‏ Daniel 1

Цыппар дзуттаджы фыццаг фӕлварӕн

1Паддзах Иоаким ӕртыккаг аз паддзахиуӕг кодта иудейаг бӕстӕйы. Уыцы заман ӕрбабырста Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕмӕ Йерусалимы сахарыл ӕрхъула кодта. 2Дунедарӕг Иоакимы вавилойнаг паддзахы уацары бакодта. Навуходоносор Хуыцауы хӕдзары мигӕнӕнтӕн сӕ иу хай Шинары бӕстӕм аласта ӕмӕ сӕ йӕ хуыцауы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта.

3Паддзах Навуходоносор йӕ лӕггадгӕнджыты хистӕр Ашпеназӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилаг уӕздӕтты’хсӕн равзара 4бакастджын, ахуырмӕ зӕрдӕргъӕвд, зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ лӕппуты — фидӕны паддзахы галуаны сӕ бон лӕггад кӕнын кӕмӕн суыдзӕн, ахӕмты. Лӕппуты хъуамӕ халдейагау кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр кодтаиккой. 5Навуходоносор бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ ӕрвылбон, паддзахы фынгыл цы хӕрд ӕмӕ нозт вӕййы, уыдонӕй ӕфсадой. Хъуамӕ сӕ ӕртӕ азы фӕцахуыр кодтаиккой, ӕмӕ уый фӕстӕ паддзахӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой. 6Иудейаг лӕппуты’хсӕн уыдысты Даниил, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариа дӕр. 7Лӕггадгӕнджыты хистӕр сыл ӕндӕр нӕмттӕ сӕвӕрдта: Даниилыл — Белтешацар, Хананиайыл — Шадрах, Мишаелыл — Мешах, Азариайыл — Авед-Него.

8Даниил фидарӕй сфӕнд кодта нӕфӕтчиаг хӕринаг ӕмӕ нозтӕй йӕхи нӕ фӕхъӕстӕ кӕнын ӕмӕ лӕггадгӕнджыты хистӕрӕн загъта, ахӕм бар мын ратт, зӕгъгӕ. 9Хуыцауы фӕрцы лӕггадгӕнджыты хистӕр Даниилмӕ хорз зӕрдӕ дардта, уарзта йӕ, 10фӕлӕ уӕддӕр не сразы ис: «Ӕз тӕрсын мӕ хицауӕй, паддзахӕй. Цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, уый уын йӕхӕдӕг равзӕрста, ӕмӕ паддзах, уе’мгӕрттӕй фӕфыдхуыздӕр стут, уый куы бафиппайа, уӕд мын мӕ сӕр акъуырдзӕн». 11Уӕд Даниил бахатыд, лӕггадгӕнджыты хистӕры амындмӕ гӕсгӕ, Даниил, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариамӕ йӕ цӕст чи дардта, уыцы лӕгмӕ: 12«Дӕ хорзӕхӕй, бафӕлвар дӕ цагъарты. Дӕс боны нын дон ӕмӕ халсартӕ йеддӕмӕ мацы ратт. 13Уый фӕстӕ-иу бакӕс, паддзахы фынгӕй чи хордта, уыцы лӕппутӕм ӕмӕ махмӕ. Дӕ цагъартӕ стӕм мах, цы фенай, уымӕ гӕсгӕ нын-иу стӕрхон кӕн». 14Уый сразы ис ӕмӕ сӕ дӕс боны фӕлвӕрдта. 15Дӕс боны фӕстӕ, паддзахы фынгӕй цы лӕппутӕ хордтой, уыдонӕй хӕрзхуыздӕр ӕмӕ ӕнӕниздӕр разындысты. 16Уӕдӕй фӕстӕмӕ сын-иу цӕстдарӕг сӕ хӕринаг ӕмӕ сӕ нозт фӕстӕмӕ ахаста, лӕвӕрдта сын ӕрмӕстдӕр халсартӕ.

17Хуыцау цыппар лӕппуйы схайджын кодта уӕлзондӕй, цавӕрфӕнды чиныджы алы фыст дӕр ӕмбӕрстой. Даниил та ма хайджын уыдис алыхуызон фынтӕ ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ ӕмбарын кӕныны курдиатӕй дӕр.

18Ӕртӕ азы фӕстӕ лӕггадгӕнджыты хистӕр израилаг лӕппуты иууылдӕр Навуходоносоры размӕ ӕрбакодта. 19Паддзах семӕ фӕныхас кодта, ӕмӕ лӕппутӕй Даниил, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариаимӕ абарӕн дӕр никӕй уыд. Уыйадыл паддзахӕн лӕггад кӕнын райдыдтой. 20Паддзах-иу сӕ цыфӕнды хъуыддагӕй дӕр куы фарста, уӕд-иу ӕгас паддзахады дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕй дӕс хатты зондджындӕр разындысты. 21Даниил паддзахы галуаны лӕггад кодта, цалынмӕ Кир Вавилоны бӕстӕйы паддзах сси, уӕдмӕ.
Copyright information for OssIBT2022