‏ Amos 5

1Израилӕгтӕ, байхъусут ацы ныхасмӕ, цы хъарӕг уыл скодтон, уымӕ!

2Ахаудис Израилы чызг, сыстын нал у йӕ бон! Йӕ райгуырӕн зӕххыл лӕзӕры — нӕй йӕ сисӕг!

3Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Израилы сахартӕй искӕцыйӕ мин хӕстоны куы рацӕуа, уӕд дзы ӕрмӕстдӕр сӕдӕ аирвӕздзӕн, сӕдӕ хӕстоны кӕцӕй рацӕуа, уырдӕм та ма дӕс раздӕхдзӕн».

4Дунедарӕг израилӕгтӕн афтӕ зӕгъы: «Раздӕхут Мӕм ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзыстут. 5Ма цӕут Вефилмӕ, Гилгал ӕмӕ Беер-Шевӕмӕ. Гилгалы цӕрджыты иууылдӕр уацары акӕндзысты, Вефилӕн та зӕххыл йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн». 6Дунедарӕгмӕ уе’ргом раздахут ӕмӕ цӕрдзыстут. Науӕд Уый пиллон артау ӕртыхсдзӕни Йосефы хӕдзарыл, басудздзӕни Вефил, ӕмӕ уыцы арт ахуыссын кӕнын никӕй бон уыдзӕн.

7О, раст тӕрхон скъӕлдзо чи фестын кодта ӕмӕ рӕстдзинад зӕхмӕ чи фехста, уыдон! 8Авд хойы стъалыгуппар ӕмӕ Орион Чи сфӕлдыста? Талынг райдзаст райсом Чи фестын кӕны, бон та — тар ӕхсӕв? Чи фӕсиды денджызы уылӕнтӕм ӕмӕ сӕ зӕххы цъарыл Чи акалы? Дунедарӕг — Йӕ ном! 9Уый къӕйных лӕджы фесафы, ӕмӕ сисӕхгӕд фидарӕн йе сӕфт ӕрцӕуы.

10Тӕрхондоны искӕй чи багӕды кӕны, уый уын свӕййы ӕнӕуынон, рӕстӕвдисӕнмӕ ӕнӕввӕрсонӕй кӕсут.

11Сымах мӕгуырты ӕфхӕрут, гӕртамӕн сӕ исут хор. Афтӕ кӕй кӕнут, уый тыххӕй, уӕхицӕн лӕгъз дуртӕй хӕдзӕрттӕ куы самайат, уӕд дӕр дзы нӕ фӕцӕрдзыстут; диссаджы сӕндӕттӕ скӕндзыстут, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзыстут. 12Ӕз зонын, цас фыдбылызтӕ ӕмӕ цас тӕригъӕдтӕ сарӕзтат, уый. Сымах рӕстгӕнджыты ӕфхӕрут, гӕртӕмттӕ исут, мӕгуыртӕн тӕрхондоны раст тӕрхон нӕ кӕнут. 13Ацы заманы куырыхон йӕ дзыхыл хӕцы, уымӕн ӕмӕ фыд заман у.

14Фыдбылызты бӕсты хорздзинадмӕ тырнут ӕмӕ цӕрдзыстут. Уӕд Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уыдзӕнис уемӕ, уӕхӕдӕг куыд зӕгъут, афтӕ. 15Ӕвзӕрдзинад уын суӕд ӕнӕуынон, рӕстдзинад бауарзут ӕмӕ раст тӕрхон кӕнут тӕрхондоны. Чи зоны, Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йосефы фӕдонтӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн ныббара.

16Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, Уӕларвӕфсады Бардарӕг: алы фӕзы дӕр хъуысдзӕнис хъарӕг, алы уынджы дӕр додой кӕндзысты. Се’ххуырстытӕм ӕмӕ хъарӕггӕнджытӕм зианмӕ фӕдзурдзысты. 17Алы сӕндонӕй дӕр хъуысдзӕн кӕуын, уымӕн ӕмӕ Ӕз уе’хсӕнты ацӕудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.

18Додойаг сты, Дунедарӕджы тӕрхоны бонмӕ чи бӕллы, уыдон! Цӕмӕн уӕ хъӕуы уыцы бон? Уый рухс нӕ, фӕлӕ талынг у. 19Уыцы бон, цыма адӕймаг домбайӕ фӕцӕйлыгъд ӕмӕ ӕвиппайды йӕ размӕ арс фӕци, хӕдзармӕ балыгъд, йӕ къухӕй къулыл андзӕвыд ӕмӕ йыл калм фӕхӕцыд, уый хуызӕн у. 20Дунедарӕджы тӕрхоны бон рухс нӕу, фӕлӕ талынг у, рухсы цъыртт дзы нӕй!

21Уӕ бӕрӕгбӕттӕ Мын ӕлгъаг ӕмӕ ӕнӕуынон сты, уӕ нывӕндты фӕздӕг улӕфын Мӕ нӕ фӕнды. 22Иууылсудзинаг нывӕндтӕ Мын куы’рхӕссут, уӕд уын сӕ нӕ айсын; арфӕйы нывондӕн Мын хӕрзхаст родтӕ куы аргӕвдут, уӕд сӕм кӕсгӕ дӕр не’ркӕнын.

23Ма мын хъусын кӕн дӕ зарджытӕ, дӕ хъисфӕндыры зӕлтӕ. 24Раст тӕрхон цӕугӕдонау кӕлӕд, гуылфӕнтӕ кӕнӕд рӕстдзинад!

25Израилӕгтӕ! Дыууиссӕдз азы ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ размӕ нывӕндтӕ ӕмӕ хуынтимӕ цыдыстут? 26Уӕ паддзах Сиккуты ӕмӕ уӕ стъалы-хуыцау Киуны нывтӕ, уӕхӕдӕг кӕй скодтат, уыдон, уемӕ фӕрахӕсс-бахӕсс кодтат! 27Уыдӕтты тыххӕй уӕ Ӕз Дамаскӕй дарддӕр уацары акӕнын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Copyright information for OssIBT2022