Daniel 10
Зӕды фӕзынд
1Персы паддзах Кир ӕртыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман, Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниилӕн раргом ис уац фидӕны стыр хӕсты тыххӕй. Даниил уыцы ӕргомад бамбӕрста цӕстылуайӕны. 2Ӕз, Даниил, уыцы рӕстӕг ӕртӕ къуырийы ком дардтон: 3хӕрзад хӕринӕгтӕ нӕ хордтон, дзидза ӕмӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, стӕй ӕртӕ къуырийы мӕ сӕр сойӕ дӕр нӕ байсӕрстон. 4Фыццаг мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон, Тигры стыр доны был, 5ӕз хӕрдмӕ скастӕн ӕмӕ федтон: лӕууы чидӕр, йӕ уӕлӕ — гӕн хъуымацӕй дарӕс, йӕ астӕуыл — рон, уфазаг сыгъзӕринӕй, 6йӕ гуыр — налхъуыт-налмасы ӕнгӕс, йӕ цӕсгом та ӕрвӕрттывдау цӕхӕртӕ калдта. Йӕ цӕстытӕ уыдысты арты ӕвзӕгтау, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ — ӕрттиваг ӕрхуыйау. Куы сдзырдта, уӕд йӕ хъӕлӕс уыди дзыллӕйы уынӕрау. 7Ацы диссаг федтон ӕрмӕстдӕр ӕз, Даниил, мӕ алыварс цы адӕм уыди, уыдонӕй йӕ ничи федта, фӕлӕ сыл фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцыд, алырдӕмты фӕлыгъдысты ӕмӕ бамбӕхстысты. 8Ӕз иунӕгӕй аззадтӕн ӕмӕ уыцы диссагӕй мӕ цӕстытӕ нал истон. Мӕ хъару ӕрбайсӕфт, мӕ цӕсгомы хуызы цъыртт нал баззад. 9Йӕ хъӕлӕс ын куы фехъуыстон, уӕд бауадзыг дӕн ӕмӕ зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн. 10Уӕд мӕ кӕйдӕр къух фелвӕста ӕмӕ мӕ ныууыгъта — мӕ зонгуытыл февзӕрдтӕн, мӕ къухтӕй зӕххыл ӕнцой кодтон, афтӕмӕй. 11Зӕд мын загъта: «Даниил, Хуыцау дӕ бирӕ уарзы! Сыст ӕмӕ лӕмбынӕг байхъус мӕ ныхӕстӕм, уымӕн ӕмӕ ӕз ныр дӕумӕ ӕрвыст дӕн». Куы мӕм сдзырдта, уӕд сыстадтӕн, фыр тӕссӕй зыр-зыр кодтон. 12Уый мын загъта: «Ма тӕрс, Даниил! Сусӕгтӕ бамбарынмӕ тырнгӕйӕ, Хуыцауы раз сӕрныллӕгӕй фыццаг хатт куы ӕрлӕууыдтӕ, уӕд дын тӕккӕ уыцы бон дӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ ӕз уымӕн ӕрцыдтӕн. 13Ӕз раздӕр дӕр фӕзындаин, фӕлӕ Персы хъахъхъӕнӕг зӕд иу ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы хӕцыди мӕ ныхмӕ. Персы паддзӕхты ныхмӕ хӕцгӕйӕ, иунӕгӕй куы аззадтӕн, уӕд мӕм ӕххуысмӕ фӕзынди Михаел, уӕлдӕр хъахъхъӕнӕг зӕдтӕй иу. 14Ныр ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын, рӕстӕджы кӕрон дӕ адӕммӕ цы’нхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттӕ базонын кӕнон, уымӕн ӕмӕ цӕстылуайӕн фидӕнимӕ баст у». 15Мемӕ куы ныхас кодта, уӕд ӕз мӕ цӕстытӕ зӕххӕй нал истон ӕмӕ уыдтӕн ӕдзӕм. 16Уӕд чидӕр адӕймаджы хуызы мӕ разы февзӕрди ӕмӕ мын андзӕвыд мӕ былтыл. Мӕ бон дзурын сси, ӕмӕ, мӕ разы чи лӕууыд, уымӕн загътон: «Мӕ хицау, уыцы цӕстылуайӕны фӕстӕ тынг удхар кӕнын, мӕ хъару бынтондӕр басасти. 17Дӕ цагъар йеддӕмӕ куы ницы дӕн, уӕд мӕ бон демӕ дзурын куыд суыдзӕн? Мӕ тых фесӕфти, мӕ бон улӕфын дӕр нал у». 18Мӕ разы нӕлгоймаджы хуызы чи февзӕрд, уый та мыл ногӕй андзӕвыд, ӕмӕ фӕхъӕддыхдӕр дӕн. 19Уый мын загъта: «Ма тӕрс, Хуыцау дӕ бирӕ уарзы. Фӕрнджын у! Дӕхи фӕхъӕддых кӕн!» Цалынмӕ мемӕ дзырдта, уӕдмӕ мӕхимӕ ӕрцыдтӕн ӕмӕ загътон: «Дзур, мӕ хицау, раздӕхтай мын мӕ хъару». 20– 21Уӕд мын уый загъта: «Цӕмӕн дӕм ӕрцыдтӕн, уый зоныс? Ӕз хъуамӕ аздӕхон ӕмӕ дарддӕр тох кӕнон Персы хъахъхъӕнӕг зӕды ныхмӕ. Уый фӕстӕ та фӕзындзӕн Бердзены хъахъхъӕнӕг зӕд. Фӕлӕ уал дын ӕз, Ӕцӕгады чиныджы цы фыст ис, уыдӕттӕ бамбарын кӕндзынӕн. Уӕ сӕрхъуызой Михаелы йеддӕмӕ сӕ ныхмӕ мӕ фарс чи схӕца, уый нӕй.
Copyright information for
OssIBT2022