‏ 2 Samuel 15

Авессаломы растад йӕ фыды ныхмӕ

1Фӕстӕдӕр Авессалом йӕхицӕн самал кодта тохуӕрдон ӕмӕ бӕхтӕ, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз хъахъхъӕнӕджы. 2Сӕумӕраджы-иу фестад, сахары кулдуармӕ фӕндаджы раз-иу ӕрлӕууыд ӕмӕ, паддзахмӕ йӕ хъуыддаг равзарыны тыххӕй чидӕриддӕр цыди, уыдонмӕ-иу фӕдзырдта ӕмӕ сӕ фарста: «Кӕцы сахарӕй дӕ?» Уый-иу, Израилы уыцы хӕдзарвӕндагӕй у дӕ цагъар, зӕгъгӕ, дзуапп куы радта, 3уӕд-иу ын Авессалом загъта: «Дӕ хъуыддаг раст бӕргӕ у, фӕлӕ паддзахмӕ, чи дӕм байхъуса, ахӕм лӕг нӕй». 4Авессалом-иу ын ноджы бафтыдта йӕ ныхасыл: «Тӕхуды, ацы бӕстӕн мӕ тӕрхоны лӕгӕй куы сӕвӕриккой, уӕд ӕз алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддаг раст ӕвзарин!» 5Исчи-иу ӕм, ныллӕг ын акувон, зӕгъгӕ, куы бацыд, уӕд-иу ын уый февнӕлдта йӕ къухмӕ ӕмӕ-иу ын аба кодта. 6Афтӕ кодта Авессалом, израилӕгтӕй паддзахмӕ йӕ хъуыддаг равзарыны тыххӕй чи цыди, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр ӕмӕ адӕмы йӕхиуыл ӕрӕууӕндын кодта.

7Цыппар азы фӕстӕ Авессалом паддзахӕн загъта: «Хевронмӕ ацӕуын мӕ фӕнды, Дунедарӕджы раз цы сомы ракодтон, уый сӕххӕст кӕнынмӕ. 8Гешуры зӕххыл, арамейӕгтӕм цӕргӕйӕ, дӕ цагъар расомы кодта, ӕцӕгдӕр мӕ фӕстӕмӕ Йерусалимыл куы сӕмбӕлын кӕна Дунедарӕг, уӕд Ӕм Хевроны кӕй скувдзынӕн». 9Паддзах ын загъта: «Цу фарнимӕ». Ӕмӕ Авессалом араст ис Хевронмӕ.

10Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕм дӕр Авессалом сусӕгӕй минӕвӕрттӕ арвыста. Бафӕдзӕхста сын: «Куыддӕр сыкъауадындзы уасын фехъусат, афтӕ-иу ныхъхъӕр кӕнут: „Авессалом спаддзах ис Хевроны“».

11Авессалом Йерусалимӕй дыууӕсӕдӕ лӕджы йемӕ рахуыдта. Уыдон хъуыддагӕн ӕппындӕр ницы зыдтой ӕмӕ ницӕуыл гуырысхо кодтой, афтӕмӕй рацыдысты. 12Авессалом нывӕндтӕ куы хаста, уӕд арвыста Давиды уынаффӕйы лӕгмӕ, гилойаг Ахитофелмӕ, ӕмӕ йӕ ӕрбахуыдта йӕ сахар Гилойӕ. Сусӕгвӕнд йӕ тыхы цыди, Авессаломы алыварс фылдӕрӕй-фылдӕр адӕм ӕмбырд кодта.

Давид алыгъди Йерусалимӕй

13Давидмӕ хабархӕссӕг фӕци ӕмӕ йын загъта: «Израилӕгтӕ Авессаломы фарс фесты». 14Уӕд Давид, йемӕ Йерусалимы чи уыди, уыцы дӕлдӕртӕн загъта: «Цомут алидзӕм. Ӕндӕр хос нын нӕй Авессаломӕй аирвӕзынӕн. Фӕтагъд кӕнут, цӕмӕй нӕ ма ӕрбаййафа ӕмӕ нын мацы фыдбылыз сараза, карды комыл ма бафтауа сахар». 15Паддзахӕн йӕ дӕлдӕртӕ дзуапп радтой: «Нӕ хицау ӕмӕ нӕ паддзах куыддӕриддӕр зӕгъа, мах афтӕ бакӕндзыстӕм».

16Паддзах йӕ хӕдзаронтимӕ рацыди сахарӕй, ӕрмӕст йӕ дӕс номылусы хӕдзаргӕс ныууагъта.

17Паддзах йӕ адӕмимӕ цыди фистӕгӕй ӕмӕ Бет-Мерхакы бонасадӕн ӕркодтой. 18Йӕ адӕм ӕмхуызонӕй, се’хсӕн — керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕ, цыдысты йӕ фарсмӕ; Гатӕй йемӕ цы ӕхсӕзсӕдӕ гатаджы рацыди, уыдон та иууылдӕр цыдысты йӕ разӕй.

19Паддзах гатаг Итайы бафарста: «Ды та махимӕ цӕмӕн цӕуыс? Аздӕх ӕмӕ ног паддзахимӕ баззай, уымӕн ӕмӕ ды ӕндӕрбӕстаг дӕ, дӕ фыдыбӕстӕй ардӕм ӕрбафтыдтӕ. 20Нырма знон ӕрбацыдтӕ, ӕмӕ дӕ абон ӕз дӕ бынатӕй куыд фӕхауӕггаг кӕнон? Кӕдӕм цӕуын, уый ӕз мӕхӕдӕг дӕр куы нӕ зонын. Аздӕх фӕстӕмӕ ӕмӕ дӕ хиуӕтты дӕр демӕ акӕн. Дунедарӕджы хорзӕх дӕ уӕд ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхст у!»

21Итай дзуапп радта паддзахӕн: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ард хӕрын мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзахӕй, мӕлӕтӕй царды’хсӕн кӕмдӕриддӕр уай, уым дӕ цагъар дӕр уыдзӕни демӕ». 22«Уӕдӕ рацу», — загъта Давид Итайӕн. Ӕмӕ гатаг Итай йемӕ рацыди йӕ адӕмимӕ, сӕ бинонтӕ дӕр семӕ, афтӕмӕй.

23Ӕгас бӕстӕ хъӕлӕсыдзагӕй куыдта, паддзахы адӕм куы фӕцӕйцыдысты, уӕд. Паддзах лӕууыди Кедроны тӕрфы, йе’ппӕт ӕфсад йӕ рӕзты ӕдзӕрӕг быдырмӕ фӕндагыл куы ивгъуыдтой, уӕд. 24Уым лӕууыди Цадок дӕр, йемӕ — Хуыцауы Фидыды Чырын хӕссӕг левиттӕ. Фидыды Чырын ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ, цалынмӕ Давидимӕ сахарӕй чи рацыди, уыцы адӕм Кедроны фаллаг фарсмӕ хызтысты, уӕдмӕ Авиафар иууылсудзинаг нывӕндтӕ хаста.

25Паддзах Цадокӕн загъта: «Хуыцауы Фидыды Чырын фӕстӕмӕ сахармӕ ахӕсс. Йӕ хорзӕхы аккаг мӕ куы скӕна Дунедарӕг, уӕд мӕ фӕстӕмӕ раздахдзӕн ӕмӕ мын фенын кӕндзӕн Фидыды Чырын дӕр ӕмӕ, Чырын кӕм лӕууы, уыцы бынат дӕр. 26Нӕ дыл аудын, зӕгъгӕ, куы зӕгъа, уӕд дӕр мӕнӕ дӕн: растдӕр Ӕм куыд кӕсы, афтӕ мын бакӕнӕд».

27Паддзах ма сауджын Цадокӕн ноджыдӕр загъта: «Хъусыс, фарнимӕ аздӕх сахармӕ Авиафаримӕ, дӕ фырт Ахимаац ӕмӕ Авиафары фырт Йонатан дӕр уемӕ, афтӕмӕй. 28Ӕз лӕудзынӕн ӕдзӕрӕг быдыры, Иорданы фаллаг фарсмӕ бахизӕн кӕм ис, уый цур ӕмӕ уӕм хабармӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн».

29Цадок ӕмӕ Авиафар Хуыцауы Фидыды Чырын фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ахастой ӕмӕ уым баззадысты. 30Давид йӕ сӕр ӕрӕмбӕрзта, афтӕмӕй бӕгъӕввадӕй ӕмӕ кӕугӕйӕ цыди Елеоны хохмӕ. Йӕ адӕм дӕр сӕ сӕртӕ ӕрӕмбӕрзтой ӕмӕ кӕугӕйӕ цыдысты йемӕ.

31Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд: «Ахитофел дӕр Авессаломимӕ ис, сусӕгвӕндгӕнджыты къорды». Давид загъта: «О Дунедарӕг! Ахитофелы уынаффӕ фехал».

32Давид схӕццӕ ис хохы сӕрмӕ, Хуыцаумӕ кӕм фӕкувынц, уырдӕм, ӕмӕ уым йӕ размӕ фӕци йӕ лымӕн, аркаг Хушай, йӕ дарӕс — пырх, йӕ сӕр рыгӕй нал зынди, афтӕмӕй. 33Давид ын загъта: «Мемӕ куы рацӕуай, уӕд мын фыдӕбоны хос уыдзынӕ, 34фӕлӕ сахармӕ куы аздӕхай ӕмӕ Авессаломӕн афтӕ куы зӕгъай: „Паддзах, ӕз дӕ цагъар дӕн; ныронг дӕ фыды цагъар уыдтӕн, ныр та дӕ цагъар уыдзынӕн“, уӕд мын стыр ӕххуыс фӕуыдзынӕ Ахитофелы уынаффӕтӕ фехалынмӕ. 35Уым демӕ уыдзысты сауджынтӕ Цадок ӕмӕ Авиафар, ӕмӕ-иу сӕм, паддзахы галуаны цыдӕриддӕр фехъусай, уый фӕхабар кӕн. 36Сӕ фӕйнӕ фырты дӕр уым семӕ сты: Цадокы фырт Ахимаац ӕмӕ Авиафары фырт Йонатан. Уыдонӕн мӕм ӕрвитут, цыдӕриддӕр хъусат, уый».

37Ӕмӕ Давиды лымӕн Хушай сахармӕ ӕрбаздӕхт. Уыцы рӕстӕг Авессалом дӕр Йерусалимы кулдуарӕй бахызт.
Copyright information for OssIBT2022