‏ Acts 24

Павелы азымджын кӕнынц

1Фондз боны фӕстӕ ӕрцыд алчер Ананиа адӕмы хистӕртимӕ, стӕй тӕрхоны дӕсны Тертуллимӕ. Уыдон бӕстӕйы хицаумӕ Павелыл бахъаст кодтой.

2Павелы куы бакодтой, уӕд ӕй Тертулл зылын кӕнын райдыдта: 3«Дӕ фӕрцы нӕ бӕстӕ у ӕнцад; царды ӕппӕт къабӕзты алы ран дӕр дӕ арӕхстджын разамындӕй цы ивддзинӕдтӕ цӕуы, уыдон ахъаз сты ацы адӕмы фӕрныг цардӕн. Уыдӕтты тыххӕй бузныг стӕм дӕуӕй, кадджын Феликс. 4Фӕлӕ дӕ цӕмӕй ма фӕлмӕцын кӕнон, уый тыххӕй дӕ курын: дӕ хорзӕхӕй, иу чысыл нӕм байхъус. 5Мах куыд базыдтам, афтӕмӕй ацы лӕг у емынӕйӕ фыддӕр, ӕппӕт дунейы иудейӕгты змӕнтӕг ӕмӕ назаретаг мӕнгдины фӕтӕг. a 6Уый архайдта суанг Кувӕндон фӕчъизи кӕныныл, ӕмӕ йӕ мах ӕрцахстам. [Нӕ зӕрды йын уыди нӕхи Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнын, b 7фӕлӕ ӕрцыд ӕфсӕддон хицау Лисий, лӕгдыхӕй нын ӕй байста нӕ къухтӕй, 8ӕмӕ йӕ зылын чи кодта, уыдонӕн арвыста дӕумӕ.] Ацы лӕгӕн йӕ хъуыддаг дӕхӕдӕг куы равзарай, уӕд ын йӕхицӕй фехъусдзынӕ, мах ӕй цӕмӕй зылын кӕнӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ».

9Иудейӕгтӕ разы уыдысты Тертуллы ныхӕстыл ӕмӕ дзырдтой, ӕппӕт дӕр афтӕ уыди, зӕгъгӕ.

Павел раст кӕны йӕхи

10Бӕстӕйы хицау Павелмӕ ацамыдта, ӕмӕ уый райдыдта йӕ ныхас: «Ӕз зонын, ды ацы адӕмӕн бирӕ азты дӕргъы тӕрхонгӕнӕг кӕй дӕ, уый, ӕмӕ мын ӕхсызгон у дӕ разы мӕхи раст кӕнын. 11Дӕ бон базонын у: ӕз Йерусалиммӕ бакувынмӕ куы ӕрцыдтӕн, ууыл дыууадӕс бонӕй фылдӕр нӕма рацыди. 12Нӕдӕр Кувӕндоны, нӕдӕр синагогӕты, нӕдӕр сахары ӕндӕр ран мӕн нӕ фендӕуыд искӕимӕ быцӕугӕнгӕ кӕнӕ адӕмы змӕнтгӕ. 13Ӕмӕ сӕм ныр, цӕмӕй мӕ зылын кӕнынц, уый тыххӕй дӕм цы бавдисой, уый нӕй. 14Фӕлӕ дӕ разы ууыл сӕттын, ӕмӕ, уыдон мӕнгдин кӕй хонынц, уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ ӕз лӕггад кӕнын нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн; ӕууӕндын, Ӕгъдауы чиныджы ӕмӕ пехуымпартӕм цы фыст ис, ӕппӕт уыдӕттыл. 15Мӕ зылынгӕнджытӕ сӕхӕдӕг сӕ зӕрдӕ куыд дарынц, афтӕ ӕз дӕр мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл: райгас уыдзысты рӕстытӕ дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр. c 16Уымӕ гӕсгӕ ӕз архайын Хуыцауы ӕмӕ адӕмы раз кӕддӕриддӕр сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыныл. d 17Ӕз Йерусалиммӕ ӕрыздӕхтӕн бирӕ азты фӕстӕ, цӕмӕй баххуыс кӕнон мӕ адӕмы мӕгуыртӕн ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхӕссон. e 18Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ мӕхи куы ссыгъдӕг кодтон, уӕд мӕ баййӕфтой Кувӕндоны; нӕдӕр дзы бирӕ адӕм уыди, нӕдӕр змӕст. f 19Фӕлӕ уым уыдысты цавӕрдӕр асиаг иудейӕгтӕ; мӕ ныхмӕ сӕм исты куы уыдаид, уӕд хъуамӕ лӕууиккой дӕ разы ӕмӕ мӕн зылын кӕниккой. 20Кӕнӕ, ам чи ис, уыдон зӕгъӕнт, синедрионы раз куы лӕууыдтӕн, уӕд мӕм цы азым ссардтой, уый. 21Ӕрмӕст иу фыдракӕнд сарӕзтон — сӕ разы лӕугӕйӕ, ӕз хъӕлӕсыдзагӕй загътон: „Абон мын сымах тӕрхон кӕнут, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй“». g

22Феликс бӕстон зыдта Бардарӕджы фӕндаджы тыххӕй ӕмӕ хъуыддаг аргъӕвта фӕстӕдӕрмӕ: «Ӕфсӕддон хицау Лисий куы’рцӕуа, уӕд уын ӕркӕсдзынӕн уӕ хъуыддагмӕ».

23Феликс сӕдӕйыхицауӕн радта Павелы хъахъхъӕныны бардзырд, фӕлӕ, дам, ын хъуамӕ иу чысыл фезмӕлӕн дӕр уа, йӕ хӕлӕрттӕ йын куы лӕггад кӕной, уӕд сӕ куыд мачи хъыгдара, афтӕ. h

24Цалдӕр боны фӕстӕ Феликс ӕрбацыд йӕ ус Друзиллӕимӕ (уый уыди дзуттаг). Феликс ӕрбакӕнын кодта Павелы ӕмӕ хъуыста, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны тыххӕй цы дзырдта, уымӕ. 25Павел рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ фидӕны тӕрхоны тыххӕй куы дзырдта, уӕд Феликсы тас бацыд ӕмӕ загъта: «Ныр ацу, рӕстӕг мын куы фӕуа, уӕд та дӕм фӕдзурдзынӕн».

26Уыимӕ ма Феликс йӕ зӕрдӕ дардта, Павел ын ӕхца кӕй ратдзӕнис, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ-иу ӕй арӕх ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ ныхас кодта йемӕ.

27Фӕлӕ дыууӕ азы фӕстӕ Феликсы раивта Порций Фест. Фӕлӕ Феликс, иудейӕгты зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй, Павелы ахӕстоны ныууагъта. i
Copyright information for OssIBT2022