2 Samuel 8
Давиды уӕлахизтӕ
1Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр Давид басаста филистимӕгты ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар бакодта. Сӕ къухӕй сын байста Метег-Аммайы сахар. 2Басаста моавӕгты дӕр; зӕххыл сӕ ӕрхуыссын кодта, бӕндӕнӕй сӕ абарста ӕмӕ ӕртӕ бӕндӕны рауадысты: дыууӕ бӕндӕны дзы марынмӕ радта, иу та удӕгасӕй ныууагъта. Моавӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. 3Давид басаста Реховы фырт Адад-Езеры дӕр, Цовайы паддзахы, уый Евфраты тӕрфмӕ йӕ раздӕры бархъомыс сӕндидзынмӕ куы бабырста, уӕд. 4Давид ын йӕ бӕхджынтӕй иу мин ӕмӕ авдсӕдӕ лӕджы райста уацары, йӕ фистӕг ӕфсадӕй — ссӕдз мины. Сӕдӕ тохуӕрдоны ӕд бӕхтӕ йӕхицӕн ныууагъта, иннӕ бӕхтӕн та се счъилты нуӕрттӕ адзӕнгӕл кодта. 5Цовайы паддзах Адад-Езермӕ ӕххуысмӕ ӕрбацыдысты дамаскаг арамейӕгтӕ, ӕмӕ Давид уыдонӕй дӕр дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мины ныццагъта. 6Давид йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта дамаскаг арамейӕгты зӕххыл, арамейӕгтӕ басастысты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. Дунедарӕг аудыдта Давидыл, ӕмӕ уый кӕмфӕнды дӕр уӕлахиз кодта. 7Адад-Езеры дӕлдӕртӕн Давид сӕ сыгъзӕрин уартытӕ байста ӕмӕ сӕ Йерусалиммӕ схаста. 8Адад-Езеры сахартӕ Бетах ӕмӕ Беротайӕ тынг бирӕ ӕрхуы ратӕлӕт кодта паддзах Давид. 9Хаматы паддзах Тоимӕ байхъуысти, Давид Цовайы паддзах Адад-Езеры ӕфсад кӕй ныддӕрӕн кодта, уый 10ӕмӕ йӕ фырт Йорамы паддзах Давидмӕ арвыста, цӕмӕй йын салам ратта ӕмӕ йын, Адад-Езерыл кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй арфӕ ракӕна. Уымӕн ӕмӕ Тои ӕмӕ Адад-Езеры’хсӕн ӕдзухдӕр хӕстытӕ цыди. Йорам Давидӕн йемӕ сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы дзауматӕ ахаста. 11Паддзах Давид сӕ, кӕй басаста, ӕппӕт уыцы адӕмтӕй байсгӕ ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтимӕ Дунедарӕгӕн мысайнаг сӕвӕрдта. 12Уыцы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ист ӕрцыдысты едомӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ Цовайы паддзах Адад-Езерӕй, Реховы фыртӕй. 13Давид йӕхицӕн ном скодта, Цӕхджын дӕлвӕзы едомӕгтӕй ӕстдӕс мины куы ныццагъта, уӕд. 14Йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта Едомы, ӕнӕхъӕн Едом сӕ къухы уыд, ӕмӕ адӕм иууылдӕр йӕ дӕлбар баисты. Кӕмфӕнды хӕцыдаид Давид — алы ран дӕр ын Дунедарӕг уӕлахиз лӕвӕрдта.Давиды ӕххуысгӕнджытӕ
15Давид паддзахиуӕг кодта ӕгас Израилы, адӕмӕн тӕрхон кодта ӕмӕ раст уынаффӕ хаста. 16Церуайы фырт Йоав уыд ӕфсады хицау, Ахилуды фырт Йошафат — азфыссӕг, 17Ахитувы фырт Цадок ӕмӕ Авиафары фырт Ахимелех — сауджынтӕ, Серай — нымӕрдар, 18Йеходайы фырт Бенайа разамынд лӕвӕрдта керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕн, Давиды фырттӕ уыдысты сауджынтӕ.
Copyright information for
OssIBT2022