2 Samuel 22
Давиды арфӕйы зарӕг
1Дунедарӕг ӕй йе’ппӕт фыдгултӕ ӕмӕ Саулӕй куы фервӕзын кодта, уӕд Давид Дунедарӕджы кадӕн скодта ацы зарӕг. 2Загъта:«Дунедарӕг — мӕ къӕдзӕх,мӕ фидар, мӕ ирвӕзынгӕнӕг.
3Мӕ Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх,
уым агурын мӕхицӕн ӕмбӕхсӕн.
Уый — мӕ уарт, мӕ ирвӕзӕн хох,
мӕ фидар гӕнах.
Ды — мӕ ирвӕзынгӕнӕг,
фыдбылызӕй мӕ бахызтай.
4Ӕз кадджын Дунедарӕгмӕ фӕсиддзынӕн
ӕмӕ фервӕздзынӕн ме знӕгтӕй.
5Ӕрбалвӕстой мӕ мӕлӕты рӕхыстӕ,
ныккалдысты мыл фыдӕхы гуылфӕнтӕ,
6мӕрдтыбӕсты рӕхыстӕ мӕ ӕрбалхъывтой,
мӕлӕты къӕппӕг мын мӕ развӕндаг ӕхгӕны.
7Мӕ тыхстӕй ӕз Дунедарӕгмӕ скуывтон,
мӕ Хуыцаумӕ сдзынӕзтон.
Йӕ Кувӕндонӕй фехъуыста мӕ хъӕлӕс,
сыхъуысти Йӕм мӕ дзыназын.
8Ныррызт ӕмӕ нынкъуысти зӕхх,
хӕхтӕ фенкъуыстысты сӕ бындурӕй,
ризӕг сыл бахӕцыд Йӕ азарӕй.
9Фӕздӕг калди Йӕ фындзы хуынчъытӕй,
Йӕ комӕй арт бырста,
зынджы стъӕлфӕнтӕ калдысты Йӕ алыварс.
10Арвы къӕй ӕртасын кодта
ӕмӕ ӕрхызти дӕлӕмӕ,
Йӕ къӕхты бын — саудалынг.
11Сбадти херувимтыл ӕмӕ атахт,
Йӕхи систа дымгӕйы базыртыл.
12Талынгӕй Йӕ алыварс скодта ӕмбӕрзӕн,
саувадыг мигътӕ ӕртыхстысты Йӕ алыварс.
13Йе’рттывдӕй мигътӕ
тахтысты Йӕ разӕй —
ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ.
14Дунедарӕг ныннӕрыди уӕлӕрвты,
Иууылбӕрзонды хъӕлӕс ныййазӕлыд —
ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ.
15Суагъта Йӕ фӕттӕ
ӕмӕ ныххӕлиу кодта фыдгулты,
арвӕрттывдӕй сӕ лидзӕг фӕкодта.
16Дӕ масты раулӕфтӕй, Дунедарӕг,
Дӕ карз ӕртхъирӕнӕй,
байгом сты донгуырӕнтӕ,
зӕххы бындуртӕ разындысты.
17Дунедарӕг бӕрзондӕй
ӕруагъта Йӕ къух
ӕмӕ мӕ фелвӕста хуыдымӕй;
18фервӕзын мӕ кодта
цыфыддӕр знагӕй,
ӕнӕуынон кӕмӕн уыдтӕн
ӕмӕ мӕхицӕй тыхджындӕр чи уыди,
уыцы фыдгултӕй.
19Мӕ фыдбылызы бон мыл
сӕхи куы ныццавтой,
уӕд ме’нцой фӕлӕууыди Дунедарӕг.
20Ракодта мӕ ӕдас ранмӕ,
Йӕ хорзӕх мӕ ис, ӕмӕ мӕ фервӕзын кодта.
21Хӕрзиуӕг мын радта Дунедарӕг
мӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ,
мӕ къухты сыгъдӕгдзинадмӕ гӕсгӕ.
22Уымӕн ӕмӕ ӕз цыдтӕн Йӕ фӕндӕгтыл,
мӕ Хуыцауыл никуы сивтон мӕ зӕрдӕ.
23Йӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр мӕ разы сты,
Йӕ уагӕвӕрдты сӕрты никуы ахызтӕн.
24Йӕ разы уыдтӕн ӕнӕкъӕм,
мӕхи хызтон тӕригъӕд ракӕнынӕй.
25Хӕрзиуӕг мын радта Дунедарӕг
мӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ,
Йӕ разы сыгъдӕг кӕй дӕн,
уымӕ гӕсгӕ!
26Иузӕрдионыл Ды дӕр иузӕрдион дӕ,
ӕнӕкъӕм чи у, уыимӕ — зӕрдӕхӕлар;
27ӕнӕхин адӕймагӕн бафидыс
йӕ сыгъдӕгдзинадмӕ гӕсгӕ,
мӕнгардӕн та — йӕ мӕнгарддзинадмӕ гӕсгӕ.
28Ды ӕфхӕрд адӕмы фервӕзын кӕныс,
сӕрбӕрзонды ӕгады бынатмӕ’руадзыс.
29Ды мӕнӕн ссудзыс мӕ цырагъ;
Дунедарӕг мын рухсӕй
раивдзӕни мӕ талынг.
30Ӕз Де’ххуысы фӕрцы
басӕттын ме знӕгты,
мӕ Хуыцауимӕ схизын
ӕнӕбасӕтгӕ сисмӕ.
31Хуыцауы фӕндаг ӕнӕфау ӕмӕ раст у,
Йӕ ныхас — сыгъдӕг;
йӕ зӕрдӕ йыл чидӕриддӕр дары,
уыдонӕн Уый уарт у.
32Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы йеддӕмӕ
ӕндӕр Хуыцау кӕм ис?
Ӕмӕ нӕ Хуыцауы йеддӕмӕ
ныфсы къӕдзӕх чи у?
33Хуыцау мын ратты хъару,
сраст мын кӕны мӕ фӕндаг;
34саджы цӕрдӕгдзинад ратты мӕ къӕхтӕн,
бӕрзӕндтыл мӕ ӕрлӕууын кӕны фидарӕй.
35Мӕ къухтӕ мын сфӕлтӕрдта тохы,
ӕрхуы ӕрдын тасы мӕ армы.
36Ды радтай мӕнӕн
Дӕ ирвӕзындзинады уарт,
Дӕ хорзӕх мӕ сисы бӕрзонд.
37Фидар у мӕ къахайст Дӕ фӕрцы,
нӕ цуды мӕ къах.
38Ӕз мӕ фыдгулты айсын мӕ разӕй,
цалынмӕ сӕ нӕ ныццӕгъдын,
уӕдмӕ фӕстӕмӕ нӕ раздӕхын.
39Ныддӕрӕн сӕ кӕнын,
ӕмӕ сӕ бон сыстын дӕр нал вӕййы,
мӕ къӕхты бынмӕ ӕрхауынц.
40Ды мӕнӕн тох кӕнынӕн хъару раттыс,
ме знӕгты мын мӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппарыс.
41Лидзӕг сӕ фӕкодтай мӕ разӕй
ӕмӕ ӕз ныццагътон ме сӕфтмӕ бӕлджыты.
42Уыдон ӕххуысагур дзыназынц,
фӕлӕ сын ирвӕзынгӕнӕг нӕй;
Дунедарӕгмӕ хъӕрахст кӕнынц,
фӕлӕ сын Уый дзуапп нӕ дӕтты.
43Зӕххы рыгау сӕ дымгӕмӕ ныддардтон,
уынгты цъыфау сӕ мӕ къӕхты бын бассӕстон.
44Ды мӕ бахызтай дзыллӕйы змӕстытӕй,
адӕмты сӕргъы мӕ сӕвӕрдтай
ӕмӕ, зонгӕ дӕр кӕй нӕ кодтон,
уыдон дӕр мын лӕггад кӕнынц ныр.
45Ӕндӕрбӕстӕгтӕ козбау митӕ кӕнынц мӕ разы,
ӕрмӕст мӕ койӕ дӕр басӕттынц,
46зыр-зыргӕнгӕ се’мбӕхсӕнтӕй рахилынц.
47Цардӕгас у Дунедарӕг,
арфӕгонд у мӕ ныфсы къӕдзӕх!
Кадджын уӕд Хуыцау — мӕ ирвӕзынгӕнӕг!
48Хуыцау — мӕ мастисӕг,
адӕмты мын бакодта мӕ дӕлбар.
49Ды мӕ фервӕзын кодтай ме знӕгтӕй,
Дӕ фӕндонӕй фӕуӕлахиз дӕн фыдгултыл,
фыдлӕгтӕй фервӕзтӕн Дӕ фӕрцы.
50Адӕмты’хсӕн Дӕ стаудзынӕн, Дунедарӕг,
скадджын кӕндзынӕн Дӕ ном!
Ды паддзахӕн стыр уӕлахизтӕ дӕттыс
ӕмӕ мыггагмӕ аудыс
Де’взӕрст Давидыл
ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтыл».
51
Copyright information for
OssIBT2022