Acts 26
Павел раст кӕны йӕхи
1Агриппӕ загъта Павелӕн: «Ис дын дӕхи сраст кӕныны тыххӕй дзурыны бар». Уӕд Павел йӕ къух размӕ радардта ӕмӕ райдыдта йӕхи раст кӕнын: 2«Паддзах Агриппӕ! Мӕхи нымайын амондджыныл, иудейӕгтӕ мӕ цӕмӕйты зылын кӕнынц, ӕппӕт уыдӕттӕй абон дӕ разы мӕхи кӕй раст кӕнын, уымӕй. 3Уӕлдайдӕр та уымӕн, ӕмӕ ды хорз зоныс иудейӕгты ӕппӕт ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ дзырддаг фӕрстытӕ. Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын, фӕразонӕй мӕм байхъус. 4Ме’взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ ӕз куыд цӕрын, уый иудейӕгтӕ иууылдӕр зонынц. Тӕккӕ райдианӕй ӕз цардтӕн мӕ адӕмы’хсӕн ӕмӕ Йерусалимы. 5Рагӕй мӕ зонынц, ӕмӕ сӕ куы бафӕнда, уӕд сӕ бон у ӕвдисӕн ныллӕууын, ӕз кӕй цардтӕн фарисейы цардӕй — нӕ дины тӕккӕ карздӕр къабазы домӕнтӕм гӕсгӕ. a 6Ӕмӕ абон тӕрхоны раз лӕууын, Хуыцау нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уымӕй мӕ ныфс кӕй ис, уый тыххӕй. 7Уыцы зӕрдӕбавӕрды сӕххӕстӕй ныфс ис нӕ дыууадӕс мыггаджы дӕр, ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынц Хуыцауӕн. Уыцы ныфсы тыххӕй, паддзах, мӕн иудейӕгтӕ аххосджын кӕнынц. 8Хуыцау мӕрдты кӕй ӕгас кӕны, уый, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм диссагыл нымайут, ӕви? 9Ӕз дӕр афтӕ ӕнхъӕл уыдтӕн, Назаретаг Йесойы номы ныхмӕ мын мӕ тых, мӕ бонӕй тохгӕнгӕ у. 10Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр афтӕ кодтон Йерусалимы. Алчертӕй бар райстон, афтӕмӕй бирӕ сыгъдӕджыты бакодтон ахӕстӕтты; мӕлӕты тӕрхон сын-иу куы хастой, уӕд хъӕлӕс кодтон сӕ амарыныл. b 11Бирӕ хӕттыты сӕ ӕфхӕрдтон ӕппӕт синагогӕты, цӕмӕй сӕхи атигъ кӕной Йесойыл; агъуыдау сӕ фӕдыл зылдтӕн суанг ӕцӕгӕлон сахарты дӕр. 12Уыцы нысанимӕ ӕз алчертӕй райстон бар ӕмӕ сын сӕ фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнынмӕ араст дӕн Дамаскмӕ. 13Ӕмбисбон фӕндагыл, паддзах, ӕз федтон, хуры рухсӕй ирддӕр чи уыди, мӕныл ӕмӕ ме’мбӕлццӕттыл чи ӕртыхст, ахӕм рухс уӕларвӕй. c 14Не’ппӕт дӕр ӕрхаудыстӕм зӕххыл, ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дзуттагау мӕм чи дзырдта, ахӕм хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс? Зын дын у цыргъ михы ныхмӕ цӕуын“. 15Ӕз бафарстон: „Чи дӕ, Бардарӕг?“Бардарӕг загъта: „Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Йесо. 16Сыст ӕмӕ слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дӕм уымӕн фӕзындтӕн, цӕмӕй дӕ скӕнон Мӕ лӕггадгӕнӕг ӕмӕ ӕвдисӕн уай, цы федтай ӕмӕ ма дын ноджыдӕр цы раргом кӕндзынӕн, ӕппӕт уыдӕттӕн. 17Ӕз дӕ бахиздзынӕн дӕхи адӕмӕй, стӕй муртаттӕгтӕй — Ӕз дӕ уыдонмӕ ӕрвитын, 18цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ талынгӕй рацӕуой рухсмӕ, сайтаны къухтӕй — Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ сӕ хай райсой“. d 19Уымӕ гӕсгӕ, паддзах Агриппӕ, уӕларвӕй мын цы раргом, уый коммӕ нӕ бакӕсын мӕ бон нӕ баци. 20Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕгтӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй. e 21Уый тыххӕй мӕ иудейӕгтӕ Кувӕндоны ӕрцахстой ӕмӕ мӕ хъавыдысты амарынмӕ. f 22Фӕлӕ абоны онг, Хуыцауы ӕххуысӕй, лӕууын ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ дзурын хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыдтӕн дӕр. Дзургӕ та кӕнын, пехуымпартӕ ӕмӕ Моисей рагагъоммӕ цы загътой, ӕрмӕстдӕр уый. 23Ома Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас уыдзӕн, ӕрхӕсдзӕн рухс иудейаг адӕмӕн ӕмӕ муртаттӕгтӕн». g 24Павел йӕхи афтӕ куы раст кодта, уӕд Фест хъӕрӕй загъта: «Ды сӕрхъӕн дӕ, Павел! Фыр ахуырӕй дӕ зонд фӕцыд». h 25Павел дзуапп радта: «Нӕ, кадджын Фест, ӕз сӕрхъӕн нӕ дӕн, фӕлӕ зӕгъын, раст зондӕй чи цӕуы, ӕцӕгады уыцы ныхӕстӕ. 26Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй зоны, ӕз ныфсджынӕй кӕй разы дзурын, уыцы паддзах. Мӕн нӕ уырны, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕй исты басусӕг уа паддзахӕй, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ фӕскъуым не’рцыдысты. i 27Паддзах Агриппӕ, пехуымпартыл ӕууӕндыс ӕви нӕ? Кӕй сыл ӕууӕндыс, уый ӕз зонын». 28Агриппӕ загъта Павелӕн: «Ӕгӕр тагъд мӕ нӕ чырыстон кӕныс?» 29Павел загъта: «Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй, тагъд уа ӕви ӕрӕгмӕ уа, ӕрмӕст ды нӕ, фӕлӕ мӕм абон чи хъусы, уыдон се’ппӕт дӕр мӕ хуызӕттӕ суой, ӕрмӕст ӕнӕ рӕхыстӕй». j 30Павел афтӕ куы загъта, уӕд паддзах, бӕстӕйы хицау, Верникӕ, стӕй, семӕ чи бадт, уыдон иууылдӕр сыстадысты. 31Фӕхибар сты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, ацы адӕймаг, амарын кӕнӕ йӕ ахӕстоны дарын цӕй тыххӕй ӕмбӕлы, ахӕмӕй ницы ракодта, зӕгъгӕ. 32Агриппӕ загъта Фестӕн: «Кесӕры тӕрхон куы не’рдомдтаид, уӕд ацы адӕймаджы суӕгъдгӕнӕн уаид».
Copyright information for
OssIBT2022