Acts 23
Павел синедрионы раз
1Павел синедрионыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ загъта: «Ме’фсымӕртӕ, абоны онг цы ацардтӕн, уымӕй Хуыцауы раз мӕ цӕсгом сыгъдӕг у». a 2Уӕд алчер Ананиа, Павелы фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ былтӕ цӕвой. 3Павел ын загъта: «Хуыцау дӕ ӕрцӕвдзӕн, чъырӕйцагъд сис! Цӕмӕй мын Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнай, уый тыххӕй ам бадыс, афтӕмӕй радтай мӕ нӕмыны бардзырд ӕмӕ уымӕй халыс Ӕгъдау!» b 4Павелы фарсмӕ чи лӕууыд, уыдон ын загътой: «Хуыцауы алчеры ӕфхӕрыс?» 5Павел дзуапп радта: «Ӕфсымӕртӕ, алчер кӕй у, уый нӕ зыдтон. Уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Дӕ адӕмы фӕтӕджы фыдгой ма кӕ“». 6Сӕ иутӕ саддукейтӕ, иннӕтӕ та фарисейтӕ кӕй сты, Павел уый куы базыдта, уӕд синедрионӕн хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Ме’фсымӕртӕ, ӕз фарисей дӕн, фарисейы фырт. Ӕмӕ мын тӕрхон кӕнынц, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй». c 7Павел афтӕ куы загъта, уӕд фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ фӕбыцӕу сты, ӕмӕ ӕмбырд дыууӕ дихы фӕцис. 8(Саддукейтӕ дзурынц, мӕрдтӕ, дам, нӕ райгас уыдзысты, нӕй, дам, зӕдтӕ ӕмӕ удтӕ. Фарисейтӕ та ӕппӕт уыдӕттыл ӕууӕндынц.) d 9Стыр хъӕлӕба систой. Фарисейты динамонджытӕй цалдӕр сыстади ӕмӕ загъд самадтой: «Ацы адӕймагмӕ мах ӕвзӕрӕй ницы уынӕм. Кӕд ын уыдӕттӕ мон кӕнӕ зӕд загъта, уӕд та?» e ▼▼Фӕстӕдӕры къухфыстыты ацы бынаты кӕрон у афтӕ: Кӕд ын уыдӕттӕ мон кӕнӕ зӕд загъта, уӕд Хуыцауы ныхмӕ ма лӕууӕм.
10Фӕлӕ быцӕу куы стынг, уӕд ӕфсӕддон хицау фӕтарст, Павелы куы аскъуыдтӕ кӕной, уымӕй. Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕрхизой, Павелы байсой адӕмӕй ӕмӕ йӕ фидармӕ акӕной. 11Уыцы ӕхсӕв Павелмӕ фӕзынди Бардарӕг ӕмӕ йын загъта: «Фидар лӕуу, Павел, уымӕн ӕмӕ, Мӕн тыххӕй Йерусалимы куыд дзырдтай, афтӕ хъуамӕ дзурай Ромы дӕр». g Сусӕгвӕнд Павелы ныхмӕ
12Куы сбон ис, уӕд иудейӕгтӕй иуӕй-иутӕ сусӕгӕй баныхас кодтой ӕмӕ ард бахордтой, цалынмӕ Павелы амарой, уӕдмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй нӕ бакӕндзысты. 13Сусӕгвӕнд чи скодта, уыдон уыдысты дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр. 14Уыдон бацыдысты алчертӕм, стӕй адӕмы хистӕртӕм ӕмӕ загътой: «Мах ард бахордтам, цалынмӕ Павелы амарӕм, уӕдмӕ ком бадарыныл. 15Уӕдӕ ныр сымах ӕмӕ синедрион фехъусын кӕнут ӕфсӕддон хицауӕн, цӕмӕй Павелы райсом сымахмӕ ӕркӕнын кӕна, цыма йын йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсынмӕ хъавут, афтӕ. Мах та цӕттӕ стӕм, цалынмӕ сымахмӕ не’рбахӕццӕ уа, уӕдмӕ йӕ амарынмӕ». 16Уыцы сусӕгвӕнды тыххӕй базыдта Павелы хойы лӕппу. Бацыди фидармӕ ӕмӕ йӕ радзырдта Павелӕн. 17Уӕд Павел фӕдзырдта сӕдӕйыхицӕуттӕй иумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ацы лӕппуйы ахон ӕфсӕддон хицаумӕ, цыдӕр зӕгъынмӕ йын хъавы». 18Уый лӕппуйы бакодта ӕфсӕддон хицаумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ахст Павел мӕм фӕдзырдта ӕмӕ куырдта, цӕмӕй дӕм ацы лӕппуйы ӕрбакӕнон; цыдӕр зӕгъинаг дын у». 19Ӕфсӕддон хицау ныххӕцыд лӕппуйы къухыл, фӕхибар ӕй кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы зӕгъинаг мын дӕ?» 20Лӕппу дзуапп радта: «Иудейӕгтӕ баныхас кодтой дӕумӕ ӕрхатын, цӕмӕй райсом Павелы ӕркӕнай синедрионмӕ, цыма сӕ йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсын фӕнды, афтӕ. 21Фӕлӕ ды ма бакӕс сӕ коммӕ, уымӕн ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр йӕ размӕ бабадтысты. Ард бахордтой, цалынмӕ йӕ амарой, уӕдмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй нӕ бакӕндзысты. Ныридӕгӕн цӕттӕ сты, сӕ каст ма дӕ бардзырдмӕ у». 22Ӕфсӕддон хицау лӕппуйӕн бафӕдзӕхста: «Мӕнӕн цы загътай, уый макӕмӕн радзур». Ӕмӕ йӕ ауагъта.Павелы арвыстой Кесаримӕ
23Ӕфсӕддон хицау фӕсидти сӕдӕйыхицӕуттӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сын загъта: «Срӕвдз кӕнут дыууӕсӕдӕ ӕфсӕддоны, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз барӕджы ӕмӕ дыууӕсӕдӕ арцхӕссӕджы. Ӕхсӕвы ӕртӕ сахатыл хъуамӕ араст уой Кесаримӕ. 24Ӕрцӕттӕ кӕнут бӕхтӕ, ӕфсӕддонтӕ Павелы сӕрӕгасӕй бӕстӕйы хицау Феликсмӕ куыд бахӕццӕ кӕной, афтӕ». 25Ныффыста ма ахӕм фыстӕг дӕр: 26«Клавдий Лисийӕ — бӕстӕйы хицаумӕ, кадджын Феликсмӕ. Фӕрнджын у. 27Ацы адӕймаджы ӕрцахстой иудейӕгтӕ ӕмӕ йӕ хъавыдысты амарынмӕ. Фӕлӕ ӕз ӕрцыдтӕн ӕфсӕддонтимӕ ӕмӕ, ромаг гражданин у, уый куы базыдтон, уӕд ӕй байстон. h 28Цӕмӕй йӕ азымджын кӕнынц, уый базоныны тыххӕй йӕ ӕркодтон сӕ синедрионмӕ. i 29Ӕмӕ базыдтон: азымджын ӕй кӕнынц, се’Гъдаумӕ чи хауы, ахӕм быцӕйуаг фӕрстыты, фӕлӕ мӕлӕты кӕнӕ ахӕстоны аккаг цы уа, ахӕм азым ӕм нӕ арынц. j 30Йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд кӕй скодтой, уый мын куы загътой, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй арвыстон дӕумӕ. Йӕ зылынгӕнджытӕн дӕр бафӕдзӕхстон сӕ хъаст дӕумӕ бахӕссын». 31Ӕфсӕддонтӕ цы бардзырд райстой, уымӕ гӕсгӕ Павелы ӕхсӕвы бахӕццӕ кодтой Антипатридӕмӕ. 32Дыккаг бон барджытӕн бабар кодтой, цӕмӕй Павелимӕ дарддӕр цӕуой, сӕхӕдӕг та ӕрбаздӕхтысты фидармӕ. 33Барджытӕ Кесаримӕ куы ӕрцыдысты, уӕд бӕстӕйы хицаумӕ радтой фыстӕг ӕмӕ йын Павелы йӕ бар ныууагътой. 34Бӕстӕйы хицау бакасти фыстӕг ӕмӕ Павелы, кӕцон у, уымӕй бафарста. Киликийӕ кӕй у, уый куы базыдта, уӕд загъта: 35«Дӕ зылынгӕнджытӕ дӕр куы ӕрцӕуой, уӕд дын ӕркӕсдзынӕн дӕ хъуыддагмӕ». Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ Ироды галуаны ахстӕй дарой.
Copyright information for
OssIBT2022