‏ 2 Samuel 5

Давид сси ӕппӕт Израилы паддзах

1Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ иууылдӕр ӕрцыдысты Давидмӕ Хевронмӕ ӕмӕ йын загътой: «Дӕ туг, де стӕг стӕм мах. 2Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Дунедарӕг дын загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“». 3Израилы хистӕртӕ ӕмхуызонӕй паддзахмӕ Хевронмӕ ӕрбацыдысты. Уым, Дунедарӕджы раз, паддзах Давид семӕ фидыд сарӕзта, ӕмӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй байсӕрстой.

4Дӕс ӕмӕ ссӕдз азы цыди Давидыл, паддзах куы сси, уӕд, паддзахиуӕг та кодта дыууиссӕдз азы. 5Хевроны авд азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы паддзахиуӕг кодта Иудӕйӕн, Йерусалимы та — ӕппӕт Израил ӕмӕ Иудӕйы — ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы.

Йерусалим — Давиды сӕйраг сахар

6Паддзах йӕ хӕстонтимӕ араст Йерусалиммӕ, уымы цӕрӕг йевусӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ. Уыдон Давидӕн загътой: «Нӕ дын бантысдзӕн ардӕм ӕрбацӕуын, цалынмӕ куырмытӕ ӕмӕ къуылыхты ардыгӕй аиуварс кӕнай, уӕдмӕ». Уыдон афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, Давид сахармӕ нӕ бацӕудзӕн. 7Фӕлӕ Давид басаста Сионы фидар, ӕмӕ уый ныр Давиды сахар у.

8Ӕмӕ загъта Давид уыцы бон: «Йевусӕгтимӕ чидӕриддӕр хӕцы, уый сӕ цӕгъдӕд! Давид йе сӕфт уыны „къуылыхтӕ ӕмӕ куырмытӕй“». Уымӕн загъдӕуы: «Куырм ӕмӕ къуылыхӕн Дунедарӕджы хӕдзармӕ фӕндаг нӕй».

9Давид ӕрцарди фидары, Давиды сахар ӕй схуыдта ӕмӕ йын Миллойӕ мидӕмӕ, фидары онг, йӕ алыварс бӕстыхӕйттӕ сарӕзта. 10Давиды хъомыс фылдӕрӕй-фылдӕр кодта — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уыди йемӕ.

11Тиры паддзах Хирам Давидмӕ йӕ минӕвӕртты ӕрбарвыста, семӕ — кедр хъӕдӕрмӕг, ноджы — дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕддӕснытӕ, ӕмӕ Давидӕн галуан сарӕзтой. 12Давид бамбӕрста, Израилӕн ӕй паддзахӕй Дунедарӕг кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ паддзахад Израилы, Йӕ адӕмы сӕраппонд кӕй скадджын кодта.

13Давид Хевронӕй куы ӕрбацыди, уӕд ма Йерусалимы дӕр номылустытӕ ӕмӕ устытӕ скодта, ӕмӕ ма йын уыдонӕй дӕр рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 14Мӕнӕ, Йерусалимы йын чи райгуырд, уыдоны нӕмттӕ: Шаммуа, Шовав, Натан, Соломон, 15Ивхар, Елишуа, Нефег, Йафиа, 16Елишама, Елйада, Елифелет.

Давиды уӕлахиз филистимӕгтыл

17Филистимӕгтӕ фехъуыстой, Давиды Израилӕн паддзахӕй кӕй байсӕрстой, уый ӕмӕ ӕмхуызонӕй йӕ агурӕг фӕраст сты, ӕрцахсӕм ӕй, зӕгъгӕ. Давид уый куы базыдта, уӕд фидары бацыд. 18Филистимӕгтӕ ссыдысты ӕмӕ Рефаимы дӕлвӕз бацахстой. 19Давид Дунедарӕджы бафарста: «Филистимӕгты ныхмӕ цӕуон ӕви нӕ? Мӕ къухмӕ сӕ ратдзынӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Цу, ратдзынӕн сӕ дӕ къухмӕ ӕнӕмӕнг».

20Давид бацыди Баал-Перациммӕ ӕмӕ сӕ уым ныддӕрӕн кодта. Загъта: «Дон йӕ ауӕзт куыд атоны, афтӕ мын мӕ цӕсты раз ме знӕгты ӕнгом рӕнхъытӕ батыдта Дунедарӕг». Уымӕ гӕсгӕ ацы бынат схуыдтой Баал-Перацим
Ома «Дунедарӕг батыдта».
Баал-Перацим дзуттагау амоны «батынды хицау».
.
21Филистимӕгтӕн сӕ гуымирытӕ уым дзӕгъӕлӕй баззадысты, ӕмӕ сӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм семӕ рахастой.

22Филистимӕгтӕ та ногӕй ссыдысты ӕмӕ Рефаимы дӕлвӕз бацахстой. 23Давид дӕр та Дунедарӕджы бафарста, ӕмӕ йын Уый дзуапп радта: «Сӕ ныхмӕ ма ссу, фӕлӕ сӕ иувӕрсты ӕрзил ӕмӕ тута бӕлӕсты къохы’рдыгӕй сӕ чъылдыммӕ баздӕх. 24Ӕмӕ, цыма тута бӕлӕсты цъуппытӕй къахуынӕр хъуысы, афтӕ дӕм куы фӕкӕса, уӕд-иу райдай хӕцын — уый Дунедарӕг рацыди дӕ разӕй филистимӕгты ӕфсад цӕгъдынмӕ». 25Давид сӕххӕст кодта Дунедарӕджы фӕдзӕхст ӕмӕ филистимӕгты дӕрӕн кодта Гевӕйӕ суанг Гезеры онг.
Copyright information for OssIBT2022