Куыд дыккаг фыстӕджы, афтӕ ам дӕр Иоанн йӕхи хоны «хистӕр». Ацы фыстӕг фыссы чырыстон ӕхсӕнады уӕнг Гаймӕ. Ӕппӕлы дзы, уарзондзинад кӕй равдыста, уый тыххӕй ӕмӕ йын рагацау фӕдзӕхсы цавӕрдӕр Диотрефы тыххӕй (чи у, уый ам бӕрӕг нӕу), уый йӕхи, куыд не’мбӕлы, афтӕ кӕй дары, уымӕ гӕсгӕ.

‏ 3 John

Стауӕн ныхас Гайы тыххӕй

1Хистӕрӕй — мӕ уарзон Гаймӕ, ӕцӕгӕй кӕй уарзын, уымӕ.

2Мӕ уарзон хӕлар, ӕз кувын, цӕмӕй уай ӕнӕниз ӕмӕ дын алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыса, дӕ удӕн куыд ӕнтысы, афтӕ. 3Ӕфсымӕртӕ куы ӕрцыдысты ӕмӕ, ды ӕцӕгадыл ӕнувыд кӕй дӕ ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уый тыххӕй куы радзырдтой, уӕд ӕз тынг бацин кодтон. 4Мӕ сывӕллӕттӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый фехъусынӕй стырдӕр цин мӕнӕн нӕй. a

5Мӕ уарзон хӕлар, ӕфсымӕртыл, стӕй дзы кӕй нӕ зоныс, суанг уыдоныл дӕр кӕй узӕлыс, уымӕй дӕр иузӕрдион дӕ. 6Уыдон аргъуанӕн радзырдтой дӕ уарзты тыххӕй. Хуыцауӕн фӕндон куыд у, афтӕ сӕ фӕндагмӕ куы срӕвдз кӕнай, уӕд уымӕй хорз бакӕндзынӕ. 7Уыдон балцы ацыдысты Чырыстийы сӕраппонд, муртаттӕгтӕй та ӕххуыс нӕ исынц. 8Ӕмӕ ахӕмтӕн мах хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, ӕцӕгадӕн ӕмкусджытӕ куыд уӕм, афтӕ. b

Диотреф ӕмӕ Димитрий

9Ӕз ныффыстон аргъуанмӕ, фӕлӕ сӕм хицауиуӕг кӕнын чи уарзы, уыцы Диотреф мах ницӕмӕ дары. 10Ӕмӕ ӕз куы ӕрцӕуон, уӕд радзурдзынӕн йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Цъыф ныл калы, ӕмӕ йӕм уый дӕр фаг нӕ кӕсы, фӕлӕ ма ӕфсымӕрты йӕхӕдӕг дӕр нӕ уазӕг кӕны ӕмӕ сӕ суазӕг кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн дӕр ӕвӕры цӕлхдуртӕ ӕмӕ сӕ тӕры аргъуанӕй.

11Мӕ уарзон хӕлар, ӕвзӕр цы у, уый ма фӕзм, фӕлӕ фӕзм, хорз цы у, уый. Хӕрзгӕнӕг Хуыцауӕй у; хӕрам хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уый та Хуыцауы нӕ федта. c

12Димитрийы тыххӕй хорз дзурынц се’ппӕт дӕр, ӕмӕ дзы афтӕ зӕгъы ӕцӕгад йӕхӕдӕг дӕр. Мах дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ, нӕ ныхас ӕцӕг кӕй у, уый хорз зоныс.

Кӕронбӕттӕн

13Бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй дӕм ныффыссин, фӕлӕ мӕ милдонӕй фыссын нӕ фӕнды — 14мӕ зӕрдӕ дарын дӕу рӕхджы феныныл, ӕмӕ уӕд лӕгӕй-лӕгмӕ фӕныхас кӕндзыстӕм. 15Фӕрнӕйдзаг у. Салам дын ӕрвитынц хӕлӕрттӕ. Ды дӕр салам ратт хӕлӕрттӕй алкӕмӕн дӕр.
Copyright information for OssIBT2022