Acts 28
Мелиты сакъадахы
1Зӕхмӕ куы раирвӕзтыстӕм, уӕд базыдтам, сакъадахӕн йӕ ном Мелит кӕй у, уый. 2Сакъадахы цӕрджытӕ разындысты тынг адӕмуарзаг. Уарыд, ӕмӕ уыди уазал; уымӕ гӕсгӕ арт бандзӕрстой ӕмӕ не’ппӕты дӕр бахуыдтой. 3Павел ӕрбахаста пыхсытӕ ӕмӕ сӕ артыл куы ӕвӕрдта, уӕд калм тӕвдмӕ рабырыд пыхсытӕй ӕмӕ йын ацауындзӕг йӕ цонгыл. a 4Сакъадахы цӕрджытӕ йын йӕ цонгыл калмы ауыгъдӕй куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ацы адӕймаг, ӕнӕгуырысхойӕ, лӕгмар у. Денджызӕй фервӕзт, фӕлӕ йын раст тӕрхоны сылгоймаг-хуыцау удӕгасӕй баззайыны бар нӕ дӕтты». 5Фӕлӕ Павел калмы йӕ цонгӕй ӕрцагъта артмӕ ӕмӕ йын ницы зиан скодта. 6Адӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты, Павел ныррӕсидзӕн кӕнӕ дзыхъмард фӕуыдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ бирӕ куы фенхъӕлмӕ кастысты ӕмӕ йын калм кӕй ницы разиан кодта, уый куы федтой, уӕд ӕм ракастысты ӕндӕр цӕстӕй ӕмӕ загътой, уый хуыцау у, зӕгъгӕ. 7Уырдӕм хӕстӕг уыдысты сакъадахы хицау Публийы хӕдзар ӕмӕ зӕххытӕ. Публий нӕ суазӕг кодта ӕмӕ нын ӕртӕ боны уыди рӕдау фысым. 8Публийы фыд сади тӕвдниз ӕмӕ гуыбыннизӕй. Павел ӕм бацыд, бакуывта, ӕрӕвӕрдта йыл йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта. 9Уыцы цауы фӕстӕ сакъадахы иннӕ рынчынтӕ дӕр цыдысты Павелмӕ ӕмӕ-иу сдзӕбӕх сты. 10Тынг нӕ сбуц кодтой ӕмӕ, куы цыдыстӕм, уӕд нын немӕ нывӕрдтой, цы нӕ хъуыди, уыдӕттӕ.Павел Ромы
11Ӕртӕ мӕйы фӕстӕ ацыдыстӕм, «Диоскуртӕ» кӕй хуыдтой, уыцы александриаг науыл. Уый зымӕгиуат кодта уыцы сакъадахыл. 12Бацыдыстӕм Сиракузтӕм ӕмӕ уым баззадыстӕм ӕртӕ боны. 13Уырдыгӕй ацыдыстӕм ӕмӕ бахӕццӕ стӕм Регимӕ. Иннӕ бон радымдта хуссайраг дымгӕ, ӕмӕ дыккаг бон уыдыстӕм Путеолы. 14Уым ссардтам ӕфсымӕрты ӕмӕ сӕм, сӕ курдиатмӕ гӕсгӕ, баззадыстӕм авд боны, стӕй Роммӕ араст стӕм. b 15Ромаг ӕфсымӕртӕ фехъуыстой нӕ хабар ӕмӕ нӕ размӕ рацыдысты Аппийы Фӕз ӕмӕ Ӕртӕ Фысымуаты цурмӕ. Павел сӕ куы федта, уӕд арфӕ ракодта Хуыцауӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ барухс. 16Роммӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд Павелӕн радтой йӕ хъахъхъӕнӕг ӕфсӕддонимӕ хицӕнӕй ӕрцӕрыны бар.Павелы уацамынд Ромы
17Ӕртӕ боны фӕстӕ Павел ӕрхуыдта дзырддзӕугӕ иудейӕгты. Куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын загъта: «Ӕфсымӕртӕ, нӕ адӕмы ныхмӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлты ӕгъдӕутты ныхмӕ ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон, фӕлӕ мӕ Йерусалимы ӕрцахстой ӕмӕ мӕ радтой ромӕгты къухмӕ. c 18Уыдон ӕркастысты мӕ хъуыддагмӕ ӕмӕ мӕ хъавыдысты рауадзынмӕ, уымӕн ӕмӕ, мӕлӕты тӕрхон рахӕссыны аккаг цы уа, ахӕмӕй ницы сарӕзтон. d 19Фӕлӕ иудейӕгтӕ ныхмӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ ӕрдомдтон кесӕры тӕрхон — ӕндӕр гӕнӕн мын нӕ уыд. Ӕмӕ ӕз афтӕ мӕ адӕммӕ исты азым ӕрхӕссыны охыл нӕ бакодтон. 20Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ӕрбахуыдтон сымах — фенон уӕ ӕмӕ аныхас кӕнон уемӕ, уымӕн ӕмӕ ацы рӕхыстӕй Израилы зӕрдӕдарӕны сӕраппонд баст дӕн». e 21Уыдон ын загътой: «Мах дӕу тыххӕй Иудейӕ фыстӕджытӕ дӕр нӕ райстам, ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕй дӕр нын дӕу тыххӕй ӕвзӕрӕй ничи ницы фехъусын кодта ӕмӕ загъта. 22Фӕлӕ мах фӕнды, куыд хъуыды кӕныс, уый дӕхицӕй фехъусын. Уымӕн ӕмӕ, алы ран дӕр уыцы ахуырады ныхмӕ кӕй дзурынц, уый нын зындгонд у». f 23Иудейӕгтӕ баныхас кодтой Павелимӕ, цы бон фембӕлдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ кӕм ӕрбынатон, уырдӕм ӕрцыдысты ноджы фылдӕрӕй. Павел сын райсомӕй изӕрмӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, Моисейы Ӕгъдауӕй ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй сын хаста ӕвдисӕйнӕгтӕ Йесойы тыххӕй ӕмӕ афтӕмӕй архайдта баууӕндын сӕ кӕныныл. 24Иуты баууӕндын кодта йӕ ныхасӕй, иннӕты та нӕ уырныдта. 25Иу хъуыды сӕм кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ хӕлиу кӕнын райдыдтой, ӕмӕ уӕд Павел сдзырдта: «Сыгъдӕг Уд хорз загъта нӕ фыдӕлтӕн пехуымпар Исайайы дзыхӕй: 26„Ацу уыцы адӕммӕ ӕмӕ сын зӕгъ:Хъусӕй хъусдзыстут, фӕлӕ нӕ бамбардзыстут,
цӕстӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ нӕ фендзыстут. g
27Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты,
хъусӕй зынтӕй хъусынц, сӕ цӕстытӕ сӕхгӕдтой,
цӕмӕй цӕстӕй дӕр ма феной,
хъусӕй дӕр ма фехъусой
ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр ма бамбарой,
се’ргом Мӕм ма раздахой ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон“.
28Уӕдӕ йӕ зонут: Хуыцау адӕймаджы кӕй ирвӕзын кӕны, уыцы уац муртаттӕгтӕн ӕрвыст у; хъусгӕ дӕр ӕй уыдон фӕкӕндзысты». h 29[Павел афтӕ куы загъта, уӕд иудейӕгтӕ ацыдысты, кӕрӕдзиимӕ тынг быцӕу кӕнгӕйӕ.] 30Павел дыууӕ азы фӕцард, йӕхӕдӕг цы цӕрӕнуат баххуырста, уым. Чидӕриддӕр ӕм цыдис, уыдоныл-иу сӕмбӕлди зӕрдиагӕй. 31Ныфсджынӕй ӕмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы тыххӕй.
Copyright information for
OssIBT2022