‏ Amos 4

1Байхъусут ацы ныхасмӕ, башайнаг хъуццытӕ, Самарийы хохыл чи цӕры, уыдон! Сымах мӕгуырты ссӕндут, сабыр адӕмы ӕфхӕрут ӕмӕ дзурут уӕ хицӕуттӕн: «Нозт нын ӕрбахӕсс, ӕмӕ нуазӕм!» 2Дунедарӕг Хуыцау сомы кӕны Йӕ сыгъдӕгдзинадӕй: ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕ цӕгтӕ ӕмӕ ӕнгуыртӕй уацары акӕндзысты. 3Систы хуынчъытӕй уӕ сахарӕй ракӕндзысты рӕгъӕй ӕмӕ уӕ Хармоны зӕхмӕ баппардзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.

4Ӕрбацӕут Вефилмӕ, сбирӕ кӕнут уӕ тӕригъӕдтӕ! Ацӕут Гилгалмӕ, ӕмӕ сӕ уым ноджы фӕфылдӕр кӕнут! Алы райсом дӕр нывӕндтӕ хӕссут, уе’фтиаджы дӕсӕймаг хай — ӕртӕ бонӕй ӕртӕ бонмӕ! 5Мӕ разы-иу Мын, ӕнхъизӕн кӕуыл ис, ахӕм арфӕйы нывонд ссудзут! Барвӕндӕй хаст нывӕндты кой-иу хъӕрдӕрӕй фехъусын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ уарзут, израилӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

6Уӕ сахарты уын адӕмы сыдӕй амардтон, ӕмӕ уӕ хъӕуты хойраджы мур нал баззади, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг. — 7Ӕмӕ-иу Ӕз уый тыххӕй мӕнӕугӕрдӕнтӕй ӕртӕ мӕйы раздӕр зӕхмӕ доны’ртах нал ӕруагътон, иу сахары-иу къӕвда ӕруарын кодтон, иннӕйы та нӕ; зӕххы иу хай-иу донӕй бафсӕстон, иннӕ та-иу бахус ис ӕнӕ донӕй. 8Цалдӕр сахары цӕрджытӕ-иу дон нуазынмӕ иу сахары ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ сын дон нӕ фаг кодта, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.

9Уӕ хуымтӕ уын-иу судзгӕ дымгӕйӕ кӕнӕ халасӕй фесӕфтон, уӕ дыргъдӕттӕ, уӕ сӕндӕттӕ, уӕ легъуитӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕстӕ уын-иу мӕтыхтӕн бахӕрын кодтон, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.

10Мысыры адӕмау уыл рын бафтыдтон; уӕ лӕппуты уын карды цӕфӕй мардтон, уӕ бӕхты уын-иу уацары атардтой, уӕ асадӕнты-иу уӕ хӕстонтӕн сӕ мӕрдты смагмӕ улӕфыдыстут, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.

11Содом ӕмӕ Гоморрӕйау уӕ ныззыгуым кодтон. Пиллон артӕй цы ӕхсидав фелвасынц, уый ӕнгӕс уыдыстут, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.

12Уӕдӕ дын ныр Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, Израил! Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн дӕ Хуыцауы фенынмӕ! 13Мӕнӕ ис, хӕхтӕ ӕмӕ дымгӕ Чи сфӕлдыста, Йӕ фӕндон адӕмӕн чи раргом кӕны, сӕуӕхсид талынг Чи фестын кӕны ӕмӕ къуыбыртӕ Чи ссӕнды, Уый, Йӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Copyright information for OssIBT2022