2 Thessalonians 2
Фыдгӕнӕджы ӕргомрацыд рӕстӕджыты кӕрон
1Ӕфсымӕртӕ, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы дыккаг ӕрцыдыл ӕмӕ Йемӕ нӕ иумӕйаг фембӕлдыл дзургӕйӕ та зӕрдиагӕй курын сымахӕй, 2цӕмӕй уӕ зонд фидар уа ӕмӕ уӕ тасы ма бафтауой нӕдӕр мӕнгпехуымпарад, нӕдӕр ныхӕстӕ, нӕдӕр фыстӕг, цыма уыдон махӕй рацыдысты, ныридӕгӕн Бардарӕджы ӕрцыды бон ралӕууыд, зӕгъгӕ. 3Мачи уӕ макуыд асайӕд — мацы хуызы. Уымӕн ӕмӕ уал раздӕр хъуамӕ уа Хуыцауы ныхмӕ стыр ныхмӕлӕуд, ӕмӕ фӕзына фыддзинады буарыдзыд фӕлгонц — мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастӕуыд, уыцы адӕймаг. a 4Уый йӕхи, хуыцаугондыл кӕнӕ табуйагыл цыдӕриддӕр нымадӕуы, уыдонӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн ӕмӕ сӕ ныхмӕ сыстдзӕни. Суанг Хуыцауы Кувӕндоны ӕрбаддзӕн ӕмӕ йӕхи расиддзӕни Хуыцауӕй. b 5Ӕз ма сымахмӕ куы уыдтӕн, уӕд уын уый тыххӕй кӕй дзырдтон, уый уӕ зӕрдыл нал лӕууы, ӕви? 6Ӕмӕ уын ныр зындгонд у, цы йӕ уромы, уый. Фӕлӕ, йӕ рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд йӕхи раргом кӕндзӕн. 7Уымӕн ӕмӕ фыдӕхы сусӕг тыхтӕ скуыстой ныридӕгӕн, фӕлӕ уал раздӕр хъуамӕ, йӕ фӕндаг ын чи ӕхгӕны, уый ацӕуа. c 8Уӕд фыдгӕнӕг йӕхи раргом кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ Бардарӕг Йесо амардзӕн Йӕ комулӕфтӕй, цы бон ӕрцӕуа, уыцы бон ӕй бабын кӕндзӕн Йӕ кады рухсӕй. d 9Фыдгӕнӕджы ӕрцыд сайтаны арӕзт хъуыддаг у, ӕмӕ рабӕрӕг уыдзӕн алыхуызон бӕлвырд нысантӕ ӕмӕ мӕнг диссӕгты руаджы. 10Алы фӕливӕн митӕй сайдзӕн сӕфты къахыл лӕуджыты — уыдон сӕфынц, уымӕн ӕмӕ нӕ бауарзтой, сӕ фервӕзыны тых кӕмӕ ис, уыцы ӕцӕгад. 11Уый тыххӕй сӕ Хуыцау ныууагъта фӕлывды ӕвджид, мӕнг цы у, ууыл куыд баууӕндой. e 12Ӕмӕ, ӕцӕгадыл чи нӕ баууӕндыди, фӕлӕ тӕригъӕд чи бауарзта, уыдон се’ппӕт дӕр уыдзысты тӕрхонгонд.Ӕвзӕрст адӕм фервӕздзысты
13Мах та сымах тыххӕй, Бардарӕг кӕй бауарзта, нӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн — Уый дуне сфӕлдисыны размӕ сымах сӕвзӕрста, цӕмӕй фервӕзат, Йӕ Уд уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ ӕцӕгадыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы. 14Уымӕ гӕсгӕ уӕм фӕсидти Хуыцау, махӕй цы Фарны Уац фехъуыстат, уый руаджы — нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы кадӕй хай райсынмӕ. 15Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, ут ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ фидар хӕцут, мах уӕм ныхасӕй кӕнӕ фыстӕй кӕй ӕрхастам, уыцы ӕцӕгадыл. 16Нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг ӕмӕ, мах Чи бауарзта, Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ нын ӕгӕрон ныфс ӕмӕ фидар ӕнхъӕлц Чи радта, нӕ уыцы Фыд Хуыцау 17барӕвдауӕд сымах зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ сфидар кӕнӕд, цӕмӕй кӕддӕриддӕр аразат ӕмӕ дзурат, хорз цы у, уый.
Copyright information for
OssIBT2022