтӕ Йевосфеты хӕдзары дуармӕ балӕууыдысты, уый бонрӕфты йӕ уаты куы улӕфыди, раст уыцы афон. 6Дуаргӕрон хор цы сылгоймаг ӕвзӕрста, уый афынӕй ӕмӕ Рехав ӕмӕ йе’фсымӕр Баанайы нӕ бафиппайдта. 7Уыдон мидӕмӕ бацыдысты. Йевосфет хуыссыди йӕ сынтӕджы. Ныррӕхуыстой йӕ ӕмӕ йӕ амардтой, йӕ сӕр ын ракодтой ӕмӕ йӕ семӕ рахастой. Иорданы дӕлвӕзы ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыдысты. 8Йевосфеты сӕр бахастой Хевроны сахармӕ, паддзах Давидмӕ. Загътой йын: «Мӕнӕ, амарынмӕ дӕ чи хъавыди, уымӕн, де знаг Саулӕн, йӕ фырт Йевосфеты сӕр. Дунедарӕг мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзахӕн йӕ маст райста Саул ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕй». 9Фӕлӕ ахӕм уыди Давиды дзуапп Рехав ӕмӕ йе’фсымӕр Баанайӕн, бееротаг Риммоны фырттӕн: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, алы фыдбылызӕй мӕ Чи фервӕзын кодта, Уымӕй: 10Саулы амӕлӕты хабар мӕм чи ӕрбахаста ӕмӕ йӕхицӕн цины уацхӕссӕг ӕнхъӕл чи уыд, ӕз уымӕ куы фӕлӕбурдтон ӕмӕ йӕ куы амардтон Циклагы, уый дын хӕрзӕггурӕггаг, зӕгъгӕ, 11уӕд ныр сымах, ӕнаккӕгтӕ, раст лӕджы йӕхи хӕдзары, йӕхи сынтӕджы куы ныммардтат, уӕд ын йӕ туг куыннӕ хъумӕ райсон сымахӕй ӕмӕ уӕ куыд нӕ фесафон а зӕххӕй?» 12Давид йӕ дӕлдӕртӕн бардзырд радта, ӕмӕ сӕ амардтой, стӕй сын сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ракодтой ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ афтӕмӕй Хевроны цады цур ӕрцауыгътой. Йевосфеты сӕр та райстой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Хевроны, Авнеры зӕппадзы.
Copyright information for
OssIBT2022