‏ Colossians 1

1Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй, ӕмӕ не’фсымӕр Тимофейӕ — 2Чырыстиимӕ иу чи у, Колоссы уыцы сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕм.

Бузныджы куывд

3Хорзӕх ӕмӕ уын фарн — Хуыцауӕй, нӕ Фыдӕй, ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ. Мах иудадзыг кувӕм сымах тыххӕй ӕмӕ арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн — нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыдӕн, a 4уымӕн ӕмӕ фехъуыстам: сымах ӕууӕндут Йесо Чырыстийыл ӕмӕ уарзут ӕппӕт сыгъдӕджыты. b 5Уӕ уырнындзинад ӕмӕ уарзты бындур — уӕлӕрвты уӕм цы зӕрдӕдарӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Сымах ын йӕ кой фехъуыстат ӕцӕгады ныхасы — Фарны Уацы. 6Уыцы Уац ӕрхӕццӕ ис сымахмӕ, ӕмӕ, ӕппӕт дунейы куыд ӕнтыстджын у ӕмӕ парахат кӕны, афтӕ йын ӕнтысы сымахмӕ дӕр, Хуыцауы хорзӕх ӕцӕгӕйдӕр цавӕр у, ахӕмӕй йӕ куы фехъуыстат ӕмӕ куы базыдтат, уӕдӕй фӕстӕмӕ. c 7Фарны уац сымах базыдтат нӕ уарзон ӕмкусӕг Эпафрасӕй — уый уӕ сӕраппонд ӕнувыдӕй кусы Чырыстийӕн.

8Эпафрас нын радзырдта, Сыгъдӕг Уд уӕм цы уарзондзинад райхъал кодта, уый тыххӕй.

9Уымӕ гӕсгӕ, уый цы бон фехъуыстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ уын мах дӕр иудадзыг кувӕм ӕмӕ лӕгъстӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, цӕмӕй уын Уый Йӕ фӕндон базонын кӕна, уӕлзонд ӕмӕ уын монон ӕмбарынад ратта. d 10Мах кувӕм, цӕмӕй уӕ цардӕй кад кӕнат Бардарӕгӕн ӕмӕ алцы дӕр, Уымӕн ӕхцон куыд уа, афтӕ кӕныныл архайат, уӕ алы хорз хъуыддаг дӕр пайда куыд хӕсса ӕмӕ Хуыцауы фылдӕрӕй-фылдӕр куыд зонат, e 11цӕмӕй Йе стыр хъомысы фӕрцы фидар кӕнат, быхсаг ӕмӕ фӕразон суат. f 12Ӕмӕ цингӕнгӕйӕ арфӕ кӕнут Фыдӕн — Уый уын Йӕ сыгъдӕджыты бынтӕй хай райсын саккаг кодта Йӕ рухс Паддзахады. g 13Уый мах фервӕзын кодта талынджы уацарӕй ӕмӕ нӕ бакодта Йӕ уарзон Фырты Паддзахадмӕ h 14Фырт не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыргонд сты нӕ тӕригъӕдтӕ. i

15Уый райгуырд ӕппӕт сфӕлдисыны размӕ, Уый у, цӕстӕй Кӕй нӕ уынӕм, уыцы Хуыцауы цӕстуынгӕ фӕлгонц. j 16Уымӕн ӕмӕ, арвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, цӕстӕй цы уынӕм ӕмӕ цы нӕ уынӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд: паддзахы бадӕнтӕ ӕмӕ ӕлдарадтӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕ — ӕппӕт дӕр Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн сфӕлдыстӕуыд. k 17Ӕппӕт сфӕлдысты размӕ дӕр Уый ис, ӕмӕ ӕппӕтыл дӕр Уый хӕцы. l 18Уый у Йӕ буары, Аргъуаны, Сӕргълӕууӕг. Уый у Сӕрӕвӕрӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас, цӕмӕй ӕппӕт дӕр уа Йӕ дӕлбар. m 19Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бафӕндыд, цӕмӕй Йе’ппӕт миниуджытӕ уой Чырыстимӕ n 20ӕмӕ Чырыстийы фӕрцы ӕппӕт дӕр бафидауын кӕна Йемӕ. Чырысти дзуарыл цы Туг ныккалдта, уымӕй Хуыцау бафидауын кодта уӕларвонты ӕмӕ зӕххонты. o

21Кӕддӕр сымах дӕр Хуыцауӕн уыдыстут ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ Йе знӕгтӕ, ӕмӕ уый ӕвдыстат уе’взӕр хъуыддӕгтӕй. 22Ныр та уӕ бафидауын кодта Йемӕ, Чырысти адӕймаджы буары кӕй амард, уый фӕрцы, цӕмӕй Хуыцауы раз уат сыгъдӕг, ӕнаипп ӕмӕ ӕнӕфау. p 23Ӕрмӕст уӕ уырнындзинад иудадзыг хъуамӕ лӕууа фидар бындурыл, уа ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ хъуамӕ ма адард уат, цы Фарны Уац фехъуыстат, уый уын цы ныфс дӕтты, уымӕй. Уыцы Фарны Уац фехъусын чындӕуыд дунейы ӕппӕт адӕмӕн, ӕмӕ ӕз, Павел, сдӕн йӕ кусӕг.

Апостол Павелы лӕггад Аргъуанӕн

24Ныртӕккӕ амондджын дӕн, уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, уыцы хъизӕмӕрттӕй. Мӕ буары мидӕг ӕз архайын, Чырыстийы сӕрвӕлтау мӕ цы хъизӕмӕртты кӕхц бануазын хъӕуы, уый баххӕст кӕныныл — Йӕ Буары, Аргъуаны, сӕраппонд. q 25Ӕз сдӕн Йӕ уыцы Аргъуаны кусӕг, цӕмӕй саразон, уӕ пайдайӕн мын Хуыцау цы бафӕдзӕхста, уый — сымахӕн Хуыцауы ныхас фехъусын кӕнон ӕххӕстӕй. r 26Ӕз хъуамӕ адӕммӕ фӕхӕссон, рагзаманӕй ӕппӕт фӕлтӕртӕ кӕй нӕ зыдтой, ныр та Хуыцау сыгъдӕджытӕн кӕй раргом кодта, Йӕ уыцы сусӕгдзинад. s 27Хуыцауы бафӕндыди уыцы сусӕгдзинадӕн йӕ кады хъӕздыгад ӕмӕ йе стырад адӕмтӕн раргом кӕнын. Уыцы сусӕгдзинад ис, Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый мидӕг. Сымах Уый фӕрцы уӕ зӕрдӕ дарут, уӕ фидӕн намысджын кӕй уыдзӕнис, ууыл. t 28Мах хъусын кӕнӕм Чырыстийы тыххӕй; ӕппӕт зонынадӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ, алы адӕймагӕн дӕр зонд амонӕм ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй алы адӕймаг дӕр, Чырыстиимӕ кӕй ис, уый фӕрцы Хуыцауы раз ӕнаиппӕй ӕрлӕууа. u 29Чырыстийы хъомысджын тыхӕй ӕз уый сӕраппонд кусыныл мӕхи хъарын. v
Copyright information for OssIBT2022