2 Samuel 7
Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд Давидӕн
1Паддзах ӕрцарди йӕ галуаны. Дунедарӕг ӕй сӕдас кодта йӕ алфамбылай знӕгтӕй. 2Ӕмӕ иуахӕмы паддзах пехуымпар Натанӕн загъта: «Кӕс-ма, ӕз мӕнӕ кедрӕй конд галуаны цӕрын, Хуыцауы Фидыды Чырын та цатыры лӕууы». 3Натан загъта паддзахӕн: «Дӕ зӕрдӕ дӕм куыд дзуры, афтӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг демӕ ис». 4Фӕлӕ тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Дунедарӕг раргом ис Натанмӕ: 5«Цу ӕмӕ Мӕ цагъар Давидӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: дӕумӕ гӕсгӕ, Мӕнӕн Мӕ цӕрӕн хӕдзар аразӕг ды уыдзынӕ? 6Израилӕгты Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй нырмӕ Мын хӕдзар куы нӕ уыди — цатыры цыдтӕн Ӕз балцы. 7Израилӕгтимӕ кӕмфӕнды куы хаттӕн, уӕд дӕр, Мӕ адӕмы, Израилы, кӕй бӕрны бакодтон, сӕ уыцы фӕтӕгтӕй кӕд кӕмӕн загътон, кедрӕй хӕдзар Мын цӕуылнӕ саразут, зӕгъгӕ?“ 8Ды Мӕ цагъар Давидӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: Ӕз дӕу сӕрвӕтӕй, дӕ фысты дзугӕй, уый тыххӕй ракодтон, цӕмӕй суай Мӕ адӕмы, Израилы, фӕтӕг. 9Кӕдӕмфӕнды цыдаис — алы ран дӕр Ӕз демӕ уыдтӕн ӕмӕ дын де знӕгты иууылдӕр ныццагътон. Ӕз дын дӕ ном скадджын кӕндзынӕн, кадджындӕр цы нӕмттӕ ис а зӕххыл, уыдонӕй иу уыдзӕни. 10Ӕз Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, бынат скӕндзынӕн, уым сӕ ӕрбындурон кӕндзынӕн, ӕмӕ сӕхицӕн ӕдасӕй цӕрдзысты; ӕнаккӕгтӕ сӕ нал ӕфхӕрдзысты раздӕрау, 11Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ сӕргъы тӕрхоны лӕгтӕ куы ӕвӕрдтон, уыцы заман куыд уыди, афтӕ. Ӕз дӕ сӕдас кӕндзынӕн уе’ппӕт знӕгтӕй дӕр. Дунедарӕг дын зӕгъы, дӕуӕн Уый Йӕхӕдӕг кӕй сараздзӕни хӕдзар. 12Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлты фарсмӕ куы ӕрӕнцайай, уӕд та паддзахӕй сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ туг, де стӕджы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн. 13Мӕ номыл хӕдзар уый сараздзӕн, ӕмӕ йын Ӕз йӕ паддзахы бадӕн ӕмӕ йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм. 14Ӕз уымӕн уыдзынӕн Фыд, уый та Мын уыдзӕни фырт. Тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд ыл, адӕммӕ куыд вӕййы, афтӕ уисӕй ӕрцӕудзынӕн, фыд йӕ фырты куыд фӕнӕмы, афтӕ йӕ фӕнӕмдзынӕн. 15Фӕлӕ дзы Мӕ хорзӕх фӕстӕмӕ нӕ райсдзынӕн, Мӕхи кӕуыл атигъ кодтон ӕмӕ дӕуӕн кӕй паддзахдзинад радтон, уыцы Саулау. 16Дӕ хӕдзарвӕндаг ӕмӕ дӕ паддзахад никуы фӕцуддзысты, ӕмӕ лӕудзӕни дӕ паддзахы бадӕн Мӕ разы ӕнустӕм“». 17Хуыцау ӕм кӕй раргом ис, уый Натан Давидӕн радзырдта, ӕппӕт ныхӕстӕ йын рафӕзмыдта.Давиды куывд Хуыцаумӕ
18Паддзах Давид Дунедарӕджы цатырмӕ бацыди, ӕрзоныг кодта ӕмӕ загъта: «О Бардарӕг Хуыцау! Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ фыдӕлтӕ дӕр, цӕмӕй мӕ афтӕ бӕрзонд сисай? 19Фӕлӕ Дӕм уый дӕр фаг нӕ фӕкасти, о Бардарӕг Хуыцау, ӕмӕ ма Дӕ цагъары хӕдзарвӕндагӕн йӕ дард сомбоны кой дӕр бакодтай! Афтӕ аудыс адӕймагыл Ды, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! 20Цы ма Дын зӕгъа Давид? Ды Дӕ цагъары Дӕхӕдӕг зоныс, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! 21Дӕ дзырд ӕмӕ Дӕ фӕндонӕй скодтай Ды уыцы стыр кад ӕмӕ йӕ раргом кодтай Дӕ цагъарӕн. 22Стыр дӕ Ды, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Нӕхи хъусӕй куыд фехъуыстам, афтӕмӕй Ды дӕ, ӕмбал Кӕмӕн нӕй, уыцы иунӕг Хуыцау! 23Зӕххон адӕмтӕй дӕр кӕцыйӕн ис абарӕн Дӕ адӕмимӕ, Израилимӕ? Ды сӕм раргом дӕ, цӕмӕй сӕ балхӕнай ӕмӕ Дӕхи бауой, сӕ сӕраппонд стыр диссӕгтӕ саразай ӕмӕ Дӕ ном скадджын кӕнай. Ды, Дӕхицӕн Мысырӕй кӕй раирвӕзын кодтай, Дӕ уыцы адӕмы цурӕй ӕндӕр адӕмты ӕд хуыцӕуттӕ фӕсырдтай. 24Ды израилӕгты ӕнустӕм Дӕхи адӕм скодтай ӕмӕ Ды, Дунедарӕг, сдӕ сӕ Хуыцау! 25О Дунедарӕг Хуыцау, Дӕ цагъар ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы ныхас загътай, уый ныффидар уӕд ӕнустӕм! Куыд загътай, афтӕ бакӕн! 26Ӕнустӕм кадджын уӕд Дӕ ном! Афтӕ куыд дзурой: „Израилы Хуыцау — Уӕларвӕфсады Бардарӕг“. Ӕмӕ кӕддӕриддӕр Дӕ разы уӕд Дӕ цагъар Давиды хӕдзарвӕндаг. 27Ды, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, Дӕ цагъарӕн хӕдзар саразынӕй зӕрдӕ бавӕрдтай, ӕмӕ Дӕм кувын дӕр уымӕн уӕндын. 28О Дунедарӕг Хуыцау, Ды — иунӕг Хуыцау! Дӕуӕн Дӕ ныхас фидар у! Ды фехъусын кодтай Дӕ цагъарӕн фарны хабар! 29Уӕдӕ арфӕ ракӕн Дӕ цагъары хӕдзарӕн, цӕмӕй ӕнустӕм уа Дӕ разы. О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Ды уымӕй Дӕхӕдӕг бавӕрдтай зӕрдӕ, ӕмӕ Дӕ цагъары хӕдзар Дӕ арфӕйӕ арфӕгонд уӕд ӕнустӕм».
Copyright information for
OssIBT2022