Amos 2
1Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Моавы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ Едомы паддзахӕн йӕ мардыл дӕр нӕ бацауӕрстой, басыгътой йӕ. 2Арт бандзардзынӕн Моавы зӕххыл, ӕмӕ уыцы арт Керийоты фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн. Тохы уынӕр ӕмӕ сыкъауадындзты уасын хъуысдзысты, афтӕмӕй йе сӕфт ӕрцӕудзӕни Моавӕн. 3Ӕз уыцы бӕстӕйы хицауы йе’ппӕт ӕлдӕрттимӕ фесафдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. 4Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Иудӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ се’ргом аздӕхтой Дунедарӕджы Ӕгъдауӕй, Йӕ уагӕвӕрдтӕ Йын не’ххӕст кӕнынц. Сӕ фыдӕлтӕ цы мӕнг хуыцӕутты фӕдыл цыдысты, уыдон сын сӕ фӕндаг ныггалиутӕ кодтой. 5Ӕз арт бандзардзынӕн Иудӕйыл, Йерусалимы фидӕрттӕ саусыгъд бакӕндзынӕн. 6Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Израилы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн. Раст адӕймаджы уӕй кӕнынц ӕвзистыл, мӕгуыр лӕджы — дыууӕ дзабырыл. 7Мӕгуыртӕн сӕ сӕртӕ рыджы бын ныккодтой, сӕ фӕндагыл сын сӕвӕрдтой цӕлхдуртӕ. Фыд ӕмӕ фырт иу сылгоймагимӕ хӕтынц, сӕгад Мын кодтой Мӕ уаз ном. 8Хӕсы ныхмӕ цы’мбӕрзӕнтӕ райсынц, уыдоныл алы нывондхӕссӕны раз хуыссынц, сӕ Хуыцауы Кувӕндоны нуазынц сӕн — кӕйдӕр ивар! 9Ӕз та сӕ сӕраппонд аморӕгты ныццагътон; нӕзытӕй бӕрзонддӕр, тулдз бӕлӕстӕй фидардӕр уыдысты, фӕлӕ сын Ӕз уӕле скуынӕг кодтон сӕ дыргътӕ, бынӕй — сӕ уидӕгтӕ. 10Сымах та Мысыры зӕххӕй рахуыдтон ӕмӕ уӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры фӕкодтон, цӕмӕй уын сӕ зӕхх исбонӕн радтон, уый тыххӕй. 11Уӕ фырттӕй-иу уын равзӕрстон пехуымпартӕ, уӕ лӕппутӕй-иу снывонд кодтон Мӕхицӕн. Афтӕ нӕу, Израил? — зӕгъы Дунедарӕг. — 12Сымах та-иу, Мӕхицӕн кӕй снывонд скодтон, уыдоны сӕнӕй ныррасыг кодтат, Мӕ пехуымпартӕн сдзурыны бар нӕ лӕвӕрдтат. 13Мӕнӕ уӕ Ӕз хорӕй йедзаг уӕрдонау ныссӕнддзынӕн. 14Цӕрдӕг нӕ алидздзӕн, тыхджынӕн фесӕфдзӕн йӕ хъару, нӕ фервӕздзӕн хъӕбатыр. 15Фатӕхсӕг уа, фистӕг уа, бӕхджын — иунӕг дӕр нӕ аирвӕздзӕн. 16Уӕ хъӕбатыртӕн се’ппӕты ӕхсарджындӕр уыцы бон бӕгънӕгӕй лидздзӕнис, — зӕгъы Дунедарӕг.
Copyright information for
OssIBT2022