2 Timothy 2
Йесо Чырыстийы иузӕрдион хӕстон
1Уӕдӕ, мӕ хъӕбул, дӕхи фидар кӕн, Йесо Чырыстийы руаджы кӕмӕй схайджын стӕм, уыцы хорзӕхӕй. a 2Ӕмӕ, бирӕ ӕвдисӕнты раз мӕнӕй цы фехъуыстай, уый ды та фӕхӕццӕ кӕн, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл ис, иннӕты дӕр сахуыр кӕнынмӕ чи сарӕхсдзӕн, ахӕмтӕм. b 3Йесо Чырыстийы иузӕрдион хӕстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ тухӕн кӕн мемӕ. 4Никӕцы хӕстон лӕг бацӕудзӕн ӕрвылбоны царды сагъӕсты цъысымы — уый ӕрмӕстдӕр уымӕ тырны, цӕмӕй дзы йе’фсӕддон хицауы зӕрдӕ райгонд уа. c 5Ерысты архайӕг хӕрзиуӕг нӕ райсдзӕн, ерысты уаг куы хала, уӕд. 6Цы хор ӕрзад, уымӕй хай фыццаг хъуамӕ ӕрхауа, чи йыл фыдӕбон кодта, уыцы зӕхкусӕгмӕ. 7Ахъуыды кӕн, ӕз дын цы зӕгъын, ууыл. Бардарӕг дын раттӕд ӕппӕт дӕр ӕмбарыны зонд. 8Дӕ зӕрдыл дар Йесо Чырыстийы. Уый у Давиды байзӕддаг, мӕрдтӕй растӕг — ууыл дзурӕг у, ӕз цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый. d 9Уыцы Фарны Уацы сӕраппонд хъизӕмар кӕнын ӕз, фыдгӕнӕгау мӕ суанг рӕхыстӕй дӕр сбастой. Фӕлӕ Хуыцауы ныхасӕн рӕхыстӕй сбӕттӕн нӕй. e 10Уымӕ гӕсгӕ ӕз алцӕмӕн дӕр фӕразын ӕвзӕрстыты сӕраппонд, цӕмӕй уыдон дӕр фервӕзой Йесо Чырыстийы руаджы ӕмӕ схайджын уой мыггагмӕйы кадӕй. 11Ӕцӕг сты ацы ныхӕстӕ: «Кӕд Йемӕ амардыстӕм,уӕд цӕргӕ дӕр Йемӕ кӕндзыстӕм. f
12Кӕд тухӕнтӕн фӕразӕм, уӕд паддзахиуӕг дӕр Йемӕ кӕндзыстӕм.
Нӕхи Йыл куы атигъ кӕнӕм,
уӕд ныл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн. g
13Мах Ыл нӕ зӕрдӕ куы аивӕм,
уӕд дӕр Уый иузӕрдионӕй баззайдзӕн,
уымӕн ӕмӕ Йӕхиуыл бавдисӕн кӕнын
Йӕ бон нӕу». h
14Ӕппӕт уыдӕттӕ зӕрдыл лӕууын кӕн ӕмӕ Хуыцауы раз фидарӕй фӕдзӕхс, цӕмӕй ӕнӕпайда быцӕу ныхас ма цӕуа — уыцы быцӕутӕ ӕрмӕстдӕр зиан ӕрхӕссынц, чи сӕм хъусы, уыдонӕн. 15Бацархай, цӕмӕй Хуыцауы раз разынай аккаг, йӕ куысты тыххӕй къӕмдзӕстыг чи нӕу, ӕцӕгады ныхас раст чи амоны, ахӕм ӕнӕзӕрдӕхудт куыстгӕнӕг. 16Ӕлгъаг ӕвдӕлон ныхӕстӕй дӕхи хъахъхъӕн. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдон дардӕй-дарддӕр кӕнынц Хуыцауӕй. 17Гангренӕйау ахӕлиу уыдзӕни сӕ ахуырад. Уыдонӕй сты Именей ӕмӕ Филит. i 18Уыдон фӕиппӕрд сты ӕцӕгадӕй, дзурынц, мӕрдтӕ ныридӕгӕн райгас сты, зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй халынц иуӕй-иуты уырнындзинад. 19Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд». j 20Стыр хӕдзары та ис ӕрмӕст сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ нӕ, фӕлӕ, хъӕд ӕмӕ ӕлыгӕй конд чи у, ахӕмтӕ дӕр, зынаргъ мигӕнӕн дзы куыд ис, афтӕ дзы ис хуымӕтӕг дурын дӕр. 21Уӕдӕ, йӕхи алы ӕвзӕрдзинадӕй чи ссыгъдӕг кӕна, уый уыдзӕнис кадджын ӕмӕ уаз мигӕнӕн — пайда дзы кӕны Хӕдзары Хицау ӕмӕ бӕззы алы хорз хъуыддагӕн дӕр. 22Лӕппуйы монцтӕй хиз дӕхи. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Бардарӕгмӕ чи кувы, уыдонимӕ тырн рӕстӕй цӕрынмӕ, уырнындзинадмӕ, уарзт ӕмӕ фидыдмӕ. 23Ӕдзӕлгъӕд ӕмӕ ӕнӕфенд быцӕутӕй дӕхи хиз, — уыдон хъаугъатӕ кӕй расайынц, уый дын зындгонд у. 24Бардарӕджы цагъарӕн та хъаугъа кӕнын не’мбӕлы, фӕлӕ алкӕимӕ дӕр хъуамӕ уа зӕрдӕхӕлар, зонд амонынмӕ арӕхса ӕмӕ маст ма хӕсса йӕ зӕрдӕйы, 25ныхмӕлӕуджыты ахуыр кӕна ӕвӕлмасӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сын Хуыцау баххуыс кӕна, фӕсмон сӕм ӕрцӕуа ӕмӕ, ӕцӕгад цы у, уый базоной, 26ӕрӕмбарой сӕхи ӕмӕ раирвӕзой, йӕ бархъомыс сыл чи сӕвӕрдта, уыцы хӕйрӕджы къӕппӕгӕй.
Copyright information for
OssIBT2022