2 Samuel 10
Давиды уӕлахиз аммонӕгтӕ ӕмӕ арамейӕгтыл
1Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ аммонаг паддзах амард, ӕмӕ йӕ бӕсты паддзахиуӕг кӕнын райдыдта йӕ фырт Ханун. 2Давид загъта: «Нахаш мын хорзы кӕй бацыд, уый тыххӕй йын йӕ фырт Хануны зӕрдӕ хъуамӕ истӕмӕй барухс кӕнон». Ӕмӕ арвыста йӕ дӕлдӕрты Ханунӕн йӕ фыды тыххӕй тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ. Давиды дӕлдӕртӕ фӕцыдысты аммонӕгты зӕхмӕ. 3Фӕлӕ аммонаг барджынтӕ сӕ паддзахӕн, Ханунӕн, загътой: «Ныр дӕ ӕцӕгдӕр уырны, Давид дын дӕ фыды сӕр нымайы, ӕмӕ адон дӕ зыны заман дӕ цуры уымӕн ӕрбалӕууыдысты? Нӕ, уый дӕм сӕ уый тыххӕй ӕрбарвыста, цӕмӕй сахарыл сӕ цӕст ахӕссой, басгарой йӕ ӕмӕ йӕ стӕй ныггӕныстон кӕной». 4Уӕд Ханун Давиды ӕрвыст лӕгтыл ӕрхӕцыди, сӕ боцъотӕ сын ӕрдӕгмӕ ныддаста, сӕ дарӕс сын, се’рбадӕнтӕ куыд разыной, афтӕ фӕччитӕй астӕуы онг ачъепп ласта ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ауагъта. 5Давид сын сӕ хабар куы фехъуыста, уӕд сӕ размӕ лӕгтӕ арвыста, уымӕн ӕмӕ ӕгад ӕмӕ худинаджы уавӕры уыдысты. Паддзахы бардзырд уыди: «Цалынмӕ уӕ боцъотӕ разайой, уӕдмӕ Йерихоны баззайут, стӕй ӕрбаздӕхдзыстут». 6Аммонӕгтӕ куы бамбӕрстой, Давидӕн ӕнӕуынон фестадысты, уый, уӕд Бет-Рехов ӕмӕ Цовамӕ арвыстой ӕмӕ уымы арамейӕгтӕй ссӕдз мин фистӕг хӕстоны баххуырстой, ноджы ма баххуырстой Маахайы паддзахы, йемӕ мин лӕджы, афтӕмӕй, Товы адӕмӕй та — дыууадӕс мины. 7Давид уый куы фехъуыста, уӕд сӕм Йоавы арвыста йӕ тохвӕлтӕрд ӕфсадимӕ. 8Аммонӕгтӕ рацыдысты ӕмӕ хӕстифтонгӕй ӕрлӕууыдысты сӕ сӕйраг сахары кулдуары цур. Цова ӕмӕ Реховы цӕрӕг арамейӕгтӕ ӕмӕ Тов ӕмӕ Маахайы ӕфсӕдтӕ та тыгъд быдыры хицӕнӕй лӕууыдысты. 9Йоав куы федта, фыдгулы ӕфсад йӕ разӕй дӕр ӕмӕ йӕ чъылдыммӕ дӕр лӕууы, уый, уӕд Израилы хуыздӕр хӕстонты арамейӕгты ныхмӕ ӕрлӕууын кодта. 10Иннӕты бакодта йе’фсымӕр Авишайы бар, ӕмӕ сӕ уый аммонӕгты ныхмӕ ӕрлӕууын кодта. 11Йоав ын загъта: «Гъа, ныр мыл арамейӕгтӕ уӕлахиз кӕнынц, зӕгъгӕ, уӕд-иу мӕм ӕххуысмӕ фӕзын, аммонӕгтӕ дӕуыл куы райдайой тых кӕнын, уӕд та дӕм ӕз фӕзындзынӕн. 12Фидар лӕуу! Махӕн нӕ хӕс у нӕ адӕмы ӕмӕ нӕ Хуыцауы сахарты сӕраппонд схӕцын ӕмӕ, Дунедарӕг цы зӕгъа, уый уӕд». 13Йоав йе’фсадимӕ сӕхи андзӕрстой арамейӕгтыл, ӕмӕ уыдон лидзӕг фесты. 14Аммонӕгтӕ куы федтой, арамейӕгтӕ лидзӕг фесты, уый, уӕд уыдон дӕр Авишайы разӕй сахармӕ сӕхи байстой. Аммонӕгтимӕ хӕст куы ахицӕн ис, уӕд Йоав Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхт. 15Арамейӕгтӕ куы бамбӕрстой, израилӕгтӕ сыл фӕуӕлахиз сты, уый, уӕд сфӕнд кодтой иумӕ ӕрбамбырд уӕвын. 16Адад-Езер арвыста Евфраты фале цӕрӕг арамейӕгтӕм, ӕмӕ ӕрбацыдысты Хеламмӕ, сӕ сӕргъы Адад-Езеры ӕфсады хицау Шовах, афтӕмӕй. 17Давид уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд ӕппӕт израилӕгты ӕрбамбырд кодта, Иорданы фаллаг фарсмӕ ахызт ӕмӕ Хеламы цур балӕууыд. Арамейӕгтӕ йӕ ныхмӕ хӕстифтонгӕй ралӕууыдысты, ӕмӕ сын тох бацайдагъ ис. 18Израилӕгтӕ арамейӕгты лидзӕг фӕкодтой. Давид сын сӕ бӕхтӕрджытӕй авд фондзыссӕдзы амардта, сӕ бӕхджынтӕй — дыууиссӕдз мины. Се’фсады хицау Шовахы дӕр мӕлӕтдзаг цӕф фӕкодта, ӕмӕ уыцы ран амард. 19Адад-Езеры дӕлбар паддзӕхтӕ куы федтой, израилӕгтӕ фӕуӕлахиз сты, уый, уӕд Давидимӕ бафидыдтой ӕмӕ йӕ дӕлбар баисты. Арамейӕгтӕ сӕ ныфс нал хастой аммонӕгтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022