Acts 25
Павел ӕмӕ Фест
1Фест бӕстӕйы хицауы бынат куы бацахста, уӕд ӕртӕ боны фӕстӕ Кесарийӕ ацыд Йерусалиммӕ. 2Йерусалимы йӕм Павелыл хъаст бахастой алчертӕ ӕмӕ иудейаг хицӕуттӕ. 3Хатыдысты йӕм, цӕмӕй сын ахӕм хорзӕх ракӕна, ӕмӕ Павелы арвита Йерусалиммӕ, сӕхӕдӕг та баныхас кодтой фӕндагыл Павелы амарыныл. 4Фӕлӕ сын Фест дзуапп радта: «Павел Кесарийы ахӕстоны ис, стӕй рӕхджы мӕхӕдӕг дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн. 5Ӕмӕ уӕ кӕй бон у, уыдон рацӕуӕнт мемӕ ӕмӕ, кӕд уыцы лӕг ӕвзӕрӕй исты ракодта, уӕд-иу ӕй базылын кӕнӕнт». 6Фест сӕм фӕци аст-дӕс боны, стӕй ӕрыздӕхти Кесаримӕ. Дыккаг бон ӕрбадти тӕрхонгӕнӕджы бынаты ӕмӕ радта Павелы ӕрбакӕныны бардзырд. 7Павел куы ӕрбацыд, уӕд Йерусалимӕй ӕрцӕуӕг иудейӕгтӕ ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс, азымджын ӕй кодтой бирӕ уӕззау фыдракӕндты, фӕлӕ сӕм бӕлвырд ӕвдисӕнӕй ницы уыд. 8Павел йӕхи сраст кӕнынӕн загъта: «Ӕз иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодтон нӕдӕр иудейаг Ӕгъдауы ныхмӕ, нӕдӕр Кувӕндоны ныхмӕ, нӕдӕр кесӕры ныхмӕ». a 9Фесты фӕндыд иудейӕгты зӕрдӕ балхӕнын, ӕмӕ Павелы бафарста: «Фӕнды дӕ Йерусалиммӕ ацӕуын, цӕмӕй дын, азымджын дӕ цӕмӕй кӕнынц, уыдӕтты тыххӕй уым рахӕссон тӕрхон?» 10Павел загъта: «Ӕз кесӕры тӕрхоны раз лӕууын, ӕмӕ мын тӕрхон ам хъуамӕ кӕной. Ды дӕр хорз зоныс: ӕз иудейӕгты хъыджы ницӕмӕй бацыдтӕн. 11Кӕд ӕз, амарыны аккаг цы у, ахӕмӕй исты ракодтон, уӕд цӕттӕ дӕн мӕлӕтмӕ. Фӕлӕ кӕд, азымджын мӕ цӕмӕй кӕнынц, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрымысгӕ сты, уӕд мӕн сӕ къухмӕ раттын никӕй бон у. Ӕз домын кесӕры тӕрхон». 12Уӕд Фест аныхас кодта йӕ уынаффӕдоны уӕнгтимӕ ӕмӕ дзуапп радта: «Ды ӕрдомдтай кесӕры тӕрхон ӕмӕ ацӕудзынӕ кесӕрмӕ».Павел ӕмӕ Агриппӕ
13Агриппӕ ӕмӕ Верникӕ цалдӕр боны фӕстӕ паддзах Фестӕн ӕгасцуай зӕгъынмӕ ӕрцыдысты Кесаримӕ. 14Уым фесты дзӕвгар рӕстӕг. Фест паддзахӕн радзырдта Павелы хъуыддаджы тыххӕй ӕмӕ йын загъта: «Ам ис, Феликс ахӕстоны кӕй ныууагъта, ахӕм адӕймаг. 15Ӕз Йерусалимы куы уыдтӕн, уӕд ыл алчертӕ ӕмӕ иудейӕгты хистӕртӕ бахъаст кодтой. Уыдон мӕнӕй домдтой, цӕмӕй йын ӕз тӕрхон рахӕссон. b 16Ӕз сын дзуапп радтон, зӕгъгӕ, зылынгонд чи цӕуы, уыцы адӕймаг цалынмӕ йӕ зылынгӕнджытимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕла ӕмӕ йын йӕхи сраст кӕныны фадат уа, уӕдмӕ ромаг ӕгъдау никӕй дӕтты бафхӕрынмӕ. 17Уыдон ӕрцыдысты ардӕм, ӕмӕ ӕз ӕвӕстиатӕй дыккаг бон ӕрбадтӕн тӕрхонгӕнӕджы бынаты ӕмӕ радтон уыцы лӕджы ӕрбакӕныны бардзырд. 18Зылынгӕнджытӕ сыстадысты йӕ ныхмӕ, ӕмӕ, ӕз цы фыдракӕндтӕй ӕнхъӕл уыдтӕн, уыдонӕй йӕ иуӕй дӕр нӕ базылын кодтой. 19Фӕлӕ сын йемӕ уыди цыдӕр быцӕутӕ: сӕ дины ӕмӕ, Чи амард, уыцы цавӕрдӕр Йесойы тыххӕй — Павел дзырдта, удӕгас у, зӕгъгӕ. c 20Ахӕм фӕрстытӕ куыд лыггӕнгӕ сты, уый кӕй не’мбӕрстон, уымӕ гӕсгӕ Павелы бафарстон, фӕнды йӕ, мыййаг, Йерусалиммӕ ацӕуын ӕмӕ уым тӕрхоны раз ӕрлӕууын? 21Фӕлӕ Павел ӕрдомдта, цӕмӕй йӕ ныууадзой ахӕстоны, цалынмӕ кесӕр уынаффӕ рахӕсса, уӕдмӕ. Уӕд ӕз бардзырд радтон, цалынмӕ йӕ кесӕрмӕ арвитон, уӕдмӕ йӕ ахӕстоны куыд дарой». 22Агриппӕ загъта Фестӕн: «Мӕн дӕр фӕнды уыцы адӕймагмӕ байхъусын». Фест дзуапп радта: «Тӕккӕ райсом ӕм байхъусдзынӕ». 23Дыккаг бон Агриппӕ ӕмӕ Верникӕ ӕфсӕддон хицӕуттимӕ ӕмӕ сахары уӕздӕттимӕ хъӕздыгарӕзтӕй бацыдысты тӕрхондонмӕ, ӕмбырды уатмӕ. Фесты бардзырдмӕ гӕсгӕ ӕрбакодтой Павелы. 24Фест загъта: «Паддзах Агриппӕ ӕмӕ, ам немӕ чи ис, уыцы хорз адӕм! Сымах уынут, Йерусалимы дӕр ӕмӕ ам дӕр иудейӕгтӕ иууылдӕр мӕнмӕ сӕ хъаст кӕуыл хастой ӕмӕ йын удӕгасӕй ныууадзӕн нӕй, зӕгъгӕ, кӕй тыххӕй хъӕр кодтой, уыцы адӕймаджы. d 25Фӕлӕ ӕз куыд сбӕрӕг кодтон, афтӕмӕй, амарӕн ӕй цӕй тыххӕй ис, ахӕмӕй ницы сарӕзта. Ӕрмӕст йӕхӕдӕг кесӕры тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ сфӕнд кодтон уымӕ арвитын. e 26Кесӕрмӕ ацы адӕймаджы тыххӕй бӕлвырдӕй цы ныффыссон, ахӕмӕй мӕм ницы ис. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрлӕууын кодтон уӕ разы, уӕлдайдӕр та дӕ разы, паддзах Агриппӕ, цӕмӕй хъуыддагмӕ ӕркӕсыны фӕстӕ зонон, цы ныффыссын хъӕуы, уый. 27Уымӕн ӕмӕ, ахст адӕймаджы цӕмӕй зылын кӕнынц, уый ма бавдис, афтӕмӕй йӕ арвит, уый мӕм раст нӕ кӕсы».
Copyright information for
OssIBT2022