Amos 1
1Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты, Амос, Текоайы фыййӕуттӕй иу, цӕстылуайӕны цы фехъуыста, уыдӕттӕ. Уый уыдис иудейаг паддзах Озиайы ӕмӕ Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман, зӕххӕнкъуыстӕй дыууӕ азы раздӕр. 2Амос загъта: — Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй. Додой кӕндзысты фыййӕутты къӕстӕ, бахус уыдзӕн Кармелы цъупп. 3Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дамаскы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, Галаады хох ӕфсӕн найгӕнӕнтӕй кӕй ныссӕста, уый тыххӕй. 4Паддзах Хазаелӕн йӕ хӕдзарыл арт бандзардзынӕн, Бен-Хадады фидӕрттӕ басудздзынӕн, 5Дамаскы кулдуӕрттӕн се’вдузӕнтӕ ныссӕтдзынӕн. Авены дӕлвӕзы паддзахы бадӕны чи рабадт, уый дӕр, стӕй Бет-Едены паддзахы дӕр фесафдзынӕн. Арамейӕгты Кирмӕ уацары акӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг. 6Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Газӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ, уацары кӕй райстой, уыдоны се’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой. 7Газӕйы фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн. 8Ашдоды зӕххыл дӕр, паддзахы бадӕны чи рабадт, уый, стӕй Ашкелоны паддзахы дӕр фесафдзынӕн. Мӕ къух сисдзынӕн Екронмӕ, филистимӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдон цагъды фӕуыдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. 9Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Тиры фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ уацайрӕгты се’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой, ӕфсымӕрон фидыд фехӕлдтой. 10Тиры фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн. 11Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Едомы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ кардимӕ зылди йе’фсымӕры фӕдыл, ӕдзух йӕ масты фӕдыл цыд, йӕ масты арт мынӕг нӕ кодта. 12Ӕз Теманыл арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Боцрайы фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн. 13Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: аммонӕгтӕн сӕ фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ, цӕмӕй сӕ арӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕной, уый тыххӕй Галаады сывӕрджын устыты кӕрдтӕй рӕхуыстой. 14Раввайы фиддӕрттыл арт бандзардзынӕн. Алырдыгӕй тохы хъӕртӕ хъуысдзысты, афтӕмӕй судздзысты йӕ галуантӕ, тымыгъы сӕм зилгӕ уад ӕрбабырсдзӕн. 15Сӕ паддзахы сын акӕндзысты уацары, ӕмӕ йе’лдӕрттӕ дӕр йемӕ ацӕудзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Copyright information for
OssIBT2022