2 Timothy 3
Адӕмы ӕнӕуаг цард фӕстаг заманты
1Зон уӕдӕ: рӕстӕджыты кӕрон ралӕудзӕн уӕззау заман. a 2Адӕм сӕхи ӕмӕ ӕхцайӕ дарддӕр ницы уарздзысты, уыдзысты хиппӕлой, хъал, гуырымыхъхъ, сӕ ныййарджытӕм нӕ хъусдзысты, ӕбузн, ӕнӕхуыцау. 3Уыдон уыдзысты дурзӕрдӕ, ӕнауӕрдон, хахуыргӕнӕг, ӕнӕхиуылхӕцгӕ, ӕгъатыр, хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уымӕн знаг; 4гадзрахатӕйцӕуӕг, ӕнӕсӕрфат, схъӕл адӕм, ирхӕфсӕнтӕ сын Хуыцауӕй зынаргъдӕр уыдзысты. 5Ӕдде бакӕсгӕйӕ сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауы тынг нымайынц, химидӕг та Йыл сӕхи атигъ кӕндзысты. Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу. 6Уыдоны хуызӕттӕ баирвӕзынц хӕдзӕрттӕм ӕмӕ сӕ уацары бакӕнынц, йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн сбирӕ сты, йӕ монцты дӕлбар чи у, абон йӕ зӕрдӕ иу кӕмӕн домы, райсом — иннӕ, уыцы ӕнӕсӕрфат сылгоймӕгты, 7иудадзыг цыдӕртӕ чи ахуыр кӕны, фӕлӕ ӕцӕгад базонын йӕ бон кӕмӕн нӕу, ахӕмты. 8Ианний ӕмӕ Иамврий Моисейы ныхмӕ куыд лӕууыдысты, афтӕ уыцы адӕймӕгтӕ дӕр сты ӕцӕгады ныхмӕ, сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕцӕг уырнындзинадимӕ сын иумӕйагӕй ницы ис. 9Фӕлӕ сын бирӕ нӕ бантысдзӕн. Алкӕмӕн дӕр раргом уыдзӕн, уыдон ӕнӕзонд кӕй сты, уый — уыцы дыууӕйы хабар куыд уыди, афтӕ.Павелы фӕстаг ныстуантӕ Тимофейӕн
10Ды та дӕ цард сарӕзтай мӕ ахуырадмӕ гӕсгӕ; бафӕзмыдтай мӕ царды уаг, мӕ бӕллицтӕ, мӕ уырнынад, мӕ уарзт, куыд фӕразон ӕмӕ фидар дӕн, уый. 11Ды мемӕ бавзӕрстай, Антиохийы, Икони ӕмӕ Листрӕйы мӕ сӕр кӕй баййӕфта, уыцы ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ. Цы фыдӕфхӕрд нӕ баййӕфтон! Ӕмӕ мӕ ӕппӕт уыдӕттӕй фервӕзын кодта Бардарӕг. 12Ӕниу, Йесо Чырыстиимӕ баиуы фӕстӕ сыгъдӕгӕй цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты. 13Фыдзӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕлитойтӕ та кӕндзысты ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр, сӕхӕдӕг фӕсайды уыдзысты ӕмӕ иннӕты дӕр сайдзысты. b 14Ды та цӕуыл сахуыр дӕ ӕмӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндыдтӕ, уый хӕццӕ кӕн дарддӕр. Чи дӕ сахуыр кодта, уыдоны хорз зоныс; 15уыимӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ ды зоныс Сыгъдӕг Фыст — уымӕ ис дӕуӕн зонд раттыны тых, цӕмӕй Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы фервӕзай. c 16Ӕппӕт Сыгъдӕг Фыст Хуыцауӕй разӕнгардӕй ныффыстӕуыд, ӕмӕ ахъаз у ахуырӕн, багӕды кӕнынӕн, раст фӕндагмӕ раздахынӕн, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл хъомыл кӕнынӕн, d 17Хуыцауы сконд адӕймаг алы хуызы ифтонг ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ куыд уа, афтӕ.
Copyright information for
OssIBT2022