jРом 14:26; 1 Тим 6:16.
2 Timothy 4
1Хуыцауы раз, стӕй, Йӕ паддзахы бартимӕ Чи ӕрцӕудзӕн ӕмӕ удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон Чи кӕндзӕн, нӕ уыцы Бардарӕг Йесо Чырыстийы раз дын фидарӕй фӕдзӕхсын: a 2хъусын кӕн Хуыцауы дзырд, амон ӕй, фадат дын куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ дын куынӕ уа, уӕд дӕр. Цӕстмӕ дар, уайдзӕф кӕн, рӕвдау — амон фӕразонӕй. b 3Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ адӕм раст ахуырадыл сӕхи атигъ кӕндзысты, сӕ монцтӕм гӕсгӕ сӕхицӕн ӕвзардзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхас уа, ахӕм бирӕ ахуыргӕнджытӕ; 4ӕцӕгадмӕ нал хъусдзысты ӕмӕ баууӕнддзысты аргъӕуттыл. 5Фӕлӕ дӕумӕ кӕддӕриддӕр уӕд уӕззау зонд, зынтӕн у фӕразон, адӕммӕ хӕсс Фарны Уац, кӕронмӕ бакӕн дӕ куыст. 6Мӕн та рӕхджы ӕрхастӕуыдзӕн нывондӕн, ӕмӕ ацы дунейӕ мӕ ацӕуыны афон ралӕууыд. c 7Тох кодтон хъӕбатырӕй, мӕ фӕндагыл ацыдтӕн кӕронмӕ, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон. d 8Ныридӕгӕн мын цӕттӕ у рӕстгӕнӕджы хӕрзиуӕг, ӕмӕ мын ӕй уыцы бон ратдзӕн Бардарӕг, ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕг. Ӕмӕ ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ йын Йе’рцыдмӕ чидӕриддӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн дӕр. e 9Цы гӕнӕн ис, уымӕй мӕ тагъд бабӕрӕг кӕн! 10Уымӕн ӕмӕ Димас ацы дуне фылдӕр бауарзта, ныууагъта мӕ ӕмӕ ацыди Фессалоникӕмӕ, Крискент та ацыд Галатимӕ, Тит — Далматимӕ. Иунӕг Лука ма ис мемӕ. f 11Маркы ракӕн демӕ, уымӕн ӕмӕ мӕ уый Хуыцауы куысты хъӕугӕ кӕны. 12Тихикы арвыстон Эфесмӕ. g 13Куы цӕуай, уӕд рахӕсс, Карпмӕ Троадӕйы кӕй ныууагътон, уыцы пӕлӕз, стӕй чингуытӕ, уӕлдайдӕр сӕракыл фыст чингуытӕ. 14Бирӕ фыдбылызтӕ мын сарӕзта ӕрхуыгуырд Александр. Бардарӕг ын бафиддзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. h 15Ды дӕр дзы дӕхи хъахъхъӕн, уымӕн ӕмӕ тынг лӕууыди, цы дзырдтам, уый ныхмӕ. 16Фыццаг хатт мӕхи сраст кӕныны тыххӕй куы раныхас кодтон тӕрхоны раз, уӕд мӕ цуры ничи уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ иууылдӕр ныууагътой. Хуыцау сын ӕй ныббарӕд! 17Фӕлӕ мӕм Бардарӕг ӕрцыд ӕмӕ мӕ сфидар кодта, цӕмӕй Фарны Уац мӕн уылты хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕххӕстӕй ӕмӕ йӕ муртаттӕгтӕ се’ппӕт дӕр фехъусой. Афтӕмӕй мӕ Уый фервӕзын кодта домбайы дзыхӕй. i 18Бардарӕг мӕ бахиздзӕн алы ӕвзӕр хъуыддагӕй ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн Йӕ Уӕларвон Паддзахадӕн. Кад Ын уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен. jКӕронбӕттӕн
19Саламтӕ ратт Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн, стӕй Онисифоры хӕдзаронтӕн. k 20Эраст баззади Коринфы, Трофимы рынчынӕй ныууагътон Милеты. 21Бацархай ӕмӕ, зымӕг цалынмӕ нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ ӕрцу. Саламтӕ дын ӕрвитынц Эввул, Пуд, Лин ӕмӕ Клавдиа, стӕй ӕфсымӕртӕ иууылдӕр. 22Бардарӕг Йесо Чырысти демӕ! Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд! l
Copyright information for
OssIBT2022