‏ 2 Thessalonians 3

Кувут мах тыххӕй

1Кӕронбӕттӕны ма уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: кувут мах тыххӕй, цӕмӕй Бардарӕджы Фарны Уац ӕнхъӕвза дарддӕр ӕмӕ йын алы ран дӕр кад кӕной, сымах ын куыд кад кӕнут, афтӕ. a 2Кувут, цӕмӕй мах фервӕзӕм ӕвзӕр ӕмӕ фыд адӕмӕй; уымӕн ӕмӕ уырнындзинад алкӕмӕ нӕй. 3Фӕлӕ Бардарӕг иузӕрдион у, Уый уӕ сфидар кӕндзӕн ӕмӕ уӕ бахиздзӕни сайтанӕй. b 4Мах уын цы фӕдзӕхсӕм, уый кӕй аразут ӕмӕ йӕ кӕй араздзыстут, ууыл мах, Бардарӕджы фӕрцы, фидарӕй ӕууӕндӕм. 5Бардарӕг уын уӕ зӕрдӕтӕ саразӕд Хуыцауы уарзтмӕ ӕмӕ Чырыстийау фӕразонмӕ.

Адӕймаджы хӕс — кусын

6Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсын, ӕфсымӕртӕ, мах сӕм цы ӕцӕгад ӕрхастам, уымӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры ӕмӕ магуса чи у, ахӕм ӕфсымӕртимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд. 7Мах уын цӕмӕй фӕзминаг стӕм, уый уӕхӕдӕг зонут — магусатау уӕм нӕ цардыстӕм. c 8Нӕ къӕбӕр лӕвар никӕмӕ хордтам, фӕлӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй кодтам уӕззау куыст, цӕмӕй уӕ макӕй батыхсын кӕнӕм. d 9Ахӕм бар нын нӕ уыди, зӕгъгӕ, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ хъуамӕ равдисӕм, сымахӕн бафӕзмыны аккаг цӕмӕй стӕм, уый. e 10Сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд уын афтӕ фӕдзӕхстам: «Кусын кӕй нӕ фӕнды, уый хӕргӕ дӕр ма кӕнӕд». 11Фӕлӕ мах куыд хъусӕм, афтӕмӕй сымахӕй иуӕй-иутӕ сты магусатӕ, ницы аразынц, фӕлӕ сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты. 12Ахӕмтӕн Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй фӕдзӕхсӕм ӕмӕ курӕм, цӕмӕй ныггуыбыр кӕной ӕмӕ кусой, цӕрой сӕхи къухты фӕллойӕ.

13Сымах та, ӕфсымӕртӕ, ӕвӕллайгӕйӕ аразут хорз хъуыддӕгтӕ. f 14Нӕ фыстӕджы цы амындтытӕ ис, уыдонмӕ чи нӕ байхъуса, ахӕмы хъуамӕ зонат ӕмӕ уын йемӕ иумӕйагӕй мацы уа, цӕмӕй йӕхиуыл ӕрхуда. g 15Ӕрмӕст ӕй уе знагыл ма нымайут, фӕлӕ уе’фсымӕрыл, ӕмӕ йын амонут зонд.

Кӕронбӕттӕны арфӕ

16Фарндӕттӕг Бардарӕг уын кӕддӕриддӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр фарн дӕттӕд. Бардарӕг уӕд уе’ппӕтимӕ дӕр! h

17Ӕз, Павел, саламтӕ кӕронӕй мӕхи къухӕй бафыстон — фыстӕг мӕнӕй кӕй у, уый нысанӕн. 18Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уе’ппӕты дӕр уӕд!
Copyright information for OssIBT2022